Нæ уидæгтæ. Нæ Ир. Нæ бæстæ.

0
705

Хицаудзинады иугонд командæ…

Æнæнхъæлæджы дыл арфæтæ кæцæй нæ сæмбæлдзысты, ахæм уынг æмæ фæзилæн Дзæуджыхъæуы нал баззад. Стыр «фæйнæджытæй» нæм сидынц, æрвыстæгтæ æрвитынц, ома, дам, «Кадимæ цæрут», «Дзæбæхæй цæретæ» æмæ афтæ дарддæр. Ахъуыды кæн, уæд уый у, ирон æвзагæй цавæрдæр ныхæстæ базоныны, парахат æй кæныны фæрæз. Къостайы проспект æмæ Плийы-фырты уынг кæрæдзиимæ кæм амбæлынц, уыцы тигътæй иуыл цы «фæйнæг» æрфидар, уым фыст «Дзæбæхæй цæретæ»-йы бынмæ чидæр сырх кърандасæй бафтыдта «Как», зæгъгæ.

Æцæгдæр, уыцы арфæтæ æмæ зондамонæнты бынмæ ничи ранымадта, ацы гæвзыкк æмæ арвистон заман дзæбæх куыдæй ис цæрæн, уый. Хæрзæггурæггаг нæм цалдæр мæйы размæ фесты, июлæй, дам, коммуналон лæггæдты æргътыл бафтдзæн. Цæвиттон, мах та æнхъæл уыдыстæм æмæ сæ фæкъаддæр кæндзысты. Æвæджиауы хорзæхыл Уæрæсейы Хицауад нымайы, адæмæн сæ фæллойадон чингуытæ электронон хуызмæ кæй раивдзысты, æппæт кусджытæ та электронон картæ «Мир»-æй пайда кæнын кæй райдайдзысты, уыдæттæ. Цыбыр дзырдæй, нæхиуыл схæцдзыстæм.

Хæдæгай, фæлхасадон чыргъæд дæр, дам, фæхъæздыгдæр кæнын хъæуы, Хицауады сагъæсы бафтыдта, макъаронтæ æмæ вермишелты ‘хсæн кæй рафт-бафт кæнæм, уый. Ныр, дам, дзы къурупатæ фæкъаддæр уыдзысты, фæзындзысты дзы халсартæ, дыргътæ. Менджы сой дзы кæй нæ сæвæрдзысты, кæнæ еугæф, уый дызæрдыггаг нæу. Мах хъуамæ ахæм зынаргъ хойрагмæ куыд сарæхсæм, нæ ахсæнтæ йæ кусгæ дæр нæ бакæндзысты.

Æвæдза, цы нæ кæнынц адæмы хорздзинадæн, ахæм нæй, фæлæ, цæмæдæр гæсгæ зæрдæйыл не ‘мбæлынц, сæ алы хорздзинад дæр — курæггаг цæхдонæй фæлурсдæр æмæ æдзæхдæр. Фæллойы ветерантæн, æндæр льготæтимæ граждæнтæн, коммуналон лæггæдты фиддонтæ 50 проценты скодтой, адæм сæ æххæстæй бафидынц, стæй та уæд, дыгай-æртыгайæхсæзгай мæйтæ æнхъæлмæ кæсынц, сæ фиддонты æмбис сын фæстæмæ кæд æрбарвитдзысты, уымæ. Цæуылнæ ис уайтагъд, льготæтæ бар цы фиддонты бæрцæн дæттынц, уый бафидын, цæй тыххæй хъуамæ зила мæгуыргуыр ацæргæ адæймаг, цæмæн агура, закъон ын цы удæнцойдзинæдтæ дæтты, уыдон? Иу худæг æмæ худинаг та ма уый у, æмæ нæм цы закъонтæ ист цæуынц, уыдон адæмæн парахатæй, æппæт фæзилæнтæ сын бамбарын кæныныл ничи архайы. Ахæм хæс никæуыл у æвæрд. Дæхæдæг æй куы базонай, мæнæ мын, ахæм æмæ ахæм закъон, ацы æмæ æндæр бартæ, удæнцойдзинæдтæ, уæлæмхасæн æххуыс дæтты, уæд дæ бон у ведомствомæ бацæуын. Ома, дуар бахой æмæ дын æй байгом кæндзысты…

Сæ зонгæ, кæнæ сæ хæстæг куы нæ уай, уæд дæм цæстыдзагæй нæ ракæсдзысты, ахæм рæтты чи кусы, уыдон уал æппæт хæрзтæй сæхи зонгæты сæххæст кæнынц. Кæд æмæ сæ паддзахад дæтты, уæддæр бынæтты «режиссертæ» дæр, сæхæдæг сты, «сценаристтæ» дæр, куыддæриддæр сæ фæнды, афтæ кæрдынц. Схъиуæццагæй, ома, йæхи ‘гъдауæй сæм исчи куы фæзына йæ бартыл сдзурыны тыххæй, уæд уал æй фæратон-батон кæндзысты, исты справкæтæ дзы домдзысты, кæд сфæлмæцид æмæ ахъуыдты уаид, зæгъгæ.

Сæ фырт нырма студент кæмæн у, ахæм пенсиисджытæн чидæр бамбарын кодта, хъуамæ, дам, уын уый тыххæй пенсимæ уæлæмхасæн æхца бафтауой. Сылгоймаг бадис кодта, æз, дам, сæм арæх бауайын, алыхуызон хъуыддæгты фæдыл æмæ, дам, мын никуы ницы загътой. Уæддæр сæм бацыд, бирæ фæракъах-бакъах кодтой арынджы йас компьютерыл, рацæй-рабон æмæ, дам, нæ ферох ис æхца бафтауын. Сымахмæ гæсгæ, цал мæйæн ис ферох кæнæн? Æхсæз мæйы дæр фæуæд, фæлæ 36 мæйы, цавæр хабар у?! Æмæ дæ хатыр ракурдзысты, мыййаг?

Кæд кæцыдæр хъуыддæгтæн, реформæтæн æвæрд вæййы социалон бындур, уæддæр адæмыл сæмбæлынц зыгъуыммæ хуызы, кæрдихтæй. Иуæрдæм дæр сæ вæййы бамбарæн, иннæрдæм дæр сæ куы атасын кæнай, уæддæр ницы диссаг у. Граждæнты хицæн категоритæн ахæм закъонæвæрынадон акттæ бацæттæ кæнынц, æмæ сæм бавналын дæр нал фæхъæуы. Зæгъæм, Паддзахадон Думæйы депутаттæй Думæйы фондз азæй къаддæр чи нæ бакуса, уый пенси уыдзæн 46 мин сомы бæрц, 10 азæй фылдæр дзы чи бакуса, уымæн та — 60-65 мин сомы бæрц. Сæхицæн, бецаутæ, куыд ницы æвгъау кæнынц, æвæдза…

Паддзахадæн йæ политикон арæзт куы аивта, уæдæй хуымæтæг адæмы ныфс ницæмæй уал ис. Историйы куыд диктатор, афтæмæй баззадис Испанийы разамонæг Франко. Разамынд куы лæвæрдта, уыцы заман сфидар кодта рæстæмбис пенсийы бæрц, мах æхцайæ нымайгæйæ у 142 мин сомы. Уæдæй бирæ ивддзинæдтæ æрцыд ацы паддзахады, фæлæ пенсийы бæрц фæкъаддæр кæнынмæ ничи бавнæлдта. Искуы дæр ма ахæм диктатортæ вæййы?

Иуцасдæр рæстæг ма уæрæсейæгтæ уыдзысты футболæй дунеон чемпионатимæ баст цаутæ, æнкъарæнтæ, уæлмонцты ахæсты. Зæххы къорийы алы къуымтæй нæм цы дзыллæтæ æрбаивылд, уыдоны зæрдæты Уæрæсе, йæ цæрджытæ рæсугъдæй кæй баззайдзысты, нæ уды сконд, хæлар ахасты фæрцы нын йе ‘цæгдзинад кæй базыдтой, уый нын æхсызгон куыд нæ у. Нæ бæстæйы иугонд командæ кæддæр-никæд историйы баззайдзæн, размæ абырста, хъару, арæхстдзинад, æвзыгъддзинад равдыста Уæрæсейы, йæ адæмы сæраппонд. Йæ бон бацис.

Бæргæ, æмæ нæ бæстæйы æппæт æмвæзады хицаудзинад, Паддзахадон Думæ, Федерацийы Совет, регионты закъонаразджытæ — уыдон дæр, куыд иугонд командæ, сæ граждæнты сæраппонд ахæм барджын къахдзæф куы акæниккой. Пенсимæ ацæуыны кар фæфылдæр кæнынæй райдайын сæ хъомысыл дзурæг нæу, фæлæ сæ лæмæгъдзинадыл…

ФÆСНЫХАС: 12 июлы, республикæйы Парламенты депутаттæ, адæмы хъысмæтыл сагъæс кæнгæйæ, сæ цæстысыгтæ ныхъуыргæйæ, сразы сты пенсион реформæимæ баст закъоны проектыл. Кæд, дам, нæ федералон центр уый домы, уæд дам, мах бон цы у… Æнæуи та, дам, адæмыл у нæ сагъæс..

 

Уæ цурты, дам, цъиу дæр ма атæхæд

 

Адæмы граждайнаг æмбарындзинадмæ чи нæ фæсиддзæн, ахæм ведомство нæм нæ разындзæн. Къæрцхъус, дам, ут, цырддзаст дæр, алцæмæ дæр лæмбынæг кæсут, уæ цурты, дам, æнæрхъуыдыйæ цъиу дæр ма атæхæд. Уымæ гæсгæ, фæнда дæ æви нæ, уæддæр стæм къæрцхъус, цырддзаст, нæ къæхты бынмæ æркæсыны рæстæг нын нæй, фæлгæсæм алырдæмты. Нæ газеты хæлæрттæй мын иу, амæй размæ, мæстджынæй афтæ радзырдта. Цæвиттон, сæ кусæндон Сабырдзинады проспекты ис, уым та машинæтæн цæуæн, лæууæн нæй. Иу бон рудзынгæй кæсы, æмæ тæккæ проспекты схизæны стыр уæзæгтæ ласæн «Фура» баурæдта æмæ лæууынтæ райдыдта.

Фыццæгты йæм нæлгоймаг уыйас йе ‘ргом нæ аздæхта, уалынмæ цалдæр сахаты рацыд, егъау, поезды дæргъæн, машинæ йæ бынатæй не змæлы, лæууы. Уæддæр та æнæнцой зæрдæйы хицау куы уай, уæдæ футболæй дунейы чемпионат цæуы, уæд та ма исчи исты фыдбылыз цæттæ кæны горæты астæу… — афтæтæ ахъуыды кæнгæйæ, мæ зонгæ пъæлицæмæ бадзырдта. «Уæ хорзæхæй, фенут ма, ацы машинæ цæмæн лæууы проспекты уыйбæрц рæстæг», зæгъгæ, куыддæр сфæрæзта, афтæ барадхъахъхъæнджытæ сæ тыхы бацыдысты. Фæдфæдыл æм телефонæй дзурынтæ райдыдтой, æмæ ды чи дæ, æмæ цæмæ дзурыс, æмæ дæ цы хъуыддаг ис, æмæ афтæтæ æмæ уфтæтæ…

Цалынмæ хынцфарст кодтой нæлгоймаджы, цалынмæ йæм цавæрдæр зыгъуыммæ хъуыдытæ ракъах-бакъах кодтой, уæдмæ фондз хатты Дзæуджыхъæуы иу кæронæй иннæмæ фистæгæй бацæуæн уыдаид, уыцы машинæйы æдасдзинад сбæрæг кæнынмæ. Къæрцхъус æмæ нæм цырддзаст уæвынмæ цæмæн сидут, уæ бынатæй сызмæлынмæ кæд зивæг кæнут, æмæ граждайнаг зондахаст кæмæ ис, уыдон уын æнæсæкæр æхсынцъыйы фыхæй æнаддæр сты, уæд?!

Цалдæр азы размæ уыдаид, афтæмæй Сæйраг почтамты раз фæзы, бæлæсты бын фæзынд уæзæгтæ ласæн, æхгæд гуыффæимæ машинæ. Цалдæр бон æмæ æхсæв дзы куы фæцис, уæд мæ сыхаг лæппу бадзырдта пъæлицæмæ, фенут, дам, ма йæ, цы нæ вæййы, цыдæр æнахуыр, дам, у. Цæмæн уый загъта, пъæлицæйы кусджытæ лæппуйы сæ разæй скодтой, ды та, дам, чи дæ, цæмæн нæм дзурыс, дæу йеддæмæ йæ ничи уыны, æмæ афтæ дарддæр. Сæхи куы нал урæдтой, уæд сын мæ сыхаг дæр алывыдтæ акалдта, бацамыдта, хъуамæ сæхи куыд равдисой рафæрс-бафæрсты бæсты, уый. Уайтагъд бынаты балæууыдысты барадхъахъхъæнджытæ.

Æнæмæнг, алы хъуыддагæн дæр ис фæтк, ахæм ведомствомæ иугæр бадзырдтай, уæд сæм цы бæлвырд фарстатæ ис, уыдонæн дзуапп раттын хъæуы. Фæлæ мæ цы хынцфарст кæныс, мæхи куы не ‘мбæхсын, искуыдæм куы нæ лидзын… Ацу, фен, Хуыцауæй разы, тæссагæй дзы ницы раиртæстай, æмæ уæд гражданинæн бузныг зæгъ, демæ æгайт-ма иумæ æдасдзинадыл архайы.

Æнæуи та дам, къæрцхъус æмæ цыртдзаст ут…

 

Уæ къухтæм-иу газеттæ дæр райсут…

Иу фæлтæр иннæйы раивы, йæ бæсты балæууы царды ахсджиагдæр фарстатыл, хъуыддæгтыл архайынмæ, кусынмæ. Уыцы зилдух, уыцы змæлд царды бындуры æвæрд ис, у æнæаивгæ, у æнусон… Адæймагыл азтæ цас фылдæр рацæуы, уыйас фылдæр кæны хатдзæгтæ, цавæрдæр фæзындтæ æмæ бæрæггæнæнтæ бары, иртасы, ацы, кæнæ иннæ ивддзинад йæ фæстæ цавæр цаутæ, уаг, ахаст расайынц, цæмæй фæпайда вæййынц кæнæ та, чи зоны, знаггад æрхæссынц, зæгъгæ…

Ирон адæмæн, ома, махæн, фæстаг ссæдз — фондз æмæ ссæдз азы хуыздæр æнтысынц æгъдæутты тыххæй дæргъвæтин рабар-бабартæ, радзур-бадзуртæ, хорз æмæ æвзæр кæй нал хатæм, æфсарм кæй атади, йæ бæсты та уæндонæй къæйныхдзинад йæхиуыл кæй схæцыд, æмæ афтæ дарддæр. Йæ райгуырдæй ссæдз азы йеддæмæ кæуыл нæма цæуы, уый дæр бæгуылæгау балæудзæн уыдæттыл тæрхæттæ кæныныл, раст цыма гуылфæнты æмæ къæдз-мæдзты, хæрдтæ æмæ уырдыгты цæуынæй бастадис, афтæ зондамонæнтæ хæсдзæн. Кæстæртæм, æнæмæнг, хъæуы лæмбынæг хъусын, сæ фылдæры, æцæгдæр, нæ адæмы нырыккон уавæр, зондахаст тыхсын кæнынц.

Нæ республикæйы хицаудзинады минæвæрттæ равзæрстой куысты ног хуыз, æппынæдзух кабинетты нæ бадынц, арæх æмбæлынц районты, хъæуты, горæтты. Цæрджытимæ ныхасгæнгæйæ базонынц, æхсæнад цæуыл мæт кæны, цæмæ тырны, уыдæттæ, уæдæ бастдзинæдтæ дæр фидардæр кæнынц. Цалдæр къуырийы размæ Ресубликæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав ногæй фембæлд фæсивæды минæвæрттимæ, дзуаппытæ фæлæвæрдта æрыгæтты фæрстытæн. Сæ зæрдæтæ сын рæсугъд æмæ лæгъз ныхæстæй балхæныны охыл нæ, фæлæ йæ хъуыдытæ, йæ хатдзæгтæ не ‘мбæхсгæйæ, æргомæй семæ æрдзырдта.

Æвæццæгæн, лæппутæ æмæ чызджытæ цы фæрстытæ цæттæ кодтой, уыдоныл ахъуыды кæныны рæстæг сын уыдис. Утæппæт адæмы ‘хсæн республикæйы разамонæгмæ, нæлгоймагмæ, хистæрмæ фарст раттын куы бахъава лæппу, уæд хъуамæ зона, куыд æмæ йæм цы номæй сдзура, уый. Ирон æгъдæуттæ бахъахъхъæныны охыл иу æрыгон лæппу æххуыс агуырдта Битарты Вячеславæй. Алкæмæ дæр нæ нæ хæдзæртты, бинонты ‘хсæн цавæрдæр номæй фæдзурынц, мады номæй нæ фæзонынц иннæтæ дæр. Суанг сыхы мидæг, æмгæрттæ, æмкъласонтæ, хæлæрттæ. Æгъдæутты тыххæй цæхæртæ куы калай, уæд хъуамæ хистæрмæ куыд дзургæ у, уый, æнæмæнг, зонай. Де ‘мбал нæу, де ‘мгар дæр, алы бон пурти кæимæ фæракъуыр-бакъуыр кæныс, уыцы сыхаг лæппу дæр нæу. Æмæ, дам, не ‘гъдæуттæ сæфынц, æмæ, дам, нæм фæкæс…

Арæх маршрутон такситы шофыртæ, æйтт-мардзæ нæлгоймæгтæ æмæ сæм лæппутæ æмæ чызджытæ фæсидынц «останови здесь», зæгъгæ. Ахæм хæрзахуыргондæй ма уыцы курдиатмæ ныхасы хай «те» бафтау æмæ сфидаудзæн. Шофыртæ сæхæдæг дæр ницы сдзурынц, хъомыладмæ сæ не ‘вдæлы, уæдæ уайдзæфы ныхас дæр ничи скæны.

Уæлдæр цы фембæлды кой кодтон, уым бирæ курдиæттæ баст уыдысты ног спортивон залтæ, бассейнтæ, æндæр социалон объекттæ саразынимæ. Хорз, ныры фæсивæд газеттæ нæ кæсынц, фæлæ дæ куы бафæнда исты базонын, уæд кæцыфæнды ведомствойы сайты ис бакæсæн, цавæр хъуыддæгтыл архайынц, уыдæттæ. Мах бонæй-бонмæ бæстон фыссæм, цал æмæ цал объектты арæзт æрцыд, бирæ азты дæргъы æрдæг кондæй чи баззад, уыдоны дæр кæронмæ кæй сцæттæ кодтой, уыдæттæ. Кæрæдзи фæстæ нымайæм, нæ республикæ цавæр федералон программæты архайы, хи хъарутæй цы хъуыддæгтæ аразæм, уыдæттæ. Суанг алы аз дæр цал объекты æмæ кæцы ран арæзт æрцæудзæн, уый дæр. Финансон æмархайды фæрцы, республикæйæн йæ размæвæрд нысантæ куыд æнтысынц, уый тыххæй иу хабар дæр рохуаты нæ баззайы…

Нæ зынаргъ кæстæртæ! Бафæлварут, уæ къухтæм газеттæ куы райсат, уæд уыл нæ фæхæцдзысты. Бауырнæд уæ, бирæ хорз хабæрттæ базондзыстут, æмæ уæд уæ фæрстытæ дæр нуарджындæр æмæ æххæстдæр уыдзысты…

 

«Кæцырдæм ма ныффæдис кæнон?»

«Æз дзæуджыхъæуккаг дæн, цæрын Пашковскийы уынджы. Мæ хæдзары æмкъул дæр ахæм спортивон ставкæтæгæнæн бынат ис… Базæронд дæн, фæлæ мын удæнцойдзинад нæдæр бон ис, нæдæр æхсæв… Газеты куыддæриддæр фыст уыдис, æз дæр уыцы хъыцыдæттæ æвзарын», — 3 июлы номыры «Рæстдзинад»-ы тематикон фарс «Нæ уидæгтæ. Нæ Ир. Нæ бæстæ»-йы рæзгæ лæппутæ спортивон ставкæтæ кæнæн бынаты æмæ йæ алфамбылай сæхи куыд дарынц, уыцы æрмæджы тыххæй нæм æрбадзырдта ацæргæ сылгоймаг.

 

Æхсæвæй-бонæй — хъæр, æнæуаг ныхас, хъæлæба, змæлд дæ рудзынджы бын куы цæуа, дæ цард дын куы сæнад кæной, сдзурын дæр сæм куы нæ уæндай, уæд хъуамæ карджын адæймаг йæхи куыд æнкъара?! «Милицæмæ дæр, бæргæ, бацыдтæн, фæлæ мæ мидæмæ дæр нæ бауагътой”, — дзырдта сылгоймаг. «Уæ участковый сæ нæ уыны?» — афтæ йæ куы бафарстон, уæд мын бамбарын кодта, сæ участковыйы зонгæ дæр кæй нæ кæны, уынгæ дæр, дам, æй никуы фæкодтон…

Йæ мыггаг ын барæй нæ фыссын, исчи йын æрыгæттæй маст куы скæна. Ома, уыдон нæ газет, кæнæ æндæр мыхуыры фæрæз сæ къухмæ райсой, уымæй тæссаг нæу ставкæтææвæрджытæн. Æндæр тыгъдады цæрынц, улæфгæ дæр æндæр уæлдæфæй кæнынц. Ссæдз азы дæргъы «Стыр Ныхас» фæсивæдыл сагъæс кæнгæйæ фырдзырд фæцис. Уыцы бæрнон лæгтæ ма ахæм рæттæм кабинеттæй рахизæнт, иу лæппуйæн дзы йæ къухыл рахæцæнт, ам цæмæ дæ, зæгъгæ. Бафæрсæнт æй, æхца та дын кæм вæййы, дæхи афтæ æнæуагæй цæмæн æвдисыс, дæ алыварс чи ис, уыдонæй цæуылнæ æфсæрмы кæныс… Уæд, чи зоны, сæ бирæ лозунгтæ æмæ сидтыты ахадындзинадыл 1 процент бафтид.

Уыцы къантортæ чи байгом кæны, уыдон фæархайынц æрмæстдæр æхца бакусыныл. Фæлæ алцæмæн дæр бæрц кæй ис, уый та сын хъуамæ чи бамбарын кæна?

Æхсæнадон уагæвæрд, сабыр цард чи нæ нымайы, йæ кæнонтæ дзы чи кæны, уыдонæн хъуамæ исчи ныхкъуырд дæтта… Къостайы проспект æмæ Гадийы-фырты уынг кæм баиу вæййынц, уым сывæллæтты поликлиникæйы ракомкоммæ фæзы кæддæриддæр фæлæууы бирæ машинæтæ. Ныййарджытæ, æвæццæгæн, сæ сывæллæтты дохтыртæм бахæссынц. Иуцасдæр рæстæджы размæ уым дзулуæйгæнæн киоскы цур æрлæууыдтæн, мæ разæй чи уыд, уыдон æлхæнинæгтæ кодтой. Дыууæ метры дарддæр цы машинæ лæууыд, уымæн йæ гом рудзгуытæй æмæ дуæрттæй ахæм хъæрахст музыкæ хъуыстис, раст цыма адæймаджы сæр стыр дзæбугæй хостой, ахæм ахасты уыдысты адæм. Иу сылгоймаг сдзырдта сабыргай, уый цымæ цавæр хъæр у, зæгъгæ. Дуканигæс æй фæрсы, музыкæ, дам, нæ уарзыс…

«Мæнæ ацы фондзуæладзыгон хæдзары цæрын, æмбисæхсæв ардæм æрæмбырд вæййынц машинæджынтæ, цы къофиуæйгæнæн аппарат дзы лæууы, уый алфамбылай стыгуыр вæййынц, сæ машинæты музыкæ хъæрæй сзилынц… Уæ цæстытыл ауайæд, цавæр уавæры вæййæм, нæ бафынæй кæндзынæ, нæ баулæфдзынæ… Афтæ сæ сфæлмæцыдыстæм, æмæ йын зæгъæн дæр нæй», — дзуапп радта сылгоймаг.

Фарон уалдзæджы уыдаид, республикæйы Сæргълæууæг Хуссайраг поселочы цæрджытимæ куы фембæлд, уæд мæм иу сылгоймаг æрбацыд æмæ радзырдта, бирæуæладзыгон хæдзæртты цур æхсæвыгæтты цавæр хъæр-ахст цæуы, уыдæтты тыххæй. «Раст сын цыма амынд вæййы, афтæ æмбисæхсæв рамбырд вæййынц æмæ уæд райдайы сæ «цард». Хъæр ныхас, æвзæр дзыхæй дзырд, музыкæ алырдæмты гуылфæнтæ фæкæны. Милицæйы кусджытæ æрбацæуынц, дардæй сæм бакæсынц æмæ фæстæмæ азилынц. Æвæццæгæн сæм нæ бауæндынц, чи сæ наркоман у, чи нозты азары вæййы, хылмондаг æмæ загъдкъахджытæ сты. Милицæ сæм кæм нæ уæнды, уым цæрджытæ хъуамæ цы сфæразой», — афтæтæ сагъæс кодта поселочы цæрæг сылгоймаг.

Бон уа, æви æхсæв, æхсæнадон уагæвæрд хъуамæ алчидæр æххæст кæна, йæхимæ бæстыбикъ, комыдæгъæл чи кæсы, уыдоны та хъуамæ æрсабыртæ, æрцыбыртæ кæной, уыцы комкоммæ хæс æххæст кæныны тыххæй паддзахад мызд кæмæн фиды, уыцы барадхъахъхъæнджытæ.

 

Цы литературон æвзаг сфидар, уымæ гæсгæ

Иунæг дамгъæйæн дæр йæ бон бирæ у. «Ахсæнадон» — ацы дзырдæн йæ бындуры ис «Ахсæн». Кæд мыййаг «Æхсæнадон», — уæд уымæн та йæ бындуры ис «Æхсæнад».

Уый курæг уæ стæм, ирон æвзагыл мæт æмæ сагъæс мауал кæнут! Æрмæстдæр дзы раст пайда кæнут: дзурут, фыссут. Дæлæсыхы, уæлæсыхы æмæ фалæсыхы куыд дзурынц, куыд фыссынц, куыд зонынц, афтæ нæ, фæлæ раджы цы литературон æвзаг сфидар, уымæ гæсгæ.

 

Фарс цæттæ кæны БУТАТЫ Эльзæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here