Зæхкусæджы фæззыгон сагъæс

0
58

Республикæйы хæдзарæдты æфснайынц тыллæг, фидæн азы хорæрзадæн æвæрынц бындур. Зæхкусджытæ фаронæй фылдæр нысан кæнынц тыллæг райсын. Хъæууон хæдзарады министрады бæрæггæнæнмæ гæсгæ, кæронбæттæны йæ бæрц хъуамæ фаронæй 25 проценты фылдæр рауайа.

Уымæн фæахъаз боны ахаст. А уалдзæг дæргъвæтин ахаста, уыд уазал, хуры тынтæ саумæры фæстагмæ бандæвтой. Сæрд – къæвдаджын, тæвд бонтæ дзы бирæ нæ уыд. Ахæм уавæрты сысджы, хъæбæрхор æмæ мæнæу хорз тыллæг раттынц. Иннæмæй та, ахæм рæстæг нартхор, æхсынæн, пъамидор æмæ сæнæфсирæн зианхæссæг у, хъарм сын нæ фæфаг кæны.

Хъæууонхæдзарадон азы фæудмæ нырма ис рæстæг, раджы йын у хатдзæгтæ кæнын. Ныридæгæн республикæйы зæхкусджытæ архайынц, цы хор æрзайын кодтой, уый ауæй кæнын. Иуæй, æлхæнæг кадавар у, иннæмæй – йæ аргъ хæрз чысыл у. Хъæбæрхоры тыллæджы килæйы æппынкъаддæр аргъ11 сомæй дæлæмæ хъуамæ ма уаид, фæлæ йын 9 сомы дæр ничи дæтты. Уый сагъæсы ‘фтауы Мæздæджы районы зæхкусджыты фермерон хæдзарад «Закароев»-ы разамонæг Шамиль Закароевы. Сæрд къæвдаджын кæй ахаста, уый аххосæй хæдзарадæн йæ тыллæджы ‘мбис фесæфт, быдыры баззад. Хæдзарад æхсыркуыстгæнæгыл нымад у, фæлæ сæ июлы дуцгæ хъуццыты нымæц дзæвгар фæкъаддæр кæнын æмæ стурвосы куыстмæ рахизын бахъуыд. Сæ зæрды ис родтæ сыхаг регионæй æрбаласын, фæлæ нæ республикæйы фосы карантин нæма систой æмæ сын уый сæ фæндтæ сæххæст кæнын нæ уадзы. Фосæн хос афоныл бацæттæ кодтой, зымæгиуат æдыхстæй арвитынæн бафснайдтой 900 тыхтоны.

Мæздæджы районы хъæууон хæдзарады управленийы сæргълæууæг Æлхъацаты Зауыр нæ уацхæссæгæн куыд загъта, афтæмæй, æмткæй райсгæйæ, районы хæдзарæдты уавæр æмхуызон нæу. Хор ауæй кæнын кæй нæу сæ бон, æхца сæм кæй нæй, уый къуылымпы кæны артаг, сæрдæн æрмæг æмæ ивæн хæйттæ æлхæныны хъуыддаг.

Фæззыгæндтæ тауын райдыдтой «Нива»-йы, йæ сæргълæууæг Хасан Ашракаев нæ уацхæссæгæн куыд радзырдта, афтæмæй сæ зæххыты 3 мин гектары фæзуатыл байтаудзысты фæззыгæнд мæнæу æмæ рапс. Хæрзмыггаг мæнæуы хуызтæ «Школа» æмæ «Победа» бæркадджын тыллæг раттынц, сты мæнæуы ног мыггæгты хуызтæ. Хæдзарад сæ рагагъоммæ самал кодта æмæ сæ ныр механизатортæ мæрмæ хæссынц. Зæхкусджытæ сæ зæрдæ дарынц, фæззæджы хорз тыллæг кæй райсдзысты, ууыл. Фосæн дзыхъхъыты æвæрынц силос, снысан кодтой 7 мин тоннæйы бафснайын, фæлæ 5 минæй уæлæмæ нæ бафтдзæн сæ къухы, боныхъæды уавæртæ куыст кæй бакъуылымпы кодтой, уый аххосæй. Уыцы иу рæстæг зилынц зæххытæм, культиваци сæ кæнынц. Хæдзарад егъау у, 100 адæймагæй уæлæмæ дзы кусы. Тыллæг афоныл ауæй кæнын кæй нæу сæ бон, уый аххосæй хорæфснайæнты чи куыста, уыцы комбайнертæ æмæ шофыртæн абоны онг æхца бафидын сæ къухы не ‘фты.

Стыр хæс æвæрд ис ацы бонты «Нива»-йы фосдарджытыл, хъуццытæ зайын райдыдтой æмæ родты нымæцыл æфты. Цы æхсыр дуцынц, уый æрвитынц Пятигорскы Уазалгæнæн комбинатмæ. Раппæлинаг у, хæдзарады зæхкусджытæ æмæ фосдарджытæн йæ разамынд афоныл аккаг мызд кæй фиды, уый. Раздольныйы хъæуы цæрджытæн уый стыр ахъаз у сæ æрвылбоны хъуыддæгтæ æххæст кæныны фæрæз, бынæттон хъæууонхæдзарадон куыстуатæй цы æфтиаг исынц, уымæй сæ бинонты æрвылбоны сагъæстæ æххæст кæнынц.

Æрвылаз октябры дыккаг хуыцаубоны Хъæууон хæдзарад æмæ хомаджы куыстгæнæг организацитæ фæбæрæг кæныц сæ профессионалон бæрæгбон. Ацы хатт æрхауд 11 октябрмæ. Зын уавæрты дæр сæ ныфс нæ сæтты, быдыртæ æмæ фермæты чи фæллой кæны, адæмæн хæрзхъæд хойраджы продукттæ уадзыныл чи тухæн кæны, уыцы кусджытæ. Бæркадхæссæг сты, æмæ сæ хидвæллойæ рухс уæд сæ цард!

ХУЫБИАТЫ Ларисæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here