Сæйрагдæр – адæмы хорзæх

0
10

Бирæ зæгъинæгтæ кæмæ ис, æмæ сын сæ радзурынмæ дæр аивæй, рæсугъдæй чи арæхсы, уый хуыйны курдиатджын адæймаг, фыссæг. Курдиатджын уæвгæйæ ма амондджын у уыцы фыссæг, адæмы хорзæх кæй ис, йæ уацмыстæ ма интернеты дуджы дæр кæмæн кæсынц æмæ уарзынц, уый.

Уыдонæй иу у нæ кадджын хистæр, адæмон фыссæг Хуыгаты Сергей дæр. Сергей ма амондджын уымæй у, æмæ ирон литературæйы классиктæй бирæты кæй зыдта, семæ хæларæй кæй царди, кæй куыста. Фыссæг йе ‘мдугон фысджытæй бирæты цард æмæ æрвылбоны архайд йæ чиныг «Цардысты æмæ уыдысты»-йы афтæ аивæй рахаста чиныгкæсæджы размæ æмæ сæ адæймаг йæхи ратонын нæ фæразы. Ацы чиныгимæ уыцы иу рæстæг уырыссаг æвзагыл рацыд йæ иннæ чиныг «Айсет» дæр Хуыгаты Ирланы тæлмацæй. Уый у автобиографийы хуызы фыст, сты дзы, Сергей ахуыры фæстæ Дагестаны скъолатæй иуы ахуыргæнæгæй куы акуыста, уыцы азты цаутæ. Ацы чингуытæй Хуыгайы-фырт радон хатт ирон литературæмæ бахаста стыр æвæрæн.

Æрæджы Дзæуджыхъæуы сæйраг библиотекæмæ ацы диссаджы уацмыстимæ базонгæ уæвынмæ æрбамбырд сты нæ интеллигенцийы минæвæрттæ, фысджытæ, æхсæнад æмæ аивады архайджытæ, йе сфæлдыстадæн табугæнджытæ – Хуыгаты мыггаг…

Фембæлд байгом кодта æмæ уæлдæр амынд чингуыты арф мидис æмæ ахадындзинады тыххæй бæлвырд радзырдта библиотекæйы хайады сæргълæууæг, изæрамонæг Дзугаты-Мурасты Риммæ: «Фыссæг йæ чиныг «Цардысты æмæ уыдысты»-йы йæ размæ нæ сæвæрдта, кæй кой кæны, уыцы фысджыты сфæлдыстадыл æрдзурыны хæс, фæлæ радзырдта, се ‘рвылбоны царды сæ куыдæй зыдта, уый, æмæ, уымæй чиныгкæсæджы æргом тынгдæр здахынц сæхимæ. Бирæ ног цымыдисаг хабæрттæ базыдтам Цæрукъаты Алыксандры, Дзесты Куыдзæджы, Дзаттиаты Тотырбеджы, Плиты Грисы, Нафийы, Дзаболаты Хазбийы, Бицъоты Грисы, Малиты Васойы, Ходы Камалы цардæй. Адæймаг сыл кæм маст фæкæны, кæм — худгæ. Уæдæ «Айсет»-ы Сергейы руаджы базыдтам авайраг адæмы цард æмæ культурæ, сæ удыхъæд. Мæ зæрдæ зæгъы Сергейæн æнæниздзинад æмæ сфæлдыстадон æнтыстытæ».

Фембæлды архайджытæ тынг цымыдисæй бакастысты къулыл æвæрд экраныл фыссæджы романтæ «Айсет» æмæ «Къостайы авдæн»-ы мотивтæм гæсгæ арæзт видеоæрмæджытæм. Бацæттæ сæ кодта библиотекæйы кусæг Сохъуырты Индирæ.

«Бирæ азтæ Сергеимæ иумæ фæкуыстам рауагъдады, æмæ дзы хорз ныхас йеддæмæ ницы фехъуыстон. Никуы никæй фыдгой ракодта. Фыды фарн, дам, мæрдтæм нæ цæуы. Йæ фыды фарн дарддæр хæццæ кæны йæ фырт, курдиатджын фыссæг æмæ ахуыргонд Ирлан. Уый канд «Айсет» нæ ратæлмац кодта уырыссаг æвзагмæ, фæлæ ма йæ уацмыстæй ноджыдæр цалдæр, стæй та бацархайдта æмæ сæ уырыссагæй англисаг æвзагмæ ратæлмац кæнын кодта. Уый стыр æнтыст у», — йæ раныхасы загъта номдзыд фыссæг Дзасохты Музафер.

Ахуыргонд Цыбырты Людвиг бæлвырддæр æрлæууыд Сергейы роман «Нарты Фарнæг»-ыл. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй Нафийы роман «Сырдоны цæссыгтæ»-йы фæстæ ахæм уацмыс ныффыссын æндæр никæйуал къухы бафтыд. «Йæ мысинæгты цы фысджыты кой кæны, уыдоны æз дæр хорз зыдтон, фæлæ сын Сергейы руаджы сæ цардæй бирæ ног хабæрттæ базыдтон», — бафиппайдта Цыбыры-фырт.

Уæлдæр ма йæ загътам, Хуыгайы-фырт дагестанайнаг хъæу Ансалтайы скъолайы цасдæр рæстæг акуыста ахуыргæнæгæй æмæ йæ уыцы мысинæгтыл ныффыста чиныг «Айсет». Уый стыр кадыл банымадтой дагестайнаг адæм, æмæ сæрмагондæй чиныджы презентацимæ уырдыгæй æрцыдис поэт, литературон критик, публицист Миясат Муслимова. Уый арфæ ракодта Хуыгайы-фыртæн, йæ адæмы цард æмæ архайд ын ирон чиныгкæсæджы размæ кæй рахаста, уый тыххæй. «Æз бирæ уарзын Ирыстон, журнал «Мах дуг»-имæ архайæм дыууæ республикæйы ‘хсæн литературон бастдзинæдтæ сфидар кæныныл, уыцы хъуыддагмæ ма стыр æвæрæн бахаста литературæйы классик дæр, йæ романы сæнусон кодта авайраг чызджы сурæт, æмæ йын нæ адæмы номæй мæ сæрæй ныллæг кувын. Дыууæ адæмы ‘хсæн цы хæлардзинады нæмгуытæ байтыдтай, уыдон рæсугъд æвзартæ суадзæнт», — загъта Миясат æмæ Хуыгайы-фырты схорзæхджын кодта Салих Гуртуевы номыл Цæгат Кавказы фысджыты клубы майданæй.

«Фыццаджыдæр, стыр бузныг Риммæйæн, радон хатт та нын стыр литературон бæрæгбон кæй балæвар кодта, уый тыххæй. Дыууæ азы размæ Хуыгаты Сергейы роман «Арвы нæмыг» куы рацыд, уæд загътон, бафæллад æмæ ницыуал ныффысдзæн, фæлæ та нын нæ зæрдæ барухс кодта ноджы хуыздæр уацмыстæй. Йæ мысинæгты чиныг цалынмæ хицæнæй рацыди, уæдмæ йæ мах нæ журналы хицæн сæргæндтæй фæмыхуыр кодтам, уый фæдыл райстам бирæ арфæйы ныхæстæ. Хъыгаг у, Хуыгайы-фырт цыдæр аххосæгтæм гæсгæ, нырмæ Къостайы номыл преми кæй нæ райста, уый. Фæлæ хорзæхджын у стырдæр хæрзиуæг — адæмы уарзтæй. Æмæ уый сæйраг у», – фæнысан кодта журнал «Мах дуг»-ы сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæ.

Хуссар Ирыстоны республикон журнал «Фидиуæг»-ы сæйраг редактор Годжыцаты Нелли йæ раныхасы куыд бафиппайдта, афтæмæй Сергей йæ мысинæгты цы фысджыты кой ракодта, уыдоны се ‘ппæт дæр Сыгъдæджыты номхыгъдмæ бахæссын хъæуы, репресситы рæстæджы стыр зындзинæдтæ кæй бавзæрстой, уый тыххæй.

Авторы тыххæй ма сæ хъуыдытæ загътой фысджытæ Агънаты Гæстæн, Гусалты Барис, ахуыргонд Къусраты Анатоли, æхсæнадон архайæг Лалыты Левæ, «Аланты Ныхас»-ы номæй Бургалаты Заремæ, Хуыгайы-фырт кæм фæкуыста, рауагъдады уыцы коллективы номæй – Зассеты Болат.

Кæронбæттæны Хуыгаты мыггаджы номæй радзырдта сæ советы сæрдар Хуыгаты Спартак. Уый арфæ ракодта, изæрмæ чи æрбацыд æмæ сын сæ цин чи срæсугъд кодта, уыцы адæмæн, библиотекæйы кусджытæн, сæ кадджын æфсымæры кадыл сын кад кæй æфтауынц, уый тыххæй. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй сæрбæрзонд сты сæ номдзыд æфсымæрæй. «Стыр бынтæ, фæллой чи скæны, уыдон дæр рохуаты баззайынц, фæлæ Сергейы хуызæн фысджытæн нæй рохгæнæн, сæ ном цæрдзæн сæ уацмысты».

Уыйфæстæ йын мыггаджы номæй балæвар кодтой ирон хæдон.

Фыссæг стыр разыйæ баззад ахæм диссаджы фембæлдæй. Зæрдæбын арфæ ракодта изæры архайджытæн, Мурасты Риммæ æмæ иннæ кусджытæн сæ зæрдиаг архайды тыххæй. Куыд загъта, афтæмæй ацы изæр тынгдæр бæллыд адæмы, йæ хæлæртты фенынмæ æмæ уый йæ къухы бафтыд.

Кадджын хъуыддаг ма сæ аивадæй срæсугъд кодтой Цæгат Ирыстоны сгуыхт артисткæ Зæнджиаты Ритæ, телеканалы амонджытæ Гаглойты Светланæ æмæ поэт Годжыцаты Георги, зарæггæнæг Музайты Аланæ…

ДЖУСОЙТЫ Нинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here