УЫНАФФÆ
Закъон кæй амоны, акушерон къабазы дохтыртæнеонатологтæн уыцы карæй раздæр зæронддзинадмæ гæсгæ фæллойадон пенси сæвæрыны фарстайы фæдыл Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдар Д.А. Медведевмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Ныхасы тыххæй
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламент уынаффæ хæссы:
- Закъон кæй амоны, акушерон къабазы дохтыртæ-неонатологтæн уыцы карæй раздæр зæронддзинадмæ гæсгæ фæллойадон пенси сæвæрыны фарстайы фæдыл Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдар Д.А. Медведевмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Ныхас фидаргонд æрцæуæд.
- Ацы Уынаффæ æмæ амынд Ныхас æрвыст æрцæуæнт Уæрæсейы Хицауады Сæрдар Д.А. Медведевмæ.
- Ацы Ныхасы фарс рахæцыны тыххæй курдиат æрвыст æрцæуæд Уæрæсейы Федерацийы субъектты паддзахадон хицаудзинады закъонæвæрæг (минæварадон) оргæнтæм.
- Ацы Уынаффæ æмæ амынд Ныхас æрвыст æрцæуæнт газеттæ «Северная Осетия» æмæ «Рæстдзинад»-мæ официалон уагæй сæ ныммыхуыр кæнынмæ.
- Ацы Уынаффæ йæ тыхы цæуы сфидар æй кæныны бонæй фæстæмæ.
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Сæрдар А. Мачнев Дзæуджыхъæу, 2018 азы 28 июнь № 296/13-6
Закъон кæй амоны, акушерон къабазы дохтыртæ-неонатологтæн уыцы карæй раздæр зæронддзинадмæ гæсгæ фæллойадон пенси сæвæрыны фарстайы фæдыл Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдар Д.А. Медведевмæ Республикæ Цæгат ИрыстонАланийы Парламенты
НЫХАС
Закъон кæй амоны, «Уæрæсейы Федерацийы фæллойадон пенсийы тыххæй» 2001 азы 17 декабры фидаргонд федералон закъоны 27 статьямæ æмæ «Фæдзæхстадон пенситы тыххæй» 2013 азы 28 декабры фидаргонд федералон закъоны 30 статьямæ гæсгæ, адæмы хицæн къордтæн зæронддзинадмæ гæсгæ фæллойадон пенси сæвæрæн ис уыцы карæй раздæр. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады кусæндæтты адæмы æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл дзæбæхгæнæн æмæ æндæр архайд æххæстгæнæг адæймæгтæн зæронддзинадмæ гæсгæ фæллойадон пенси æмгъуыдæй раздæр сæвæрыны бардæттæг куысты стаж кæм нымайынц, уыцы кусæндæтты куысты бынæтты номхыгъд фидар кæны Уæрæсейы Федерацийы Хицауады 2002 азы 29 декабры хаст Уынаффæ № 781 (дарддæр — Уынаффæ № 781).
Сæрмагонд уагæвæрдтæ æмæ куысты бæлвырд бæрц æххæстгонд æрцæудзысты, зæгъгæ, афтæ чи амоны, зæронддзинадмæ гæсгæ фæллойадон пенси æмгъуыдæй раздæр сæвæрынæн адæмы æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл дзæбæхгæнæн æмæ æндæр архайд æххæстгæнæг адæймæгты бартæ фидар кæнгæйæ, федералон закъонæвæрæг сæ баиу кодта æнæниздзинад хъахъхъæнынады кусæндæтты куысты æмæ фæллойæн фадæтты арæзтады ахæм æууæлтимæ.
Зæронддзинадмæ гæсгæ фæллойадон пенси æмгъуыдæй раздæр сæвæрыны бардæттæг бынæтты æмæ кусæндæтты номхыгъдмæ № 781 Уынаффæйæ хаст æрцыдысты акушерон къабазы хайæдтæ, стæй операцигæнæг дохтырты, операцион медицинон хоты æмæ акушеркæты бынæттæ, фæлæ йæм дохтыртæ-неонатологты бынæттæ хаст не сты.
Уæрæсейы Федерацийы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады 1999 азы 29 январы фидаргонд «Дзæбæхгæнæн-профилактикон кусæндæтты стационарты хирургион дæлхайæдты номхыгъды тыххæй» бардзырдмæ гæсгæ, акушерон æмæ арæн хайæдтæ хауынц стационарон хирургион дæлхайæдтæм.
Уæрæсейы Федерацийы Фæллой æмæ социалон рæзты министрады 2010 азы 23 июлы фидаргонд «Разамонджыты, специалисттæ æмæ службæгæнджыты бынæтты иумæйаг квалификацион номхыгъд сфидар кæныны тыххæй» бардзырды хайад «Æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы куысты бынæтты квалификацион бæрæггæнæнтæ»-мæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæллой æмæ социалон рæзты министрады 2018 азы 14 мартъийы фидаргонд «Дохтыр-неонатолог»-ы профессион уагæвæрд сфидар кæныны тыххæй» бардзырдмæ гæсгæ, дохтыр-неонатологы куысты хæстæ сты арæндоны ноггуырдтæн райдайæн реанимацион æххуыс кæнын, стæй къорд манипуляцийы (уыдонимæ — туг ивæн уагæй бауадзын, трахейы интубаци, рæуджыты кæнгæ вентиляци, люмбалон пункци æмæ æндæртæ) кæнын.
Афтæмæй операцигæнæг дохтыртæ-специалистты, акушеркæтæ æмæ медицинон хоты фæллойы хуызæн акушерон къабазы хайæдты дохтыртæ-неонатологтыл æнцайæг куысты уæз бар дары уæлдæргонд психофизиологион уæзмæ æмæ цауд æууæлты ахадындзинадмæ.
Нæ хъуыдымæ гæсгæ, акушерон къабазы хайæдты дохтыртæ-неонатологтæн зæронддзинадмæ гæсгæ фæллойадон пенси æмгъуыдæй раздæр сæвæрыны бар кæй нæй, уыцы закъонæвæрынадон нормæ халы æмбарады конституцион уагæвæрд, стæй уыцы-иу къордмæ хауæг адæймæгтæм иумæйаг барадон цæстдардæн фадæттæ нæ аразы.
Æнæниздзинад хъахъхъæнынады кусæндæтты адæмы æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл дзæбæхгæнæн æмæ æндæр архайд æххæстгæнæг адæймæгтæн зæронддзинадмæ гæсгæ фæллойадон пенси æмгъуыдæй раздæр сæвæрыны бардæттæг куысты стаж кæм нымайынц, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты депутаттæ хæссынц Уæрæсейы Федерацийы Президенты 2017 азы 29 майы фидаргонд «2018-2027 азтæ Уæрæсейы Федерацийы Сабидуджы дæсазоныл банымайыны тыххæй» указы æххæсткæнынады фæткмæ гæсгæ ахæм кусæндæтты номхыгъдмæ акушерон къабазы хайæдты дохтыртæ-неонатологты бахæссыны хайы №781 Уынаффæмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй фарстайыл æрныхас кæныны фæндон.
Фидаргонд æрцыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты 2018 азы 28 июны хаст № 296/13-6 Уынаффæйæ














