Культурон бынтæ

0
19

Дзæуджыхъæуы центры цалцæггонд æрцыд, культурон бынтæм чи хауы, ахæм 15 объекты. Ноджы ма куыстытæ æххæст кæнынц 12 объектыл дæр. Уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны Хицауады пресс-службæ. Бæстыхæйттæн сæ историон бакаст бахъахъхъæныны куыстытæ цæуынц хицæн фæрæзты хыгъдæй. Уымæй уæлдай ма республикæйы дарддæр дæр бавнæлдтой, культурон бынтæм чи хауы, уыцы объекттыл информацион фыстытæ бакæнынмæ.

Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисы ныхасмæ гæсгæ, ацы объекттæ канд бахъахъхъæнын нæ хъæуы, фæлæ ма сæ дарддæр пайда кæнæн куыд уа, ахæм уавæртæ саразын, цæмæй республикæйы культурон царды удæгас хайæ баззайой, уый тыххæй æмæ сæм нæ цæрджытæ æмæ регионы уазджыты бон бацæуын уа.

– Уый тыххæй зæрдиагдæрæй хъæуы республикæмæ алыхуызон инвестицитæ æрбаздахын, туристон маршруттæ фæуæрæхдæр кæнын æмæ афойнадыл объектты барадон документтæ саразын, – бахахх кодта Дзанайты Барис.

Хицауады Сæрдар профилон ведомствæйæн бахæс кодта объектты номхыгъд сбæрæг кæнын, цæмæй сæ дарддæр пайдагонд цæуа. Уымæй уæлдай ма бацархайын хъæуы культурон бынтæ бахъахъхъæныны куыстытæ сæххæст кæнынæн æмгуыстады кампани саразыныл.

Хъойбайты Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here