Хæрзиуджытæ сæмбæлдысты сæ хицауыл

0
562

Бирæ азты размæ чи фесæфт, Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министр Михаил СКОКОВ уыцы ордентæ æмæ майдантæ фæстæмæ радта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæджы чызгæн.

Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады кусæг Джиоты Мурман ссардта æвæджиауы дзаумæттæ. Рæстæг кæй ныббур кодта, уыцы газеты мидæг тыхт уыдысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты заманы хæрзиуджытæ — Сырх Стъалыйы æмæ Фыдыбæстæйы хæсты ордентæ, стæй Кенигсберг æмæ Берлин байсыны тыххæй майдантæ.

Ссард дзаумæтты тыххæй хабар æвæстиатæй фехъусын кодтой республикæйы мидхъуыддæгты министр Михаил Скоковæн. Инæлар уайтагъд бафæдзæхста хæрзиуджыты хицауы ном сбæлвырд кæнын. Райгуырæн зæхх знагæй бахъахъхъæныны тыххæй, хæрзиуджытæ чи райста, ведомствойы кусджытæ уыцы сырхæфсæддоны хиуæтты нæмттæ сбæлвырд кæныныл бацархайдтой.

Барадхъахъхъæнджыты агурæн куыст фæрæстмæ. Хæрзиуджыты хицау Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Хестанты Иван кæй уыд (хъыгагæн, не ‘хсæн нал ис), цыбыр рæстæгмæ уый сбæрæг кодтой.

— Ссæдз азы размæ хæрзиуджытæ æбæрæг уавæрты фесæфтысты. Ордентæ æмæ майдантæ кæй разындзысты, уый æнхъæл нал уыдыстæм, — зæгъы хæсты архайæджы чызг Зæнджиаты Фатимæ, фæлæ пъæлицæйы кусджыты æнаипп архайды фæрцы хæрзиуджытæ сæ хицауы хиуæттыл сæмбæлдысты.

Кадджын æмбырды Михаил Скоков зæрдиаг арфæ ракодта хæсты архайæджы чызгæн, æмæ йын йæ фыды хæрзиуджытæ радта. Хæстон ордентæ æмæ майданты хицауы ном бæлвырд кæнгæйæ, пъæлицæйы кусджытæ бæрнондзинад кæй равдыстой, Зæнджиаты Фатимæ сын уый тыххæй бузныг загъта.

Мидхъуыддæгты министрад Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæм æмæ сæ бинонтæм здахы уæлдай æргом. Нæ иумæйаг хæс у хæсты заман райгуырæн бæстæ знагæй бахъахъхъæнæг сырхæфсæддонты хъæбатырдзинад ма рох кæнын.

РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты министрады прессслужбæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here