Æххуысагур – Сæргълæууæгмæ

0
24

Уæрæсейы Президенты исæн уаты РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд Ирыстоны цæрджытимæ. Къухы бафтыд 10 адæймаджы курдиаты сæххæст кæнын.

Хъуыддаджы архайдтой РЦИ-Аланийы сæйраг федералон инспектор Сергей Гончаров, Хицауады Сæрдары хæдивджытæ, бынæттон  хиуынаффæйады разамонджытæ. Дзæуджыхъæуы Земнуховы уынджы цæрджытæ æрхатыдысты Сæргълæууæгмæ, цæмæй уынджы доны хæтæлтæм базилой. Уыцы ран Сергей Меняйло Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрадæн бахæс кодта Земнуховы уынджы доны хызы 500 метры ног хæтæлтæй баивын ацы азы кæронмæ.

Уынджы уæлцъар, йæ асфальты таг та йын Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администраци хъуамæ сараза. Уæдæ цалцæджы рæстæг афтæ бахъæудзæн кусын, цæмæй цæрджытæ æппæт хабæрттæ зоной. Калойы-фырты уынгæй Таутийы-фырты уынджы онг баивын хъæуы инженерон хызтæ, фæндаг дæр домы цалцæг, хуыздæр фадæттæ. Дзæуджыхъæуы разамынды минæвар Дзоблаты Зурабы ныхасмæ гæсгæ, ацы объект ныртæккæ бахастæуыд 2027 азы муниципалон программæмæ. Фæлæ уæддæр РЦИ-Аланийы разамонæг бадомдта цæрджытæн уал сæ уавæртæ фæхуыздæр кæнын.

Алагиры горæты цæрæджы фæндыдис базонын, Энергетикты кварталы æхсæнадон фæзуатмæ базилыны нысантæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый. Ома, хъуыддæгтæ райдыдтой 2026 азы, сæ иу хай сæхи равдыстой, фæлæ дарддæр цы уыдзæн. Арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Бетанты Марат куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй архайынц проектон хæрдзты документтыл, 2027 азы æппæт нысантæ царды рауадздзысты.

Алагирæй ссæуæг сылгоймаг ма æргом аздæхта, Энергетикты кварталы хæдзæртты цур машинæты æрлæууæн бынæттæ кæй нæ фаг кæнынц æмæ змæлгæ транспорты зилдухæн къуылымпытæ кæй сæвзæрынц, уымæ. Беслæны цæрджыты номæй Рахизфарсы районы цæрæг æрхатыд Сергей Меняйломæ, цæмæй Плийы-фырты уынджы сквермæ базилой, фæзынд дзы цавæрдæр лыггæнинаг фарстатæ. Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады размæ сæвæрдтой скверы фæрныгадыл бакусыны тыххæй Архитектурæйы факультеты студентты авналæнтæй спайда кæныны хæс.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг фæсидт бынæттон разамындмæ, цæмæй адæмы ‘хсæн кæной æмбарынгæнæн куыст, дзурой сын, цавæр нысантыл кусынц, кæцы программæты сты, уыдæттæ. «Алы объекты цур дæр хъуамæ æвæрд æрцæуа стыр фæйнæг æппæт хабæрттимæ. Цы дзы арæзт цæуы, кæд райдыдтой, кæд фæуыдзæн, æмгъуыдтæ, бæрнондзинад кæмæ хауы, уыцы цаутимæ», – загъта Сергей Меняйло.

Граждæнты риссагдæр фарстатæ алыг кæныны нысанимæ фембæлды райстой ахсджиаг уынаффæ. Ног Бæтæхъойыхъæуы цæрджытæн сæ цæрæн хæдзар басыгъд, цæрынц дзы фарастæй, уыдонæй фондз сты сывæллæттæ. Бæстыхайы уæттæн сæ мидæггаг куыстытæ хъæуы бакæнын, хъарм бадæттын, хæдзары хъæугæ техникæ, дзаума балхæнын.

Сергей Меняйло уыцы хæс сæвæрдта Отарты Георгийыл, кусджыты бригад саразын, бархионтæм фæсидын, Доны хæдзарад та донæфсисады нысантæ хъуамæ сæххæст кæна. Ныртæккæ та РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг бинонтæн æхцайы æххуыс бакæнынæн уынаффæ бафыста.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here