Коммерцион æфстæуттæ фæкъаддæр сты. Цæрæнуæттæ. Разамынддæттæг компаниты архайд

0
477

 

«Фæнды мæ нæ Хицауады хорз куыст фæбæрæг кæнын, уыдон ахъаззагæй бацархайдтой, цæмæй республикæ цы коммерцион æфстæуттæ дары, уыдоны бæрц зынгæ фæкъаддæр уа. Мах æрбаййæфтам, хæс 4 миллиард сомæй фылдæр куы уыдис, ахæм уавæр. Цы мадзæлттæ фæбæрæг кодтам, уыдоны фæрцы 3 миллиард сомы къаддæр фæцис, баззад ма дзы 1 миллиард 220 миллуан сомы. Афтæмæй, Цæгат Ирыстон нæ бæстæйы Финансты министрады раз йе ‘ппæт хæстæ дæр сæххæст кодта, уыйадыл нæ бахастой хæстæ дæргъæвæтиндæр æмгъуыдтæм гæсгæ фидыны пъланмæ. Уымæ гæсгæ ма нæ бахъæудзæн бацархайын, цæмæй коммерцион æфстæуттæ кæронмæ фыст æрцæуой, бюджетон æфстæуттæ нын нæ къухтæ райхæлдтой», — знон РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз Хицауады æмбырды йæ хъуыдытæ загъта æфстæутты фæрæзтæй пайда кæныны фарстайы тыххæй.

Фарста æмбырдмæ рахаста финансты министры фыццаг хæдивæг Зæгъойты Алан. Йæ ныхасмæ гæсгæ, хъуамæ ацы аз ноябры сæхгæной коммерцион æфстау 1 миллиард 220 милуан сомы бæрц. Уый ма фæбæрæг кодта фарстайыл кусгæйæ, цы мадзæлттæй пайда кæнынц, уыдæттæ дæр. Финансон ведомствойы минæвар ма радзырдта, Мæздæджы районы бюджет банывыл кæныны охыл цытæ бакæнын хъæуы, уый тыххæй. Зындгонд куыд у, афтæмæй хъæу Предгорное стыр зындзинæдтæ æййафы донæфсисадæй. Район йæхæдæг уыцы фарстайыл нæ аххæсдзæн, уымæ гæсгæ сын дихгонд æрцæудзæн 5 милуан сомы.

Республикæйы фæстаг азты цы объекттæ арæзт æрцыд, уыдон республикон исбонадæй муниципалон хицаудзинады оргæнты бæрны бакæныны тыххæй æмбырды раныхас кодта паддзахадон исбонад æмæ зæххы ахастдзинæдты министр Тедеты Руслан. Хъæууон хæдзарад æмæ хойраджы министры фыццаг хæдивæг Мæрзойты Хъазыбег та фæбæрæг кодта, фысвосдарынады рæзтæн субсидитæ дих кæныны уагæвæрдтæ. Хицауады Сæрдар куыд бафиппайдта, афтæмæй уыцы субсидитæ дихгæнгæйæ, хъуамæ уынаффæ хаст цæуа районты сæргълæуджытимæ. Уыдон хуыздæр зонынц, бынæтты ахæм куыст кæнын хорз кæмæн æнтысы, хæдзардзинæй сæ чи спайда кæндзæн, ахæм адæймæгты. «Хъуамæ субсидитæ райсгæйæ фосдарæг бацархайа районы экономикон рæзтыл, уæдæ куысты бынæтты нымæцыл дæр хъуамæ бафта. Дарддæр дæр цæст дарын хъæудзæн, паддзахадон æххуысæй фосдарджытæ куыд пайда кæндзысты, уыдæттæм», — фæнысан кодта Тускъайыфырт.

Арæзтад æмæ архитектурæйы министр Икъаты Русланбег æмбырды архайджыты базонгæ кодта цалдæр ахсджиаг фарстаимæ. Æппæтдæр баст уыдысты цæрæнуæттæ дих кæнынимæ, царды уавæртæ фæхуыздæр кæнынимæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй 2007 азы конд, æрыгон бинонтæн цæрæнуæттæ саразыны тыххæй, программæ æххæстгонд не ‘рцыд. Æрыгон бинонтæ æнхъæлмæгæсгæйæ баззадысты, уавæр банывыл кæныны охыл республикæйы разамынд бауынаффæ кодта, цæмæй сын уый ныхмæ зæххы хæйттæ дихгонд цæуой. Ныридæгæн уал 5 бинонтæн уыцы æххуыс лæвæрд æрцæудзæн. Уæдæ 2018-2025 азтæн конд федералон программæмæ гæсгæ граждæнтæ хъуамæ райсой æппæтфадатджын цæрæнуæттæ. Уыцы нысанимæ ацы аз муниципалон районтæн лæвæрд æрцæудзæн 177,9 милуан сомы. Уыдоны руаджы сæ царды уавæртæ фæхуыздæр кæндзысты 226 бинонтæ.

Фæстаг азты боны фæткæй нæ хизы, бирæуæладзыгон хæдзæрттæн разамынддæттæг компанитæ æвзарыны, сæ куысты хæрзхъæддзинады фарстатæ. Цалдæр мæйы размæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав бахæс кодта разамындæттæг компаниты куысты ахадындзинад равзарыны охыл кусæг къорд саразын. Æмбырды сæ архайды хатдзæгты тыххæй раныхас кодта кусæг къорды разамонæг, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министры хæдивæг Хасцъæты Мæирбег. Фыццагдæр уал уыдон сбæрæг кодтой компаниты хыгъд, чи дзы кусы, уыдон æмæ сæ материалон-техникон уавæры æвдисæндартæ. Раст зæгъгæйæ, æппæт компанитæ сæ хабæртты тыххæй хъусынгæнинæгтæ нæ балæвæрдтой кусæг къордмæ.

Хасцъæйы-фырты ныхасмæ гæсгæ, компанитæн сæ фылдæры штаттæ конд сты генералон директор, бухгалтер æмæ юристæй, уæдæ сæм нæдæр техникæ ис, нæдæр цавæрдæр бæстыхæйттæ уыдон æфснайынæн. Æвæстиат куыстытæ кæнын сæ куы бахъæуы бирæуæладзыгон хæдзæртты, уæд искæй баххуырсынц æмæ афтæмæй кусынц. Уыдæттæ та домынц æхца æмæ рæстæг. «Фæлæ зæрдæйы фæндиаг дæнцæгтæ дæр ис æрхæссæн: Горæтгæрон районы компанитæ «Эталон», «ЖСК-2», «Коммунресурсы»; Мæздæджы районы — «Ремстройсервис» æмæ æндæртæ. Ацы компаниты штаттæ фидаргонд æрцыдысты, цы лæггæдтæ кæнынц, уый бæрцмæ гæсгæ, афтæмæй сæ лæггæдты хæрзхъæддзинадмæ аипп æрхæссæн нæй. Уæлдæр кæй ранымадтон, уыдон æмæ ма «Жилсервис», «Теплосервис»-мæ дæр ис хуызæнæн сæрмагонд техникæ, цалцæггæнæн æрмадзтæ, æфснайæн бæстыхæйттæ», — дзырдта кусæг къорды разамонæг.

Уый ма æрхаста æндæр ахсджиаг бæрæггæнæнтæ дæр, фæбæрæг кодта, муниципалон æмæ æндæр хицаудзинады оргæнтæ хъуамæ фылдæр цы фарстатыл бакусой, уыдæттæ. Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз куыд бафиппайдта, афтæмæй кæд разамындæттæг компаниты архайды лæмæгъдзинæдтæ рæгъмæ хаст æрцыдысты, уæддæр ахсджиагдæр у, сæ куыст фæхуыздæр кæнынæн цы бæлвырд мадзæлттæ хъæуы, хицаудзинадæй комкоммæ кæмæ цы хæстæ хауы, уыдон ранымайын. «Кæд разамынддæттæг компанийы штаты æрмæстдæр æртæ адæймаджы ис, уæд æркасты рæстæг къамис ацы компанийы фарс цы хуызы рахæцыд, куыд æй снысан кодта бирæуæладзыгон хæдзæрттæн лæггæдтæгæнæгæй? Ау, нæ йæ зонæм, æркастмæ къамистæ нæхæдæг кæй фæцæттæ кæнæм, уый?! Кæм сты, ахæм лæмæгъ компанитæ чи равзæрста, уыцы бæрнон адæймæгтæ, сæ мыггæгтæ сын цæуылнæ ранымадтай?» — загъта Хицауады Сæрдар.

Дарддæр куыд бафиппайдта, афтæмæй хъуамæ профессионалон-техникон ахуырады къабазы райдайæм специалисттæ цæттæ кæнын разамынддæттæг компанитæн. Хъуамæ хатдзæгты фылдæр уыдаид нымæцтæ æмæ проценттæ дæр, хъуамæ базонæм, фиддонтæ кæм æмæ куыд æмбырдгонд цæуынц, уыдæттæ. Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй кæд Мæздæджы районы бирæуæладзыгон хæдзæртты бындурон цалцæгæн, сæ фæдарынæн фиддонты бæрц 70 процентæй фылдæр у, уæд уыцы фæлтæрддзинад хъуамæ суа иннæтæн дæр фæзминаг. Стыр æргом аздахын хъæуы разамынддæттæг компанитæ æвзарæг къамисты куыстмæ дæр.

Хицауады æмбырды ма æркастысты æмæ равзæрстой æндæр ахсджиаг фарстатæ дæр. БУТАТЫ Эльзæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here