Кады нысан – журналистæн

0
27

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн уыдис фембæлд Паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-йы директор,  нæ республикæйы Журналистты цæдисы  Сæрдар Хъуысаты Тимур æмæ «Соловьев LIVE»-йы сæрмагонд уацхæссæг Мамсыраты Георгиимæ, йæ фæсномыг «Ксанти».

Сергей Меняйло Мамсыраты Георгийæн ратта, Уæрæсейы Журналистты цæдисы, «Хъæбатырдзинады тыххæй», зæгъгæ, кадджын нысан. Хæрзиуæг æфсæддонæн лæвæрд æрцыд, цардæн тæссаг уавæрты йæ журналисты хæс намысджынæй кæй æххæст кæны, уый тыххæй. Уымæй уæлдай, Мамсыры-фырт Уæрæсейы Журналистты цæдисмæ дæр райстой. Профессионалты иугонды сæрмагонд æвдисæндар хъæбатыр журналистæн ратта нæ республикæйы Сæргълæууæг йæхæдæг.

– Тынг æхсызгон мын у дæ уынд. Георги иу æмæ дыууæ хатты нæ уыдис сæрмагонд æфсæддон операцийы раззагдæр тæлмы. Йæ фæрцы базыдтам, нæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнгæйæ нæ хъæбатыр бархион къордтæ æмæ æфсæддонтæ цы сгуыхтдзинæдтæ равдыс-той, уыцы хабæртты тыххæй. Зонын, уый хуымæтæг æмæ æдас куыст кæй нæу, уый, – загъта Сергей Меняйло.

– Цæгат Ирыстоны журналисттæ абон  сæхи уæгъдибарæй æнкъарынц, ис сын фадæттæ се сфæлдыстадон рæзтæн, сæ фæндтæ  æххæст кæнынæн. Нæ республикæйы сын арæзт æрцыд æппæт уавæртæ дæр сæ профессионалон архайдæн æмæ уыцы хъуыддаджы, Сергей Иваны фырт, сымах егъау æвæрæн дæр ис. Бузныг уыцы æххуысы тыххæй, – загъта Хъуысаты Тимур.

Фембæлды рæстæг ма ныхас цыдис регионалон дзыллон хабархæссæг фæрæзты рæзтыл, иумæйаг медиапроекттæ æххæст кæныныл æмæ æрыгон журналисттæн сæ профессионалон рæзтæн уавæртæ аразыны фарстатыл дæр.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here