Æххуысхъуаг адæймагæн йæ бæллицтæм фæхæстæгдæр уæвынæн фæахъаз кæнын алкæй бон дæр бауыдзæн. Афтæ рауад Пятигорскы цæрджытæ Гатыгкоты фаззон хоты хабар дæр. Сæ райгуырдæй фæстæмæ Кларæ æмæ Евæ ссардтой, сæ удты цы сфæлдыстад æмбæхст уыд, уый.
Сæ иу – Кларæ, уарзы нывтæ кæнын, Евæйы зæрдæмæ та хæстæгдæр у æмдзæвгæтæ фыссын. Кæд æмæ хотæ гуырдзæй рахастой низ, уæддæр уый сæ удты скондыл нæ фæзынд, нæ сæ хъыгдары мидбылты бахудынæн, æргом, зæрдæбын ахастæн. Ныр сын фадат фæцис æмæ се сфæлдыстадимæ базонгæ кодтой Дзæуджыхъæуы цæрджыты. Хъуыддæгтæ бантыстысты Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты ассоциацийы сæрдар Магкæты Оледжы фæрцы.
Гатыгкоты Кларæ куыд зæгъы, афтæмæй, нывтæ кæнгæйæ, аныгъуылы йе сфæлдыстады, раздæр хъуыддагмæ бавнæлдта йæ къухты змæлд фæхуыздæр кæныны охыл. Фæлæ йæ фæстæдæр сфæлдыстад иу ран нал ныууагъта. Цавæрдæр æбæрæг дунейы скуыси вæййы Кларæ, нывтæ кæнгæйæ, уæд ницæуыл уал фæхъуыды кæны. Йæ миддуне хъæздыг у, фæзынынц æм цавæрдæр фæндæттæ, ауыны, кæддагыл цы сныв кæндзæн, уыдæттæ.
Гатыгкоты чызгмæ ис пейзажтæ, натюрморттæ, портреттæ, ахорæны алы тæппы дæр бавæры йæ зæрдæйы иу хай, йæ бæллицтæ. Æнæмæнг, хотæ ‘мбарынц, сæ ныййарджытæ цы стыр фыдæбон кæнынц, уый, аргъ сын кæнынц. Æнæ уыдонæй сæ бæллицтæ бæллицтæй баззадаиккой. Дыууæ хойы дæр æмхъуыды сты, цавæрдæр, æбæрæг дунемæ ацæуынц, уым сæ иу нывтæ кæны, иннæ та – æмдзæвгæтæ фыссы. Кæд æмæ Евæйы бон сæ бакæсын нæу, уæд сæ йæ бæсты кæсы йæ хо Кларæ. Евæ фыссы царды, уарзон-дзинады, йæ мад Марияйы загъдау, Евæ фылдæр вæййы йæ хъуыдыты ахасты, фæагуры уæлмонц æнкъарæнтæ.
Гатыгкоты Мария афтæ уыны йæ чызг Евæйы сфæлдыстад, ома йæ уд, йе ‘ппæт хъуыдытæ, æнкъарæнтæ, цавæрдæр æхцонхæссæг миниуджытæ бавæры рифмæйы. «Афтæ дæр рауайы æмæ æнкъарддзинад баивы хъæлдзæг ахорæнтæй, рауайы дзы аргъау», – зæгъы фаззон хоты мад. Чызджытæм кæддæриддæр уыд ахæм фæндон, фæндыд сæ се сфæлдыстад адæмы ‘хсæнмæ рахæссын. Архайдтой инклюзивон кафты изæры, уый Пятигорскы алы аз дæр скæнынц. Низы ахасты бахауæг сывæллæттæн баххуыс кæнынмæ февнæлдта Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты ассоциацийы сæрдар Магкæты Олег.
Гатыгкоты хотæ сæрыстыр сты, се сфæлдыстад адæммæ кæй фæхæстæдæр, уæдæ æрмæст Дзæуджыхъæуыл нæ баззайдзæн сæ балц, дарддæр сæ равдыст аласдзысты Цæгат Кавказы федералон зылды иннæ горæттæм дæр. Ацы ран ма æххуыс банкъардтой Фыдыбæстæйы хæстонты бинонты комитеттæй Стъараполы край æмæ Цæгат Ирыстоны «Бархионтæ-медиктæ»-йы фæрцы.
Кларæ æмæ Евæйы курдиæттимæ базонгæ уыдзысты фылдæр адæм, базондзысты, цавæрфæнды уавæрты дæр курдиатæн сæфæн кæй нæй, уый. Цæгат Ирыстоны Национ музеймæ æрбацæуæг адæм æхсызгонæй сæмбæлдысты Гатыгкоты хоты курдиæттыл. Мæйы дæргъы фадат уыдзæн Кларæ æмæ Евæйы сфæлдыстад хæстæгдæр базонынæн.
Цориты Эльвирæ














