Куыстхъомдзинады æнтыст

0
22

Кокойты Теймуразыл 2 ноябры сæххæст уыдзæн 80 азы, уæ размæ уын хæссын йæ бирæвæрсыг архайдыл дзурæг æрмæг.

Зæххы къорийыл цæрæг адæмыхæттытæ бæрæг дарынц сæ мадæлон æвзагæй. Кæцыфæнды адæмтæн дæр сæ размæцыд баст у мадæлон æвзаджы структурон принцип, зонад æмæ ахуырады астæумагъзыл æнцойгæнгæ. Ацы хъуыддаджы фæндвидарæй уидагджын бæлас ныссадзын кæмæн бантысы, уый йæ царды кæронмæ уыцы бындзæфхад донхъуагæй никуы ныууадздзæн.

Ирон æвзаджы рæзты фæндæгтыл егъау æргъæмттæ чи фæбаста, зонады къæбицмæ хъæздыг фæллæйттимæ чи фæуазæг, ахæмты тыххæй Ирыстон æндæр адæмтæм никуы тæхуды кодта. Ацы фæндæгтыл ныртæккæйы дуджы сæрæндæр, раззагдæр æмæ æнтыстджындæртæй иу у, дунейы арæнты сæрты чи ахызт, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты биологийы кафедрæ æмæ биомедицинон иртасæнты лабораторийы сæргълæууæг Кокойты Исахъхъы фырт Теймураз.

Теймураз йæ царды фылдæр хай зонадон-ахуырадон æмæ рæзгæ фæлтæры хъомыладæн снывонд кодта. Дæргъвæтин фæндагыл федта царды æппæт хæрзтæ дæр æмæ зындзинæдтæ дæр. Уыцы бæрнон фæндагыл къæпхæнгай схæццæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректоры бынатмæ. Фæкуыста дзы 2003-2013 азты. Уыцы уæззау хæстон уавæрты йæм разынд разамонæджы фидар хъомыс, æмæ æнæфæтасгæ бæрндзинадимæ хъæддыхæй фæлæууыд фæрсагон тызмæг æндæвдадæн. Йе снысаны хæдфæстæ университеты куысты концепцийы ахсджиаг фæрстыты сæйрагдæр уыд мадæлон æвзаджы размæцыды программæ.

1932 азы институтæй 1993 азы университетмæ, стæй уæдæй абонмæ дæр, кæд ацы фарсты фарсхæцджытæ иугæйттæ уыдысты, уæддæр Кокойты Теймуразы йеддæмæ никæмæн бантыст æппæт факультетты дæр ирон адæмыхатты абитуриенттæн мадæлон æвзаг æмæ литературæйы лекцитæ æмæ бацæуæн фæлварæнтæ бакæнын. Ахæм къахдзæф бирæ зындзинæдтæ æвзæрын кодта, æнцон нæ уыдис ахæм национ-идеологион фарст Парламенты сфидар кæнын.

Кокойты Теймуразæн уыдис бирæ ныхмæлæуджытæ, чи хæлæгдзæстæй каст, чи та йæ уазал æмæ æнæмæт зæрдæйы аххосæй хъуыддаджы ныхмæ цæлхдуртæ æвæрдта, фæлæ хъæппæрисон тохы руаджы йæ къухы бафтыд принципиалон æгъдауæй. Уæд университеты Ахуыргæндты совет цы документ бавдыстой, уым дзырдæуыд фыццаг æмæ дыккаг курсыты студенттæн æппæт факультетты дæр мадæлон æвзаг ахуыр кæныны лекцитæ сфидар кæныныл, фæлæ уыцы ныхмæлæуд тыхтæ уæддæр фыццаг курсы йеддæмæ дыккаг курсы фарстыл нал схъæлæс кодтой. Ныййарæг адæмы аккаг минæвар хæсджын вæййы дзыллæ æмæ Фыдызæххы раз, Теймуразæн ацы миниуджытæ йæ уды сабибонтæй фæстæмæ æрфысым кодтой.

Ирон адæм буц æмæ сæрыстыр сты сæ мадæлон æвзаджы историон цардвæндагæй. Йæ равзæрдæй абонмæ, фыдæлтæй ныры рæстæгмæ йæ разы цы хъизæмайраг цæлхдуртæ æвзæрдысты, уыдон куынæггæнгæ æнусты сæрты сæрбæрзондæй æрхæццæ абоны дугмæ. Мæхи ‘рдыгæй сæрныллæгæй табу кæнын йæ размæхæсджытæн, цы дзыллæ йыл дзуры, уыдонимæ! Бузныг ахуыргæндтæн, чидæриддæр абоны онг национ хиæмбарынады дунемæ иунæг дзырд дæр бахæццæ кодта. Сæрыстыр дæн уыдонæй, æмæ, чидæриддæр лæмбынæг æмбары, æнæ мадæлон æвзаг нацийæн уæвæн кæй нæй, уыцы хабар.

Архайæг æмæ фыдæбонгæнæг адæймаг паддзахады хæрзæбонæн тухи кæны, ахæм зонадон фыдæбонгæнджыты номхыгъдмæ æнæгуырысхойæ æмæ сæрыстырæй хæссын Кокойты Теймуразы удлæзæрæн фыдæбон дæр. Æргом æмæ комкоммæ куы зæгъæм, уæд мадæлон æвзагыл йæ сæрмæ дзурын чи нæ хæссы, ахæмтæй дæр нæ алфæмбылай хъуаг нæу.  Ацы хъуыддаг Теймураз уыны, æмæ йын æй уæлдай хатт дзурын нал хъæуы, уымæ гæсгæ йæ тыхтæ æвгъау нæ кæны мадæлон æвзагæн балæггад кæнынæн.

Кокойты Теймуразæн йæ ном раджы райхъуыст. Йæ царды къахдзæфтæ зонады къæпхæнтæм хуымæтæджы нæ уыдысты, цыдис сыл цадæггай, фæлæ ныфсджынæй, лæгæрста ахуырады æрфыты, студентæй – ректормæ: биологион зонæдты кандидат, профессор, Хуссар Ирыстоны зонады сгуыхт архайæг, Цæгат Ирыстоны ахуырады сгуыхт кусæг, Абхаз æмæ Арцахы паддзахадон университетты цытджын доктор, Кады орден, Хæлардзинады орден, Ломоносовы номыл Мæскуыйы паддзахадон университеты майдантæ, Уæрæсейы ректорты Цæдисы майдан, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат æмæ ноджы æгæрон хорзæхтæ.

Кокойты Теймуразæн йæ сæйраг дæсныйад биологийыл æнцой кæны, фæлæ мадæлон æвзагмæ йæ цымыдисдзинадæй гом кæны зонады ног гæрæнтæ, абоны онг дзырд цæуыл нæма цыд, ахæм фæрстытæ дæр райхæлдта, раиртæста æмæ сæ æрфидар кодта зонады къабазы. Йæ бирæ зонадон-фæлгъауæн куыстытæй буц у кæцыфæнды зондджын адæймаг дæр, æгайтма нæ иумæйаг, рагон, уарзон Фыдызæххыл зонады цалх тулы фæд уадзгæ æнæрынцойæ.

2023 азы Кокойы-фыртæн цы “Уырыссаг-ирон энциклопедион дзырдуат” рацыд мыхуыры, уый нымад æрцыд дугивæнтæ æмæ ног рæстæджыты стыр зонадон цауыл. Теймураз бæлвырдæй зоны уый, æмæ цивилизацийы эволюциимæ зонад дæр æмдзу хъуамæ кæна. Уымæ гæсгæ, архаизмтæй пайдагæнгæ, дуг домы неологизмты фæзынд дæр. Зонад æмæ ахуырады рæбынмæ бавналынæн æнæмæнгхъæугæ у модернизацийы принцип. Дзырд саразынæн та хъæуы æппæт грамматикон æууæлтæ æмæ историон равзæрды, этимологийы мидис лæмбынæг сахуыр кæнын. Стæй неологизмтæ къухы æнгуылдзтыл нæ банымайдзынæ, фæлæ сæ нымæц ахизы минтæм. Кокойы-фырт ацы дзырдуаты ног дзырдтæн раиртæста, незамантæй фæстæмæ сæ цы ивд-дзинæдтæ æрцыдис, уыдоны ратæдзæнтæ дæр, æмæ йын йæ куыст ахуыргæндтæ банымадтой зонады феноменалон æнтыстыл.

Ахæм зонадон куыстыл бирæ фыдæбон, æгæрон тухитæ æмæ удлæмарæн хъизæмæрттæ бахардз, æнæраздахгæ цæсты рухс, царды бонтæ куынæг кæнын æмæ дзæвгар æгъуыссæг æхсæвтæ æрвитын домы. Кокойты Теймуразы чиныг «Уырыссаг-ирон энциклопедион дзырдуат»-æн йæ мидисы бындур æнцой кæны «Авторон неологизмтæ æмæ нырыккон ирон терминты системæйы ногдзинæдтæ»-йы æмбарынадыл. Æргомæй ныхас кæны флорæ æмæ фаунæйы терминологийы рагон хъæндзинæдтыл, фиппаинæгтæ, барастгæнинæгтæ æмæ архаикон дзырдтыл.

Зайæгойтæ æмæ цæрæгойты дунейы тыгъдад неологизмтæй сифтонг кæнынæн æрнывыл кодта ног дзырдты этимологийы системон равæрд. Стæй ма рæгъмæ хæссы, дзæвгар терминты этимологион равзæрд ноджы лæмбынæгдæр æмæ бæстондæр сахуыр кæнын кæй хъæуы. Кокойты Теймураз дзæвгар æвзары цымыдисаг дзырдта йæ дзырдуаты. Ирон æвзаг та афтæ хъæздыг у, æмæ йыл уæрдæхау алкæцы дзырд дæр сыздухдзынæ. Уый та бæлвырд у уымæй, æмæ ирон æвзаджы цымыдисаг равзæрд фæсарæйнаг ахуыргæндты дæр йæхимæ æркæсын кодта, немыцæгтæ А. Шегрен, В. Миллер, французаг Ж. Дюмезиль æмæ ноджы дæсгæйттæ сæрмагондæй сахуыр кодтой ирон æвзаг, цæмæй йын йæ историон цардвæндаг раиртасой, æмæ сын бантыст.

Ирон адæмы мадæлон æвзаг сиды æппæт дунейы ахуыргæндтæм, йæхимæ сæ æлвасы йæ цымыдисаг рагон историйæ, æмæ йыл сæхæдæг дæр тыгуыр кæнынц. Ацы сидæн хъуысы фæсарæнтæм, æмæ Ныгуылæн Европæйы цалдæр уæлдæр ахуыргæнæндоны ис ирон æвзаджы факультеттæ. Фæсарæйнаг аспиранттæ ирон æвзаджы историйæ бахъахъхъæнынц диссертацитæ. Теймураз, уыдæттæ хынцгæйæ, ноджы лæмбынæгдæрæй æрæвнæлдта ацы фарстмæ, æмæ йæм йæ зонадон куыстыты тыххæй се ‘ргом раздæхтой фæсарæйнаг ахуыргæндтæ.

Фæсарæйнаг бæстæтæ Теймуразы фæхонынц сæхимæ конференцитæм, æппæт-адæмон конгресстæм, дискусситæм, форумтæм. Интернеты хызæджы онлайнæй «æрзылд» дзæвгар бæстæтыл. Архайдта Болгари, Япон, Китай, Тайван, Турк, Португали, Нидерландтæ, Швейцари, Англис æмæ Францы конгрессты. Теймуразы зонадон уацтæ арæх мыхуыр цæуынц Сингапуры Директорты советы журналы. Йæ зонадон куыстыты нымæц 100-йæ ахызт, ис ын цыппар ахуыргæнæн чиныг æмæ цыппар монографийы экологи, микробиологи æмæ лингвистикæйæ. Зайæгойтæ хъахъхъæныны тематикæйыл фæсарæйнаг ахуыргæндты зонадон куыстытæн фыссы рецензитæ. Дæс мин дзырдæй фылдæр нырыккон ирон æвзагыл бæстон æмæ бæлвырдæй сæ биологион æмбарынадимæ райхалын стæмты къухты бафты, æмæ та уыцы стæмтæй дæр сæ иу у Кокойты Теймураз.

Теймуразы зонадон архайд зыны мыхуыры Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны дзыллон информацийы фæрæзты, хуынд цæуы алывæрсыг зонадон мадзæлттæм Уæрæсейы Федерацимæ дæр. Егъау, æнæбасæтгæ æмæ æнæфæцудгæ интернационализм чысыл адæмты сæрибардзинад æмæ кæрæ-дзи æмбарынадæй рæзы, къаддæр адæмты национ рæстаг идеологи æмæ хъомылад пропагандæ кæнын у æцæг интернационалисты хæс.  Æнæдызæрдыгæй, Кокойты Теймураз хауы уыцы адæймæгты къордмæ.

Ацы чиныджы æцæг æмæ ахсджиаг зонадон нысаниуæг чи ‘мбары, уымæн æнæмæнг йæ уды æхцон æнкъарæнтæ улæнтæ кæнынц, уымæн æмæ æцæгæйдæр у зонадон хæзна. Зонадон куыстмæ бакæсын хъæуы фæрсырдыгæй, æцæгæлон цæстæй, кæд чиныг адæм, зонады кусджытæ агурынц, йæ сæр сæ хъæуы, уæд чиныг йæ нысаныл сæмбæлд, авторæн бантыст йæ разы сæвæргæ хæс æнтыстджынæй сæххæст кæнын.

Кокойты Теймуразæн мæ зæрдæ зæгъы ноджы фылдæр æмæ ахъаззагдæр æнтыс-тытæ, фæллæйттæ æмæ хæрзхъæд зонадон хъæздыгдзинæдтæ. Иу хатт ма бафидар кæнон мæ хъуыды: зонадон куыст мыхуыры куы фæзыны, уæд уыцы æмдугонтæн, уæлæнгай йеддæмæ, уыцы куыстæн аргъ кæнын нæ бантысы, уымæн æмæ зонадон чиныг дзæвгар азты хъуамæ рацæуа ахъазгæнæн фæлтæрæнты, цæмæй царды практикæйы рабæрæг уа йæ ахсджиагдзинад æмæ йæ æнæмæнгхъæуæгдзинад. Разыной, йæ сæр цал æмæ цал æрыгоны бахъуыд, цалæй йыл сæхи бакъул кодтой зонады фæндаджы бæлццæттæ. Уæд ын вæййы, æвæццæгæн, хуыздæр æмæ бæстондæр аргъгæнджытæ. Æниу гайлаг родæй дæр бæрæг вæййы…

Теймураз, дæуæн та æнæниздзинад æмæ ноджыдæр – размæ æмæ бæрзæндтæм!

ПЛИТЫ Сергей,

Уанеты Захары номыл ХИЗИИ-йы ирон литературæйы историйы хайады
зонадон кусæг, РХИ-йы Фысджытæ æмæ Журналистты цæдисты уæнг,
Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here