Рейдтæ аразынц

0
596

 

Сывæллæтты фæлладуагъды тæссаг бынæттæ рабæрæг кæнынæн Æппæтуæрæсеон адæмон фронты цæгатирыстойнаг командæ «Молодежка ОНФ»-йы минæвæрттæ сывæллоны барты регионалон æххæстбарджынимæ иумæ Дзæуджыхъæуы бирæфатерон хæдзæртты спортивон æмæ хъазæн фæзтæм цæст дарынц.

Рейды архайджытæ куыд сбæлвырд кодтой, афтæмæй иуæй-иу спортивон тренажерты конструкцитæ фаг фидаргонд не сты, фæхсбандæттæ раууатмæ æрцыдысты, стæй сывæллæттæ кæм вæййынц, уыцы бынæттæм æввахс рæтты бырæтты цæндтæ фæзындысты.

Зæгъæм, Къесаты Астаны уынджы 21-æм бирæфатерон хæдзары кæрты территорийы æмбондæн ис цыргъ кæрæттæ, спортивон турниктæ сты цауд уавæры, херымæ ‘ввахс ран та бырондон сæвзæрд.

Ахæм уавæр сæвзæрд Цоколайы-фырты уынджы 2-æм бирæфатерон хæдзары кæрты дæр (ацы ран бырæтты контейнертæ дæр нæй). Тæссаг кæмæй у, ахæм электрон тыхуадзæн телтæ æввахс кæм цæуынц, Владикавказаг уынджы 55-æм хæдзары уыцы хъазæн фæзы уавæр дæр иннæтæй хуыздæр нæу. Ам цæуынц арæзтадон куыстытæ дæр (уыимæ амынд территори æхгæд нæу). — Æнахъомтæ сæ фæллад кæм уадзынц, ахæм территоритæ фыдбылызтæй бахизыныл архайæм. Рæзгæ фæлтæры æнæниздзинадæн тæссаг хъуамæ мацæмæй уа. Кемеровойы базарадон центр «Зимняя вишня»-йы æрцæуæг фыдбылызы фæстæ сфæнд кодтам цæстдарæн мадзæлттæ сæххæст кæнын, — зæгъы амынд командæйы уæнг Елехъоты Эллинæ.

«Внимание. Будьте осторожны!», зæгъгæ, афтæ фыст кæуыл ис, «Молодежка ОНФ»-йы уæнгтæ тæссаг бынæтты сæвæрдтой ахæм æмбарынгæнæн нысан æмæ ацы бынæттæ сæрмагонд уаддзагæй æрæхгæдтой. Горæты администраци æмæ цæстдарæг оргæнтæм хъусынгæнинæгтæ кæй тыххæй барвыстой, уыцы хъæндзинæдтæ иуварсгонд æрцыдысты, æви нæ, уый сбæлвырд кæнынæн, иуцасдæр рæстæджы фæстæ, командæйы уæнгтæ уæлдæрамынд бынæттæ ногæй бабæрæг кæндзысты. Сæрды кæронмæ ахæм рейдтæ арæзт æрцæудзысты республикæйы хъæууон районты дæр.

БÆДТИАТЫ Оксанæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here