Ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы райгуырæн боны фæдыл нæ республикæйы уæлæмхасæн ахуыргæнæндæтты арæзт æрцыд Иугонд урок. Афтæ, Цæгат Ирыстоны райдыдта нæ зындгонд Къостайы райгуырыды 167 азы сбæрæг кæныны фæдыл бæрæгбоны къуыри.
Урокы сæйраг нысан – Ирыстоны культурæйы бынтæм рæзтæ фæлтæры æргом здахын, патриотизмы æнкъарæнтæ сæ зæрдæты гуырын кæнын æмæ сæ уыцы хуызы хъомыл кæнын. Ахуыргæнджытæ радзырдтой сывæллæттæн Къостайы алывæрсыг курдиаты тыххæй, загътой сын, Къоста канд зындгонд поэт кæй нæ уыд, фæлæ ма курдиатджын нывгæнæг, рухстауæг, йæ адæмæн æнæкæрон бирæ хæрзты чи бацыд æмæ æмбал кæмæн нæй, ахæм адæймаг.
Кусджытæ цæттæ кæнын æмæ райрæзты институт ирон кафедрæйы специалисттæ педагогтæн бацæттæ кодтой ахуыртæ аразынæн бæстон методикон бындур. Уый фæрцы уроктæ уыдысты мидисджын æмæ бæстон.
Урокты программæ рауад цымыдисаг. Сывæллæттæ аивæй кастысты æмдзæвгæтæ, æхсызгонæй ныхас кодтой авторы философон уацмыстыл, архайдтой тематикон викторинæтæ æмæ сфæлдыстадон конкурсты.
Историон бынтæ бахъахъхъæнын, мадæлон æвзаг парахат кæнын æмæ удварны сыгъдæг миниуджытыл кæстæрты хъомыл кæнынæн ахуырады ахæм хъæппæристæ сты тынг ахсджиаг.
РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы министрады пресс-службæ














