«Ацы азæн æмæ 2019-2020 азтæн республикон бюджеты тыххæй закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны закъоны проект баст у, ведомствоты ‘хсæн æмæ ведомствоты мидæг нысангонд æхца дих кæнынимæ. Иумæйагæй республикон бюджеты бæрæггæнæнтæ куыд нысангонд уыдысты, афтæмæй баззайдзысты. Ныр та уал уын радзурдзынæн, министрадтæй закъоны проект бар кæмæ дары, уыдоны тыххæй», — знон, Парламенты æнæрадон æмбырды раныхас кодта финансты министры фыццаг хæдивæг ЗÆГЪОЙТЫ Алан.
Æмбырд амыдта Парламенты Сæрдар Алексей МАЧНЕВ. Архайдтой дзы Хицауады кабинеты уæнгтæ, æндæр бæрнон службæты æмæ ведомствоты разамонджытæ.
Финансон ведомствойы минæвар куыд радзырдта, афтæмæй Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады хæрдзтæ фæфылдæр уыдзысты 10 000,0 мин сомы бæрц. Уыдон хъæуынц, цæрæнуæтты балхæнын кæй зæрды ис, уыдонæн сæ фыццаг фиддоны ныхмæ субсидитæ радих кæнынæн æмæ ипотекæйы бындурыл хицæн категориты граждæнтæй цæрæнуæттæ райсынвæнд чи скодта, уыдонæн сæ процентты бæрцы ныхмæ æхца раттынæн. Уымæй уæлдай ма ведомствойы мидæг хицæн хæрдзтæн æхца иу статьятæй иннæ статьятæм ивд æрцæудзысты, фæлæ уыдæттæ иумæйаг бæрæггæнæнтыл нæ фæзындзысты.
Зындгонд куыд у, афтæмæй социалон ахадындзинадимæ алыхуызон объекттæ федералон программæты бындурыл сæххæст кæныны охыл нæ республикæ хъуамæ уыцы хæрдзтæн сæ иу хай йæхимæ райса. 2019 азмæ министрад цы æхцайы бæрц снысан кодта, ома, 29 214,7 мин сомы, уыдон дихгонд æрцæудзысты федералон нысанмæарæзт программæты фæлгæты хицæн объекттæ саразынæн. Уый уыдзæн республикæйы финансон бавæрд программæтæ сæххæст кæнынæн. Афтæмæй 9 881,0 мин сомы лæвæрд цæуы Дзæуджыхъæуы «Автомобилон фæндаг» саразынæн.
19 333,7 мин сомы хардзгонд æрцæудзысты ахæм объекттыл: Æрыдоны районы Мичурины хъæуы 120 бынаты кæм уыдзæн, ахæм рæвдауæндоныл; Дзæуджыхъæуы 11-æм скъолайы бæстыхай зæххæнкъуыстытæй бахизыны охыл фæфидардæр кæнын æмæ йæм бындуронæй базилыныл; Æрыдоны горæты 120 бынаты кæм уыдзæн, ахæм рæвдауæндоныл; Заводы поселочы 280 бынаты кæм уыдзæн, ахæм рæвдауæндоныл. Уымæй дарддæр, ныхасгæнæг ранымадта, Уæрæсейы Федерацийы субъектты цæрæнуæттæ аразыны программæтæ хуыздæр æххæст кæныны охыл фæрæзтæ ведомствойы мидæг дихгонд куыд æрцæудзысты, уый дæр. Æппæт ацы ивддзинæдтæн æнæскæнгæ нæй, хъуамæ республикæ æхцайы иу хай бавæра федералон программæтæ сæххæст кæныны. Уымæй раздæр нысангонд хъуыддæгтæ рохуаты нæ баззайдзысты, æрмæстдæр се ‘мгъуыдтæ ивд æрцæудзысты.
Хъæууон хæдзарад æмæ хойраджы министрадæн сæ фæрæзтæй 2 750,0 мин сомы райсдзысты «РЦИ-Аланийы равдыстыты фонд»-æн сæ раттыны охыл. Экономикон рæзты министрад алы аз дæр хъæууон хæдзарады ведомство арвиты Æппæтуæрæсеон агропромышленнон равдыст «Золотая осень»-ы бацархайынмæ. Уыцы ран Равдыстыты фонд сæххæст кæны бирæ хъуыддæгтæ, цæмæй цæгатирыстойнаг продукци хуызæнæн æвдыст æрцæуа. Экономикон рæзты министрадмæ бюджеты ивддзинæдтæй хауы 7 250,0 мин сомы. Уыдонæй иу хай лæвæрд æрцæудзæн, чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады субъекттæ куысты тыххæй цы æфстæуттæ райстой, уыдоны ныхмæ сын субсидитæ раттынæн. Иннæ хай — хицæн амалхъомтæ æмæ куыстуæттæй сæ товартæ æмæ лæггæдты тыххæй æфтиæгтæ чи нæ райста, уыдонæн субсидитæн.
Ивддзинæдтæ баййафдзысты Финансты министрады, Паддзахадон нысаниуæджы æлхæнинæгты тыххæй цæгатирыстойнаг управлени, Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министрады бюджеттæ. Финансты министры фыццаг хæдивæг Зæгъойты Алан алы ивддзинады тыххæй дæр æрдзырдта бæстон, æмбарын кодта, æхца бюджеты иу статьяйæ иннæмæ бахæссын æвæстиат уавæртимæ баст кæй сты, федералон программæтæ æххæстгæнгæйæ, республикæ хъуамæ бадзырды домæнтæ, æнæмæнг, кæй æххæст кæна, уыдæттæ. 2018 азы æмæ 2019-2020 азтæн республикон бюджеты тыххæй закъон фидар кæнгæйæ, цыдæриддæр документмæ нысантæ хаст æрцыд, сæ ныхмæ цы фæрæзтæ лæвæрд цæудзæн, уыдæттæ, æнæмæнг, æххæстгонд æрцæудзысты.
Парламенты æмбырдмæ ивддзинæдты тыххæй закъоны проект рахæссыны агъоммæ, документимæ базонгæ сты ведомствотæ, комитеттæ. Документы тыххæй йæ хъуыдытæ загъта Парламенты бюджеты, хъалонты, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдар Баликъоты Валери. Депутаттæ сразы сты ацы ивддзинæдтимæ. Депутат Тохъайты Нохы фæндыдис базонын, Парламенты пресс-службæйы кусджытæ æмбырдтæй æххæст æрмæг цæуылнæ æрвитынц республикон газеттæм, цæмæй йæ адæм зоной, депутаттæ цæуыл архайынц, уый. Алексей Мачнев куыд бафиппайдта, афтæмæй æмбырдты фæархайынц æппæт дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ, раттынц æрмæг æмбырдты тыххæй. Сæ прессслужбæйы тыххæй фиппаинагмæ та кæй æркæсдзысты, уымæй зæрдæ бавæрдта.
БУТАТЫ Эльзæ














