Гыццыл лæппу куы уыдтæн, уæд æхсæвыгон талынджы тынг тарстæн. Нæ сыхæгты чындздзон чызджытæ-иу ахæм тæрсыны цаутæ, аргъæуттæ æмæ æмбисæндтæ изæрæй дзырдтой, æмæ фыртæссæй æхсæв фынæй нал кодтон. Талынг ран цæуынмæ дæр æмæ бакæсынмæ дæр нæ уæндыдтæн. Куыд хъомыл кодтон, афтæ фæныфсджындæр дæн. Талынгæй нал тарстæн. Фæлæ, æппындæр чи ницæмæй тæрсы, уый кæнæ æдылы у, кæнæ та йæхи сайы. Æз, цас ныфсджындæр дæн ныртæккæ, тас, азар мæ сæ быны нал бакæндзысты, уый базоныны тыххæй æхсæвыгон Цъæйæ Мызурмæ фистæгæй рацыдтæн.
Уыди майрæмы мæйы (август) кæрон, мæйдар æхсæв. Турбазæйæ æруадтæн, хиды сæрты куы ахызтæн æмæ дынджыр дурмæ куы бахæццæ дæн, уæд ахъуыды кодтон, цымæ æдылы ми кæнын, фæлæ фæстæмæ аздæхын мæ сæрмæ не ‘рхастон æмæ, зæгъын, мæ ныфс дæр бавзарон, куы аздæхон, уæд та дæн æнæныфс, тæрсаг æмæ тæппуд. Афтæмæй рацыдтæн. Асфальт фæндаг хорз зыны, фæлæ бæлæстæ фæндаджы фарс сау дарынц, сау къулты хуызæн. Мæ дзыппы – нæ кард, нæ – спичкæ. Дынджыр дур, Къостайы ныв кæм и, уырдæм куы ‘рхæццæ дæн, уæд уым – бирæ дуртæ, мæхицæн цалдæр дæргъæццон дуры равзæрстон, ныццæвæн дæр дзы куыд уа æмæ фехсынмæ дæр куыд бæззой, уыдон уыдысты мæ хæцæнгарз.
Фæндагыл цаугæйæ мæм æдзухдæр афтæ касти, цымæ мæнæй уæлдæрты исты сырд цæуы, æмæ фæндагæн йæ былгæрæтты мæ цыд кодтон. Сабыргай æрхæццæ дæн Черыхъойы суадонмæ, мæ дуртæ æрæвæрдтон, дон, зæгъын, ануазон. Æнкъарæн оргæнтæ сцырын, стыхджын сты, æмæ цыма мæ фæстæ цыдæр змæлын цæуы, афтæ мæм фæкасти. Дуртæ фелвæстон, кæсын, æмæ дæлвæндагæй хæрæ куыдз фæзынди, мæнæй иу дæс-фынддæс сæнчехы бæрц дарддæр. Æз дæр, цы дуртæ мæм уыди, уыдонæй йыл ралæууыдтæн. Цалдæр цæфы дæр ыл суади. Куыдз рæйгæ дæр не скодта, æмæ та дæлвæндагмæ ныллыгъди. Афтæ мæм фæкасти, цыма йæ къæдзил йæ къæхты ‘хсæн дардта. Хъуыдытæ кæнын, хæстæг хъæу нæй, фыййæуттæй баззадаид, æмæ фос дæр нæ тардтой. Æвæццæгæн, уый бирæгъ уыдаид. Бирæ дуртæ рамбырд кодтон, мæ разæй-иу асфальты сæрты дур нынтъыхтон, æмæ-иу уый цæхæркалгæ атахти. Афтæмæй, дуртæ æппаргæ æмæ æхситт кæнгæйæ, Буронмæ æрхæццæ дæн. Ам дæр мæ цалдæр куыдзы расырдта, фæлæ уыдоны дуртæй асырдтон, æмæ дарддæр мæ фæндагыл цæуын.
Лабæгомдонæй гыццыл куы ауайай, уæд дзы, раздæр æвзæр фæзилæн уыдис, фæзилæныл – дурæй сисамад, иу метры бæрзæнд. Уырдæм 50-60 метры бæрц нæма бахæццæ дæн, афтæ фæндагмæ æргуыбыр кодтон æмæ уыцы сисамадмæ бынты акасттæн. Алырдыгæй – къæдзæхтæ, æмæ ницы зыны, фæлæ уым къæдзæхты ‘хсæн арв зынди, стъалытæ тынг ирд уыдысты, æмæ мæм уыцы ран цыдæр разынди. Мæ сæры хъуынтæ базмæлыдысты æмæ арц сбадтысты. Сисыл цыдæр сыкъаджын æмæ хъуынджын къахджын лæууы. Йæ цæстытæ æрттивынц. Дзыхълæуд факодтон, мæхи фæндаджы былмæ байстон, йæхи мыл куы ныццæва, уæд мæхи куыд фæсайон, афтæ. Ахъуыды кодтон, фæстæмæ, зæгъын, аздæхон Буронмæ æмæ хурыскастмæ бæнхъæлмæ кæсон. Хъуыдытæ кæнын, адæм фæстæмæзæвæтджынæй, хæйрæгæн йæ койæ дæр дзæгъæлы нæ тæрсынц. Уæртæ йæ мæхи цæстæй куы уынын. Йæ къæхтæ – хъуынджын, сæрыл – сыкъата, цæстытæ æрттивынц. Мæ сæр асæрфын, фæлæ хъуынтæ арц сбадтысты, къæхты-къухты хъуынтæ дæр раст цыма дыз-дыз кæнынц, афтæ мæм фæкасти, тынг фæтарстæн. Фæлæ куы аздæхон, уæд мæ цард-цæрæнбонты мæхиуыл худдзынæн. Ныфс мæ уыди уымæй дæр, æмæ æдзух дæр фæлтæрын кодтон, æмæ зæгъын дзы мæхи фæсайдзынæн, йæхи мыл кæд ныццæва, уæд, æмæ йæ мæхæдæг былæй аппардзынæн, ахæм ныфсытæ мæхицæн æвæрдтон. Акæсын æмæ та мæ сæры хъуынта асæрфын. Фæлæ размæ цæуын, уыдисны бæрц акъахдзæф кæнын æмæ ‘рлæууын, бынты акæсын уыцы сисмæ æмæ та акъахдзæф кæнын. Мæ зæрдыл æрлæууыд, кæмдæр дзырдтой, хæйрæг æвзæр тæф дæр кæй кæны, æмæ мæм йæ тæф дæр æрбахæццæ (запахло серой). Афтæ, уыцы цалдæр метры фæцыдтæн сахаты ‘рдæджы бæрц æмæ та бынты акæсын æмæ акъахдзæф кæнын. Уæд мæ зæрдыл æрлæууыди, иу чиныджы фыстой («Поднятая целина»), лæг хосы бамбæхст æмæ сæгъæй фæтарст, хæйрæг æй фæхуыдта, фæлæ йæ тæфæй базыдта, сæгъ кæй у. Ахъуыды кодтон, кæд, зæгъын, мæнæн дæр сисыл сæгъ лæууы. Цалдæр санчъехмæ сисмæ баввахс дæн, æмæ дын дзы дынджыр сыкъаджын цæукъа лæууы. Йæ уынд мын афтæ æхсызгон уыди, æмæ йæ цæвгæ дæр нæ ныккодтон. Уыцы цингæнгæйæ разылдтæн æмæ, цалдæр санчъехы куы акодтон, уæд, къæдзæхрæбын цы хъуг хуыссыди, ууыл дæлгоммæ бахаудтæн. Мæ иу къух – цармыл, иннæ къух сыкъайыл суади, æмæ хъуг фыртæссæй ныббогъ кодта, мæнæн та мæ сæры хъуынтæ арц слæууыдысты. Фæлæ мæхинымæр та сулæфыдтæн, дзæбæхæй та аирвæзтæн, æмæ мæ цыд дарддæр кодтон. Нузалмæ куы ‘рхæццæ дæн, уæд бон цъæхтæ кæнын райдыдта, æмæ нал тарстæн. Хæдзармæ куы бахæццæ дæн, уæд кæсæнмæ бакастæн, кæд, зæгъын, фыртæссæй мæ сæры хъуынтæ сурс сты, фæлæ сæ хуыз нæ аивтой.
Уымæй фæстæмæ мæхицæн ахæм фæлварæнтæ никуыуал бакодтон. Мæ кæстæртæн фæдзæхсын. Дæ цардæн тас, кæнæ дæ къабæзтæн сæ цардæн тас куы нæ уа, уæд ахæм фæлварæнтæ, æхсæв хæхбæсты макуы бакæн, тас у тугдзых сырдтæй, æмæ лæг фыртæссæй дæр сæрра уыдзæн.
ЦÆГÆРАТЫ Феликс, æхсæнадон уацхæссæг














