Дзæуджыхъæуы, Хетæгкаты Къостайы номыл центрон парчы кадджын уавæры байгом ног – рухсытимæ музыкалон фонтан. Мадзалы архайдтой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, УФ-йы сбербанчы президент, разамынды Сæрдар Герман Греф, компаниты къорд «Мегаполис»-ы президент Кæциты Сергей. Проект æххæстгонд цыдис Сбербанк, меценат Хъесаты Игорь æмæ нæ республикæйы Хицауады æххуысæй.
Ног фæзы астæу фæзынд, Кавказы хæхты хуызæн арæзт проект-æхсæрдзæн дыууæ къусимæ. Фонтаны сæйрагдæр элемент – 12 метры йæ уæрх æмæ 36 та йæ дæргъ кæмæн у, ахæм доны экран. Экраныл та кæрæдзийы ивынц нывтæ. Изæрыгæтты ацы ран арæзт цæуынц рухсытимæ музыкалон мадзæлттæ. Рацарæзтой фонтанмæ хæстæгдæр фæзтæ дæр, сæ фæзуат у 1,3 гектары бæрц. Ам ис спортæй архайæн æмæ тезгъо кæнæн дæр. Фонтаны дыууæ фарсы сарæзтой сывæллæттæ æмæ кардзыд адæмæн фæлладуагъды уавæртæ. Ис дзы тренажертæ æмæ уæлæдарæс ивæн хатæнтæ. Сывæллæттæн – стыр хъазæн комплекс батуттимæ, фæлладуадзæн бынæтты та – фæхсбандæттæ æмæ кафе. Уæлдай хъусдард цыдис фæзы цъæхвæлысты фарстамæ. Ныссагътой дзы хихджын бæлæсты талатæ æмæ æндæр зайæгойтæ.
– Центрон парчы ацы бынат бирæ азты дæргъы уыдис æдзæллаг уавæры. Ныр дзы райдыдта ног царды ног уддзæф. Сбербанк æмæ йæ президент Герман Оскары фырт æмæ Хъесаты Игоры æххуысæй байгом кодтам рухсытимæ музыкалон фонтан, цæмæй нæ республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæн сæрдыгон афон ацы ран иттæг хорз фадæттæ уа сæ фæллад уадзынæн. Ныр Терчы былгæрон рацарæзтой, æмæ йæ центры фæзынд егъау фонтан-æхсæрдзæн Кавказаг хæхты хуызæн дыууæ къусимæ. Бузныджы ны-хæстæ мæ зæгъын фæнды Герман Греф æмæ Сберæн, проект æххæстгонд кæй æрцыд, уый тыххæй, уæлдай арфæ та кæнын не ‘мзæххон Хъесаты Игорæн, уый чысыл фæрæзтæ æмæ хъарутæ не ‘схардз кодта ацы хъуыддагæн. Мæн уырны, Терчы былы ног хуыз Цæгат Ирыстоны цæрджытæ æмæ нæ уазджытæн сæ уарзондæр бынæттæй иу кæй суыдзæн, уый, – загъта Сергей Меняйло.
– Проект сæххæст кæныны хъуыдыйыл нæ бафтыдтой Гергиты Валерийы мысинæгтæ йæ сабибонты тыххæй Ирыстоны. Фæзæн балæвар кодтам ног цард, йæ цад дæр ын бахъахъхъæдтам, уымæн æмæ бирæ фæлтæртæн сæ мысинæгтæ ацы цадимæ баст сты, æмæ йæ мах дæр баххæст кодтам фонтан æмæ æхсæрдзæнæй. Цæмæн нæ хъæуы, зæгъгæ, исчи куы бафæрса, уæд нæ дзуапп та уыдзæн ахæм: Сбер – уый нæ бæстæ æнæхъæнæй у, æмæ Дзæуджыхъæу дæр. Ам кусы нæ командæйы фылдæр хай. Адæмы цард æрвылбон хуыздæр хъуамæ кæнæм, æмæ уыцы принципы бындурыл архайæм, адæмы хæрзæбоныл хъуыдыгæнгæйæ, ног æмæ хæрзхъæд стандарттæ царды уадзыныл. Фæнды нæ, цæмæй мах дæнцæг бафæзмой иннæ компанитæ дæр, сæ тыхтæ æмæ фæрæзтæй пайда кæной сæ райгуырæн горæтты рæзтæн нырыккондæр æмæ сæ рæсугъддæр уавæртæм рацаразыны фарстаты. Нæ бæстæ нын хуыздæр нæхицæй уæлдай ничи скæндзæн, – загъта Герман Греф.
Хетæгкаты Къостайы номыл центрон парк Цæгат Кавказы зæронддæр объекттæй иу у Уæрæсейы хуссайраг ран. Йæ истори райдыдта, Фидар-Дзæуджыхъæуы амад фæрсты рæбынæй иуæй, 1830 азы Комендантон цæхæрадонæй. Абон, Терчыбылы астæу, уыцы бынат нымад цæуы культурон хæзнайыл, æмæ уарзон у горæтæгтæн. Бирæ рæстæг æдзæллагæй фæлæууыд, æрдæгарæзт дыууадæс уæладзыгон бæстыхай æвидауц кодта парк. Æрмæст Сберы хъæппæрисæй æппæт зæронд арæзтæдтæ дæр рацарæзтой æмæ дзы фæлладуагъды нырыккон уавæртæ сарæзтой. Бæрæгбоны уазджыты зæрдæтæ концертон программæйæ барухс кодтой кафты музыкалон къордтæ, паддзахадон камерон хор «Алани» æмæ кæронбæттæны та, рухсытимæ музыкалон шоу фæцис сæрмагондæй мадзалмæ хуынд уазæг Турецкийы хоры аивадæй.
Фонтаны проект нæ республикæйы уыд Цæгат Кавказы республикæты рæзтыл архайыны фарстаты, Сберы системон куыстытæй иу хай. 2022 азы Дербенты Сберы хъæппæрисæй байгом кодтой Уæрæсейы егъаудæр рухсытимæ фонтан, æмæ уый сси, «визитная карточка» кæй хонынц, ахæм мадзал Низами Гянджевийы номыл парчы. 2024 азы та февралы Магасы Сбер 21-æм скъолайы бауагъта Цæгат Кавказы фыццаг кампус, Налцыччы рацарæзтой æмæ Хох «Большая Кизиловка»-йыл байгом кодтой терренкур «тысяча ступеней». Æнæниздзинады къахвæндаг 47 азмæ фыццаг хатт сцалцæг кодтой, сарæзтой дзы рухсытæ, спортивон фæзтæ æмæ фæлладуадзæн бынæттæ.
Саутæты Тамилæ














