Петр Фыццаджы уæлахиз Полтавæйы

0
483

 

XVII æнусы кæрон æмæ ног æнусы райдайæны Уæрæсейы паддзах Петр Фыццаг тох кæнын райдыдта Балтийы денджызмæ рахизæнтыл æмæ былгæрæттæ сфидар кæныныл. Уый уыдис уæззау æмæ дæргъвæтин хъуыддаг. Денджызы фаллаг фарс цы бæстæ уыдис, уый — Швеци — æмгæрон нæ уагъта Уæрæсейы. Цæгатаг хæст (сæйраг ныхмæлæуджытæ дзы уыдысты Уæрæсе æмæ Швеци) ныддæргъвæтин 21 азы онг. Уыцы хæсты райдайæн Уæрæсейы пайдайæн нæ уыд, 1700 азы Нарвæйы цур хæсты фæхæрд. Фæлæ сæйраг хæст уыдис разæй.

Уыцы заманы Швеци тыхджын бæстæ уыдис. Уæрæсейæн бирæ материалон æмæ политикон зиантæ ракодта, Петр Фыццаджы паддзахад Европæмæ нымады дæр нал уыд, шведаг къарол Карл XII-æмæн та, «уырыссаг варвартыл» фæуæлахизуæвæг, сæ цæсты йæ кад фæбæрзонддæр.

Фæлæ Цæгатаг хæсты райдайæны къуыхцыйæ нæ асаст нæдæр Петрæн йæ ныфс, нæдæр йæ политикон тырнынад. Сæйраг хæст фæстæдæрмæ æргъæвгæйæ, уый ногæй райдыдта Балтийы денджызы былтыл шведæгты фидæрттæ исын.

1703 азы Невайы цæугæдоны былгæрæтты бындур æвæрд æрцыд Петербургæн, уый фæстæ уырыссæгтæ бавнæлдтой «шведаг зæххытæ» сындæггай сæхи бакæнынмæ. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, Швецийы къаролы зæрдæмæ нæ цыд æмæ райдыдта Уырысы ныхмæ хæстмæ йæхи цæттæ кæнын. Йæ пълантæ æмæ фæндтæ Петр æмæ йæ æфсадхонтæн зындгонд уыдысты.

Карлы ныфс уыдис, йæ фарс чи фæци, Малороссийы уыцы гетман Иван Мазепайæ. Уый йын зæрдæ бавæрдта 50 мин хъазахъхъагæй, хойраг æмæ зымæгиуатæй. Къорд азы размæ Украинæйы уæды президент Виктор Ющенко æмæ йæ дымыстæртæ сфæнд кодтой, горæт Полтавæмæ æввахс Уырысы æфсад шведæгты кæм ныддæрæн кодтой, аргъуан æмæ хæст рамбулæг паддзах Петр Фыццагæн цыртдзæвæн арæзт кæм æрцыдысты, уым гадзрахатæй рацæуæг гетман Мазепайæн, æмæ суанг, Уырысы æфсад ныддæрæн кæнынмæ æмæ нын нæ бæстæйæ стыр хай атонынмæ чи хъавыд, уыцы шведаг къарол Карл XII дæр цыртдзæвæнтæ сæвæрын. Уый уыд æргом æдзæсгомдзинад. Афтæ мæм кæсы, цыма Уæрæсемæ Мазепа æмæ Карлæй хуыздæр зæрдæ нæ дарынц Украинæйы ныры хицæуттæ дæр.

Къарол Карл XII йæ зæрдæ дардта Осмайнаг империйыл дæр, хъуамæ уый дæр схæцыдаид Уæрæсейы ныхмæ, фæлæ йæ дзырд фæсайдта. Полтавæйыл æрхъулайæ йын куы ницы рауад къаролæн, горæт шведæгты къухы куы нæ бафтыд, уæд сфæнд кодта Петры æфсадимæ стыр хæсты пълан царды рауадзын. Карлы æфсады цы 37 мин адæймаджы уыдис, уыдонæй 8 мины уыдысты фистæг, 7800 та — бæхджын æфсæддонтæ. Петры æфсады уыдис 60 мин адæймаджы, уыдонæй Полтавæйы хæсты архайдта 25 мин фистæгæфсæддоны æмæ 12 мин кавалеристы. Шведæгтæм сармадзантæ уыдис дыууиссæдз, уырыссæгтæм та æртæ-цыппар хатты фылдæр. Уыдæттæ къаролæн зындгонд уыдысты, фæлæ уæддæр йæ ныфс бахаста Уæрæсейы æфсады ныхмæ схæцынмæ. Шведаг æфсæдтæ Уæрæсемæ æрбабырстой 1709 азы 30 апрелы æмæ æрхъула кодтой Полтавæйыл. Горæты æфсæддон гарнизоны 4200 салдат æмæ 2600 хотыхджын горæтаджы, булкъон А.С. Келины разамындæй, фæсыкк кодтой знаджы цалдæр ныббырсты. Апрелæй июнмæ шведæгтæ ссæдз хатты бафæлвæрдтой Полтавæ байсыныл. Майы кæрон Полтавæмæ баввахс сты уырыссаг æфсады сæйраг тыхтæ, сæ сæргъы уыдис Петр I. Æрæнцадысты горæты ныхмæ цæугæдон Ворсклайы галиу былгæрон. 25 июны уырыссаг æфсад аивта йæ бынат хуссарæрдæм æмæ æрæнцад Полтавæйæ 5 километры æддæдæр хъæу Яковцыйы цур.

1709 азы 8 июлы Полтавæйы райдыдта тугкалæн хæст уырыссаг æмæ шведаг æфсады ‘хсæн. Знаджы ныхмæ хъæддых фæлæууыны фæстæ уырыссæгтæ фæстæмæ — фæстæмæ алæууыдысты сæ сæйраг хæцæн бынæтты онг. Шведæгтæ афтæ фенхъæлдтой, цыма ныхмæлæууæг алыгъд тохы быдырæй æмæ цин кодтой, афтæ æнцонæй кæй фæуæлахиз сты, ууыл. Къаролмæ æввахсдæр чи уыд, уыдон ын арфæ кодтой уæлахизы фæдыл. Цалынмæ шведæгтæй иутæ сæхи бæрæгбонмæ цæттæ кодтой, уæдмæ инæлар Роосы æфсæдты колоннæ адард сæйраг тыхтæй æмæ йæ уырыссæгтæ ныддæрæн кодтой. Уый хал ахордта инæлар Шлиппенбахы бæхджын къорд дæр. Вольмар Шлиппенбах сси, уыцы бон уырыссæгтæ уацары кæй райстой, ахæм фыццаг шведаг инæлар.

Райсомы фараст сахатыл райдыдта сæйраг тыхты хæст. Шведаг фистæг æфсад атакæйы рацыд уырыссæгты рæнхъыты ныхмæ. Бацайдагъ сын армæй хæст.

Уырыссаг æфсæдтæ къуырцдзæвæны фæцæйхаудысты, тохы галиу флангы Новгородаг полчъы фыццаг батальон джебогъæй хæсты куы фæцудыдта, уæд. Тæссаг уыдис иннæтæн дæр фæцудынæй. Æмæ уæд новгородæгты дыккаг батальоны сæргъы æрлæууыд паддзах Петр йæхæдæг. Знаджы размæбырст урæд æрцыд. Рахиз флангы фесгуыхт инæлар Михаил Голицыны фистæг æфсад, лидзæг фæкодта шведаг батальонты.

Шведæгтæ дæрæнгонд æрцыдысты. Уырыссæгтæ æрмæст штандарттæ æмæ тырысатæ байстой 137. Уацары бахаудысты шведаг къаролы инæлæрттæ æмæ фельдмаршалтæ, суанг ма йæ фыццаг министр дæр.

Шведаг æфсады кæрон æрцыд дыууæ боны фæстæ. Уырыссаг æфсæдтæ хъæу Переволочнæмæ хæстæг цæугæдон Ворскла Днепрмæ кæм бакæлы, уыцы ранмæ батардтой шведæгты æмæ сын сæ цæуæн фæндæгтæ æрæхгæдтой. Днепрыл бахизын æмæ уацарæй аирвæзын йæ къухы бафтыд æрмæст къарол Карлæн, Мазепа æмæ цалдæр адæймагимæ хъахъхъæнæг къордæн. Иннæтæ, 16 мин адæймаджы, сæхи радтой уацары. Се ‘хсæн уыдис æртæ инæлары, иуæндæс булкъоны, 16 дæлбулкъоны æмæ 23 майоры.

Уыцы хæсты Швецийы æфсад дæрæнгонд æрцыд, йæ хæстон хъомысад бындуронæй нынкъуысыд æмæ Цæгатаг хæсты æрцыд Уæрæсейы пайдайæн ивддзинæдтæ.

Æфсæддон историктæ куыд фыссынц, афтæмæй къарол Карл XII æмæ гетман Мазепа тæппуд тæрхъустау фæлыгъдысты фæсарæнтæм æмæ Осмайнаг империйы уæды территорийы — Бендерты — сæ сæртæ бафснайдтой. Æртæ азы фæстæ сæ осмайнаг султан куыдзы тард ракодта уырдыгæй.

БАГАТЫ Аврам

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here