Фыранк æрбаздæхдзæн Цæгат Ирыстонмæ

0
611

 

Ирыстоны национ нысан — раззагазиаг леопард кæнæ кавказаг фыранк уæвæн ис, æмæ нæм ногæй æрбаздæха ацы мæйы. Уымæн æмæ ацы цæрæгой хъæддаг æрдзы хæдбарæй цæрыныл ахуыр кæныны æмæ йæ фылдæр кæныны тыххæй Сочийы цы Центр ис, уый æввахсдæр рæстæджы дыууæ фыранчы (нæл æмæ сыл) ауадздзæн национ парк «Алани»-йы. Стæм цæрæгойтæ Цæгат Ирыстоны ауадзыны тыххæй УФ-йы Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министрад уынаффæ рахаста ацы аз 13 июлы. Йæ размæ та бирæ куыстытæ цыдысты ацы гæдымыггаг цæрæгойы Ирыстоны æрцæрыны, æмæ йæ нымæц фылдæр кæныны тыххæй.

Æппæт ацы архайд иумæйаг хъарутæй сæхимæ райстой Уæрæсейы Наукæты академийы экологи æмæ эволюцийы проблемæты институт, компани «РусГидро» æмæ регионалон хицауæдтæ. Уавæр афтæ у, æмæ цæрæгойтæ Цæгат Ирыстоны уагъд цæуынц паддзахадон программæйы фæлгæтты, æмæ йæ хорзыл банымадтой ахуыргæндтæ-зоологтæ, хицаудзинады оргæнты минæвæрттæ, гæдымыггаг дунеон специалисттæ æмæ æхсæнадон экологион организацитæ. Ноджыдæр ма иу фыранк ласт æрцæудзæн Кавказаг фæдзæхст бынатмæ (Краснодары край). Ам ма 2016 азы сочиаг Центры фыццаг хъомылгæнинæгтæ æнтыстджынæй уагъд æрцыдысты.

«Цæрæгойтæ Цæгат Ирыстоны уагъд кæй æрцæудзысты, уый руаджы гæнæн фæуыдзæн фыранкты нымæц фылдæр кæнынæн, æмæ ныронг республикæйы территоримæ чи æрбацæуы, уыцы хъæддаг цæрæгойтимæ æмбæлынæн. Уымæй уæлдай спутникон хъуырбæттæны локациты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ахæмтæй та ифтонггонд цæуынц æрдзмæ уагъд алы фыранк дæр, къухы бафтдзæн цæрæгойты фæндæгтæ бæрæг кæнын», — радзырдта Уæрæсейы Наукæты академийы Экологи æмæ эволюцийы проблемæты институты директор, академик Вячеслав Рожнов.

Иу ныхасæй, институты æмæ компани «РусГидро»- йы проект ахуыргæндты, зоологты, гидроэнергетикты æмæ бархионты куысты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, йæ фыццаг нысаныл сæмбæлд æмæ æппæтвæрсыгæй регион цæттæгонд æрцыд раззагазиаг фыранк ногæй æрцæрын кæнынмæ. Цæгат Ирыстон ссис, стыр цæттæгæнæн куыст чи бакодта, æмæ раззагазиаг фыранк Цæгат Кавказы сбирæ кæныны тыххæй ног тæлмы хуызы хорзыл нымад чи ‘рцыд, ахæм фыццаг регион.

Кавказаг фæдзæхст бынатæй уæлдай фыранктæ ауадзынæн уæлæмхасæн тæлм арæзт кæй æрцыд, уый ахсджиаг у æппæт программæ дæр царды уадзынæн. Йæ руаджы гæнæн фæуыдзæн уагъд цæрæгойтæ æппæт Кавказы сбирæ кæнынæн. Уыимæ, «РусГидро»-имæ иумæйаг проекты фæлгæты цыдысты цæттæ кæныны куыстытæ, наукон иртасæнтæ, биотехникон мадзæлттæ, стæй иудадзыг цæстдарды системæ æмæ æндæртæ сты, æндæр рæтты чи нæй, ахæм фæлтæрддзинад æмæ сæ парахат кæнын хъæуы иннæ регионты.

Уавæр афтæ у, æмæ цæрæгойтæ Цæгат Ирыстонмæ ласт æрцæудзысты дыууæ къуыримæ, сочийаг Центры хъомылгæнинæгтæ хъæддаг æрдзы цæрынмæ цæттæ кодтой дыууæ азы бæрц. Хæрзæрæджы уыдон æнтыстджынæй радтой «рауагъдон» фæлварæнтæ хибарæй цуан кæнынæн, адæймагæй тæрсгæ кæй кæнынц, æмæ сæм хæдзарон цæрæгойтыл цуан кæныны тырнындзинад кæй нæй, уыдæтты фæдыл. «Кавказы сæйраг тугдзых-фыранк ногæй йæ рагон цæрæнбынæттæм кæй раздæхдзæн, уый хорзæрдæм фæзындзæн хæххон экосистемæты уавæрыл æмæ йæ гаччы сбаддзæн, æнæ уымæй чи сбирæ, уыцы тугдзыхты нымæц. Уыимæ фыранк, бирæгъимæ, кæнæ манкъа бирæгътимæ абаргæйæ, у æмбæхстдæр цæрæгой», — загъта Уæрæсейы Наукæты академийы Экологи æмæ эволюцийы проблемæты институты хистæр наукон кусæг Аннæ Ячменникова.

Уæ зæрдыл уын куы ‘рлæууын кæнæм, уæд раззагазиаг фыранкы нымæц æрдзон уавæрты фылдæр кæныны проект царды уадзын райдыдтой 2016 азы. Йæ хъæппæрис расидæг æмæ æххуысгæнæг Ирыстоны у компани «РусГидро». Гидроэнергетикты архайды руаджы ахуыргæндтæ-зоологтæ республикæмæ акастысты куыд æвæджиауы бынат фыранктæ ауадзынæн. Раздæр та «РусГидро»-йы Цæгат Ирыстоны филиалтæ Джызæлдоны æмæ Зæрæмæджы Сæйраг гидроэлектростанцæты æртæ хатты бæрæггонд æрцыдысты хъæддаг фыранкы фæзындтытæ. Ацы цæрæгой цалдæр хатты республикæйы территоримæ кæй æрбацыд, уый документалон æгъдауæй сфидар кодта Цæгат Ирыстоны арæнхъахъхъæнæн службæ дæр.

Уавæр афтæ у, æмæ Уæрæсейы Наукæты академийы Экологи æмæ эволюцийы проблемæты институты ахуыргæндтæ 2017 сентябры Уæрæсейы Наукæты академийы Хæххон территориты экологийы, Цæгат Ирыстоны паддзахадон фæдзæхст бынаты æмæ Национ парк «Алани»-йы специалисттимæ быдырон иртасæнтæ райдыдтой Цæгат Ирыстоны фыранк ауадзыны бынæттæ ссарыны тыххæй. Цы бæрæггæнæнтæ ист æрцыд, уыдоны бындурыл куыстытæ цыдысты, фыранк хъуамæ кæм цæра, ахæм бынæттæ Центрон Кавказы космосон къамты æххуысæй ссарыны тыххæй. Национ парк «Алани»-йы территори та æвзæрст æрцыд, куыд уæлдай хуыздæр бынат раззагазиаг фыранчы цæрынæн. Уымæ гæсгæ ам арæзт æрцыд иудадзыгон цæстдарды автоматикон системæ, къамахсæнтæ хызтæ саразгæйæ. Æмæ уый тыххæй компани «РусГидро» самал кодта 70 сæрмагонд техникон фæрæзы æмæ æвæрд æрцыдысты, фыранк хъуамæ кæм фæзына, ахæм бынæтты. Уымæй уæлдай, Дыгургомы арæзт æрцыдысты, холлагдæттæн фæзуæттæ æмæ цæхх æвæрд кæм уа, ахæм бынæттæ хъæддаг сæфтæгджын сырдты нымæц фылдæр кæныны тыххæй.

Уыцы-иу рæстæг стыр куыст цыдис цæрджыты экологион ахуырадыл, æмæ сæ экологион культурæ фæбæрзонддæр кæныныл. Цы цæрæгойтæ уагъд цæуы, уыдон хуыздæр бахъахъхъæныны тыххæй арæзт æрцыдысты экологион бархионты къорд «Барс» æмæ эко-фестиваль «День барса», æппæт скъолаты та ацыдысты гом уроктæ. Уымæй уæлдай, экологион рухсадон программæйы фæлгæты Дзæуджыхъæуы цæуын райдыдта фыранчы хуызтыл ахуырст трамвай. Хæрзæрæджы та нæ горæты центрон фæзтæй иуы арæзт æрцыд скульптурон композици «Возвращение леопардов на Кавказ» æмæ дзы ис фыранчы 30 бронзæ фæды.

«Экологион рухсады сæйраг нысан у, цæрджытæ цæрæгойты куыд хъахъхъæной, уый. Фыранк — тынг къæрцхъус тугдзых, æдзухдæр йæхи дæрдты ласы адæймагæй. Экологион рухсады хæс у экологион культурæ æмæ бæрнондзинад фæуæлдæр кæнын. Уый у цæрæгойты æдасдзинады æмæ æнæзакъон цуан кæнын не ‘руадзыны хуыздæр мадзал. Хъуамæ цæрджытæ бахъуыды кæной ахæм зонды ныхас: «Фыранкыл чи цуан кæны, Ирыстоны национ фæсномыг нысаныл, уый цуан кæны йæхи адæмыл»,— фæбæрæг кодта экологион къорды разамонæг Сланты Мæдинæ.

Ныронг цы бирæ мадзæлттæ конд æрцыдысты, уыдон хорзæрдæм фæзындысты, цæмæй раззагазиаг фыранк сæрибармæ тагъддæр уагъд æрцæуа Цæгат Ирыстоны. Фæлæ ууыл проекты куыстытæ нæма фесты. Ныронг уал æххæстгонд æрцыд программæ царды уадзыны тæккæ ахсджиаг къæпхæн. Ныр та иудадзыгон цæстард арæзт цæудзæн, фыранк йæ раздæры зæххыл цæмæй æрфидар уа, уый тыххæй.

Иу ныхасæй, Ирыстоны национ фæсномыг нысан — фыранчы раздæхт райгуырæн бæстæйы æрдзмæ ахсджиаг экологион цау суыдзæн республикæйæн. Цæрæгойтæ ауадзыны мадзалы фæлгæты пълангонд цæуы дыккаг экологион фестиваль «День барса» саразын дæр æмæ йæ æрвылазон бæрæгбоны хуызы ныффидар кæнын.

Артур АЛИБЕКОВ, Уæрæсейы Наукæты академийы Экологи æмæ эволюцийы проблемæты институты æмæ «РусГидро»-йы проекты координатор

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here