Æхсæрдзæнты хъазт
Сæрды мæйты нæ хæххон цæугæдæттæ вæййынц уæлдай фыдуагдæр. Æмæ уый æнæзындгонд нæу махæн алкæмæндæр. Хуры судзгæ тынтæм цъититæ дон фестынц æмæ урс сахатæй ныййарц вæййынц дурджын фæндæгтыл. Ахæм ныфсхаст сты æмæ цыфæнды сæрсæфæн къардиу куы разыны сæ размæ, уæддæр сæхи фехсынц уыцы бæрзæндæй, æмæ нæм рауайы доны алæмæты фæзынд — æхсæрдзæн.
Рагæйдæр адæм дис кæнынц адоны æрдзон рæсугъддзинадыл. Махмæ фыццаг хатт чи вæййы, уыцы уазджыты æхсæрдзæнты хъазт уæлдай æнахуыр хъуыдытыл бафтауы. Æцæгдæр, нæ хæхбæстæ у, æхсæрдзæнтæ бирæ кæм ис, ахæм ран. Æппæты стырдæртæ та вæййынц цъититæм æввахс.
Зæгъæм, Адайгомы цæугæдоны галиу къабазы ис Æрнæджыгомы æхсæрдзæн. Уый тæссар къæдзæхтæй йæхи раппары 150 метры бæрзæндæй, æмæ æртæ хатты йæхи ныццæвы айнæг дуртыл. Цæгат Ирыстоны нæ, фæлæ æндæр рæтты дæр зындгонд сты Мидæгрæбыны алæмæты æхсæрдзæнтæ. Хонынц ма йæ æхсæрдзæнты дæлвæз дæр, æмæ ис Джызæлдоны комы райдайæны Мидæгрæбындоны рахиз къабазы. Бæрзонд айнæг къæдзæхтæй кæй хауынц, уымæ гæсгæ адæймагмæ афтæ фæкæсы, цыма æнæсцухæй арвы цъæхæй æнхъæвзынц. Фыцгæ æмæ урсфынк калгæ сахатæ дарддæр хауынц коммæ, æмæ дзы рауайы цалдæр æхсæр- дзæны. Цæугæдон Мидæгрæбындонæй скæсæнæрдæм та ис Зæйгæлæны цъити. Ардыгæй райдайы Джимарайы æхсæрдзæнты æппæты стырдæр — хауы 230 метры бæрзæндæй. Хæресы æхсæрдзæн та ссардзыстут Дыгургомы, Къуссуйы хъæуы æдде Хæресыдоны — Галдоридоны æппæты стырдæр галиу къабазы. Ахæм хъæр кæны, доны лыстæг æртæхтæ уæлдæфы афтæ ныппырх вæййынц, æмæ адæймаг афтæ фенхъæлы, цыма доны сахатæ уæларвæй хауынц.
Диссаджы рæсугъд сты Таймазийы æхсæрдзæнтæ дæр. Уыдон та фенæн ис «Ростсельмаш»-ы базæйæ дыууæ километры фалдæр хуссарæрдæм. Цæст сæм кæсынæй нал фефсæды æмæ адæймагмæ æнæферохгæнгæ æнкъарæнтæ сæвзæры. Кæрæдзийæ 150-200 метры дарддæр цъитийæ æнхъæвзынц цыппар æхсæрдзæны. Туристтæ æмæ Дыгургомы фыццаг хатт чи вæййы, уыдон сæм уынæг фæцæуынц. Ныгуылæйнаг æхсæрдзæнмæ æввахс та ис æвзалытуаг суары гуырæн.
Æрдз ирд ахорæнтæ нæ бавгъау кодта Æрæфы рæстæгмæйы æхсæрдзæнтæн дæр. Уыдон урс æндæхтæй фæхауынц ацы цæугæдонмæ, æмæ райдзаст бон æвзистау тыбар-тыбур фæкæнынц хуры тынтæм.
Ахæм нывæфтыд вæййынц Суададжы доны æмæ Цъæхцады комы доны æхсæрдзæнтæ дæр. Цы дон сæ хауы, уый æвæджиауы хорз у нуазынæн. Пайда дзы кæнынц Алагиры æмæ алыварс хъæуты цæрджытæ.
Уæдæ Ходы комы æмæ Цъæйы комы æхсæрдзæнтæ дæр адæймаджы дисы æфтауынц сæ диссаджы æрдзон хицæндзинæдтæй. Иу ныхасæй, æхсæрдзæнтæ канд хæхбæсты æрдзон рæсугъддзинад не сты, фæлæ ма йæ абухгæ тугдадзинтæ дæр.
Æмгъуыд — ахæстоны
Ацы азы 8 июлæй фæстæмæ Сырх чиныгмæ хаст цæрæгойтæ æмæ доны биологион фæрæзтæ интернеты кæнæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты уæй кæныны тыххæй тæссаг у уголовон бæрнондзинад райсынæй.
Æнæзакъонæй стæм цæрæгойтæ, доны биологион фæрæзтæ, стæй закъоны куыд амынд цæуы, афтæмæй «сæ хæйттæ» амал кæныны кæнæ уæй кæныны тыххæй æнæбары куыстыты хуызы æфхæрд лæвæрд цæуы æртæ азы æмгъуыды онг, ивар 500 мин сомæй 1,5 милуан сомы онг бафидгæйæ, сæрибарадæй дыууæ азы онг фæцух кæнгæйæ, кæнæ æнæ ахæмæй дæр кæнæ сæрибарадæй цыппар азы онг фæцух кæнгæйæ, ивар уæлдæр амынд бæрцмæ фæкæнгæйæ.
Афтæмæй æххæстгонд цæуы УФ-йы Уголовон кодексы 258.1 статья УФ-йы Сырх чиныгмæ хаст кæнæ УФ-йы дунеон бардзырдтæм гæсгæ хъахъхъæнинаг уæлдай зынаргъдæр хъæддаг цæрæгойтæ æмæ доны биологион фæрæзтæ æнæзакъонæй амал кæныны æмæ зилдухы тыххæй.
Æхсæрхъæд — заууаты уавæры
Климæтон æмæ мæры уавæртæм гæсгæ æхсæрхъæд æвæджиауы хорз зайы Цæгат Ирыстоны территорийы. Бирæ хъæутæм æввахс хъæдты фенæн ис ацы пæлæхсар къутæрты, æмæ адæм цæрæнбонты сахуыр сты йæ лæвæрттæй пайда кæныныл. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæйы азты царды фадæттæм гæсгæ хъæуты цæрджыты æхсæрхъæд уæлдай æхсызгондæр хъуыдис мих æмæ уис æркæнынæн, цæмæй сæ цæхæрадæтты алфамбылай кауæй æрæхгæдтаиккой. Канд уый тыххæй дæр нæ.
Уæды тыхст рæстæджыты хъæуты цæрджытæ сæ цæхæрадæтты фылдæр сагътой хъилы хъæдур, æххормаг мæлæтæй сæ ирвæзынгæнæг кæй уыдис, уымæ гæсгæ. Курдиатджын поэт Цæрукъаты Алыксандр хуымæтæджы нæ ныффыста «Гимн хъилхъæдурæн». Уавæр афтæ уыд, æмæ æхсæрхъæд михтæн, уистæн, хъæдурыхъилтæн, æндæр æрмæджытæн иудадзыг цагъд кæй цыдис, уымæ гæсгæ азæй-азмæ æрыгондæр кодта.
Æз Толдзгуыны хъæуæй рацæугæ дæн. Уый у Цæгат Ирыстоны нывæфтыддæр бынæттæй иу. Ис тæрс, фатхъæд æмæ æхсæрхъæды æхсæн. Хорз ма хъуыды кæнын, сывæллон ма куы уыдтæн, уæд-иу мæ фыд æмæ сыхаг нæлгоймæгтæй алчидæр уалдзæджы æрцæттæ кодтой дыууæ мин хъæдурыхъилы, æмæ-иу уымæй къутæртæ къаддæр нæ фесты, фæлæ — фылдæр. Цы æхсæртæ сыл зади, уыдон та-иу уыдысты ставддæр.
Кæд нæ хистæртæм сæрмагонд ахуыргонддзинад нæ уыдис, уæддæр сын æрдзон зонд æххуыс кодта æрдз æмæ адæймаджы æхсæн æмхуызондзинад хъахъхъæнынæн. Ныр та ацы бастдзинад бындуронæй фехæлд. Абон хъæды фæзуæттæ кæй бæрны сты, уыцы амалхъомтæ æхсæрхъæд фæногдæр кæныны тыххæй кæй ницы мадзæлттæ аразынц, уымæй уæлдай цæлхдуртæ æвæрынц, ацы куыст йæхимæ райсын кæй фæнды, уыдоны размæ.
Нæ республикæйы иу районы хъæды хайады разамонæгимæ ныхас кæнгæйæ, уый цæхæртæ калдта æхсæры къутæртæ ногдæр кæныны тыххæй. Цыма уый хаст æрцыд РЦИ-Аланийы Сырх чиныгмæ æмæ йæм æвналæн нæй. Æз афæлвæрдтон йæ басæттыныл, зæгъгæ, æхгæд мадзæлттæ æхсæрхъæд заууаты уавæрмæ æркодтой, фæлæ мæ уæддæр нæ бамбæрста. Фæстаг рæстæг æхсæрхъæдмæ æвналæн кæй нæй, уымæ гæсгæ бирæтæн сæ бон нæ вæййы хъилтæ ракæнын, æмæ уалдзæджы хъæдур садзгæ дæр нæ ныккæнынц.
Ныртæккæ хъæды фæзуæттæ кæй къухы сты, уыдон цыма исчи равзæрста, уыйау хъæды лæвæрттæй пайда кæнынц, куыд сæ фæнды, афтæ, службæйы хæстæ та ницæмæ дарынц. Æвæццæгæн дзы кæмæндæрты сæ зæрдыл æрлæууын кæнын хъæуы советон рæстæджы зонды ныхас: «Хъæд у адæмон хъæздыгдзинад æмæ йæ хъахъхъæнын хъæуы». Ныр та фылдæр хатт хъæдмæ бацæуæн дæр нæ вæййы, дæхицæн дзы исты æрцæттæ кæныныл куы нæ дзурæм, уæд.
Абон уавæр афтæ у, æмæ ахсджиаг фарстамæ æркæсын хъæуы РЦИ-Аланийы Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министрады. Ацы ведомствойы фылдæр кусын хъæуы районты хъæды хайæдты специалисттимæ, цæмæй сæ архайд иудадзыг арæзт цæуа адæмы фæрныгад нывылдæр кæнынмæ. Хъуамæ æрвылаз ногдæр кæнæм æхсæрхъæды къутæртæ, цæмæй хъæдур садзæн уа нæ цæхæрадæтты æмæ уымæн хъæуы хъилтæ цæттæ кæнын дæр.
ХÆМЫЦАТЫ Тигран, хъæды хæдзарады специалист
Хуыскъæлы гæнгæлы
Хæхбæсты цы хæрынæн бæзгæ зайæгойтæ ис, уыдоны æхсæн чысыл ахадындзинад нæй хуыскъæлы гæнгæлыйæн. Хоры хуымтæ рувыны рæстæгæй дыууæ-æртæ къуырийы куы рацæуы, уæд ацæттæ вæййы. Хуымгæнды чи зайы, уый вæййы ставд, донджын, фæлмæн æмæ хæрзад. Йæ бæрзæнд арæх хæццæ фæкæны 18-30 сантиметры онг. Фæззæджы фыццаг бонтæм йæ къоппа фæцæттæ вæййы, æмæ йæ мыггæгтæ вæййынц хъонтхорайы мыггæгты хуызæн.
Хæмпæлы гæнгæлы та зайы бæрзонд. Ахæм гæнгæлыйæн йæ зæнг вæййы хъуынджын, йæ цъар стигъын æнцон кæд нæу, уæддæр у хæрзад.
Цæгат Ирыстоны быдырон хайы, бæлвырддæр зæгъгæйæ, Сылтаныхъы, Мындыстыны, Цъуптымæры æмæ Сæгъгæсы хуыскъæлы гæнгæлы бирæ хæттыты федтон хæмпæлгæрдæджыты æхсæн. Куыд æмæ кæд «рабалц кодта» хохæй быдырмæ — Хуыцау йæ зонæг. Хъуыддаг афтæ у, æмæ гæнгæлы кæм æрзайы, уым хуыскъæлæн дæр æнæ уæвгæ нæй.
Мæкæрæз
Хуыскъæлæн æрмæстдæр ис иунæг æрвад — мæкæрæз. Дыууæмæ дæр ис куыд æмхуызондзинæдтæ, афтæ фæйнæхуызондзинæдтæ дæр. Мæкæрæз цæттæ вæййы рувæнты, зайгæ та кæны æрмæстдæр хоры хуымты 5-6 сантиметры æрфæн. Хуыскъæлы хуызæн цупæлттæй нæ зайы, фæлæ иугæйттæй. Раздæр дыууæ-æртæ чысыл нарæг сыфы сзынынц зæххæй, фæстæдæр та æвзар бын кæнын райдайы. Мæкæрæз хуыскъæлæй у лыстæгдæр æмæ хæрзаддæр. Цавæр мыггæгтæй фылдæр кæны, уый та ныронг ничи базыдта.
Мæкæрæзы бинаг хайыл вæййы, сæ дæргъ дыууæ сантиметры кæмæн у, ахæм лыстæг уидæгтæ. Уый дæр хуыскъæлы хуызæн вæййы сæнтурс. Йæ цъар, æхсгæйæ, æнцонæй фæхауы, æмæ сæрттивы налхъуыт-налмасау. Ныр та сыл цæхх ныккæн æмæ дын хæрынмæ сты цæттæ. Мæкæрæз йæ цъарæй куы фæхицæн вæййы, уæд сахаты фæстæ сырхбынбур афæлдæхы, æмæ йæ хæрзаддзинад бæлвырд фæцуды. Æхсыры фыхæй та вæййы алæмæты хæрзад.
Хуымæтæджы нæ фыдæлтæй нæ баззад ныхас: йæ тæккæ мæкæрæзыл у, зæгъгæ. Ома, кæцыдæр хъуыддаг йæ тæккæ хорзыл кæнæ цæттæйыл у. Мæкæрæз куы ‘ркъахай æмæ йын йæ цъар куы нæма фæхицæн кæнай, афтæмæй сыджыты бын фæкæн, æмæ мæй æмæ æрдæджы бæрц, цыма йæ ног ракъахтай, афтæ уыдзæн. Кæд хуыскъæлыл æндæр рæтты фембæлдтæн, уæд мæкæрæзыл та мæ цæст никуы ‘рхæцыд. Уый афтæ æмбаргæ у æмæ мæкæрæз никуы зайы нæ хæхбæстæй фæстæмæ.
Арвы цæфæй дæхи хъахъхъæн
Арвы цæф у электрон ифтыгъд. Ахæм тыхтæ бамбырд вæййынц иу мигъы хицæн хæйтты кæнæ та мигъæй зæххон уæлцъары æхсæн. Электрон ифтыгъдтыты фæстаг хуызæй та уæлдай тæссагдæр у, зæххыл чи вæййы, уыцы адæмæн.
Арвы цæфы фæндагыл цы æгæрон электрон тыхтæ бамбырд вæййынц, уыдон уæвæн ис, æмæ хæццæ кæной сæдæгай мин вольттæм, токы хъару та хæццæ фæкæны дæсгай мин ампермæ. Кæд адæймаг йæхиуыл бафæлвары ахæм тыхы архайд, уæд æнхъæлмæ кæсæн нæй, удæгас ма баззайдзæн, уымæ. Уымæ гæсгæ уын уæ зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм, тæрккъæвдайы рæстæг нæхи куыд хъуамæ дарæм, уыцы æгъдæуттæ.
Кæд ахæм заман сымах стут стыр горæты бæрзонд бæстыхæйтты æхсæн, уæд уын арвы цæфæй æппындæр тæссаг нæу. Уымæн æмæ фылдæр хæдзæртты арæзт ис арвы цæф уадзæнтæ.
Мыййаг, горæты кæнæ æндæр цæрæн бынаты æдде стут, уæд къæвдайæ ма æмбæхсут, иунæгæй чи лæууы, ахæм бæласы бын. Фæлæ афтæ рауад, зæгъæм, уæд та бæласмæ разæрдæм кæнæ фæстæрдæм слæууын фæхъæуы, цæмæй къаддæр электрон тых фæхæццæ уа уæ къæхты бынмæ.
Тæрккъæвдайы рæстæг тæссаг у цæугæдоны хинайын дæр. Уымæн æмæ дон электрон тых хорз уадзы. Тыхджын къæвда æрцæуы, зæгъæм, уæд ахæм заманы æмæ уарыны рæстæджы дæр тæссаг у, даргъ чи уа, ахæм предметтæ электрон тыхдæттæн линиты бынты хæссын. Нæ ныхас уæлдай тынгдæр у графитæй æнгуыры хъæды фæдыл. Уый хæсгæйæ, токæй ныццæвынæй тæссаг у, электрон тыхы телтыл куы нæ баныдзæва, уæддæр. Суанг 1-2 метры æввахсмæ дæр фыдбылыз æрцæуы. Уымæ гæсгæ тæрккъæвдайы рæстæг æппæтæй хуыздæр у æфсæйнагæй предметтæм æввахс нæ лæууын. Ахæм цаутæ æрцыд æмæ арв дзыппы æвæрд дæгъæлты басты тыххæй дæр кæд ныццавта.
Адæймаг хъыгдард куы баййафа арвы цæфæй: улæфгæ нал кæны, йæ пульс нал кусы, уæд ын райдайын фæхъæуы кæнгæ улæфт кæнын æмæ йæ зæрдæ æууæрдын. Уыцы-иу рæстæг æвæстиатæй тагъд медицинон æххуысмæ фæдзурын. Адæймаджы фервæзын кæныны тыххæй та дæ архайдæн уадзæн нæй, цалынмæ тагъд æххуыс æрбацæуа, уæдмæ. Уæхи хъахъхъæнут арвы нæрыны рæстæг. Æххæст кæнут æдасдзинады хуымæтæджы æгъдæуттæ, цæмæй арвы цæфæй бахъахъхъæнат уе ‘нæниздзинад æмæ цард дæр.
Гидрометцентр
Хæххон цадтæ
Нæ республикæйы цъититæ æмæ митджын бæрзæндтæм æввахс ис хæххон цадтæ. Сæ фылдæры равзæрд баст у нырыккон æмæ рагон цъититимæ, фæлæ æппæтæйдæр арф не сты. Зæгъæм, Къæдзæхджын æмæ Хизæнуæтты рæгътыл, фæхстыл дæлзæххон дæттæ чъырдуртæ æмæ доломитты кæм ныттайын кодтой, уым фæзындысты, сæ фæзуат стыр кæмæн нæу, ахæм цадтæ æмæ сты цъайты хуызæн.
Ахæм цадтæ фенæн ис Æрыдоны доны дæлвæзы, бæлвырддæр зæгъгæйæ, Ныхасы комы. Хизæнуæтты рагъыл та фембæлæн вæййы дзыхъхъæнгæс æрфытыл. Дон йæхицæн фæндаг айгæрста къæдзæхты скъуыдты æмæ цæуы зæххы бынмæ. Фæлæ ацы дзыхъхъытæ арæх фехæлынц, рауайы сæ дурын къусы хуызæн рæстæгмæйы цадтæ.
Нæ хæхбæсты ис алыхуызон суæртты фыцгæ цадтæ дæр. Уыдон сты Мамысоны комы Згъилыхъæумæ хæстæг. Къæдзæхы нуарæй цæуæг суары газ ацы чысыл цадæн дæтты æнахуыр рæсугъддзинад. Куыдфæстагмæ дзы доны зайæгойтæ дæр ма фæзыны.
Нæ республикæйы хæхты тынг уымæл рæтты ис, дон кæцæй æнхъæвзы, ахæм цадтæ дæр. Зæгъæм, Сонгуыты æмæ Бады. Æппæт уæлхох цадтæ дæр донæй æфсæст цæуынц цъититæ æмæ митджын бæрзæндтæй цæуæг сахатæй. Уыдонæн сæ тæф кæй цæуы, уымæй уæлдай сæ фæрсудзынц къæдзæхты фæлмæн рæттæ æмæ хъарынц зæххы арфмæ.
Нæ республикæйы махæн зындгонд у, цъититæй чи равзæрд, ахæм 20 чысыл цадæй фылдæр. Дæргъвæтин рæстæг сæ уæлцъар æхгæд вæййы бæзджын ихæй. Куы ‘ртайы, уæд ихы къæрттытæ сæ уæлæ ленк фæкæнынц æнæхъæн сæрд.
Къæдзæхты алыварсæй уæлдай цадтæ фенæм цъититы уæлæ дæр. Сæ фæрстæ æмæ бынтæ фылдæр хатт вæййынц ихæй, сæ хуыз та у бур, цъитийыл цы чъизи æрбады, уымæй. Ахæм цадтæ мах зонæм Схъазы цъитийыл. Фылдæр хатт сæ сахатæ байдзаг кæнынц мит æмæ ихы къæрттытæй. Фæлæ уыдон иу ран куы фесæфынц, уæд та сын æндæр ран æнæ фæзынгæ нæй. Уый у æрдзы æнахуыр миниуæг. Ирд донæй дзаг хæххон цадтæ та канд рæсугъд не сты, фæлæ ма хаст цæуынц нæ республикæйы доны цыртдзæвæнтæм дæр.
Константин ПОПОВ, Цæгат Ирыстоны паддзахадон æрдзон фæдзæхст бынаты наукон кусæг
Кæрæдзи нæ рох кæнынц
Æвддæс азы размæ къадз, кæнæ урс сыл кæсаглас Маленæйы цуанæттæ фехстой. Цæф маргъы бахастой хорватаг хъæу Бродский Варосы фосы дохтырмæ. Уый йæ дзæбæх кæнын райдыдта, фæстæмæ йæ йæ ахстоны сæвæрдта æмæ йын хæринаг уырдæм хаста æрвылбон.
Кæд Маленæйы цард хъахъхъæд æрцыд, уæддæр æй цæф базырæй тæхæн нæ уыд. Йе ‘мбал урс кæсаглас Родан зымæгиуат кæнынмæ Хуссар Африкæмæ куы атахти, уæд иууылдæр æнхъæл уыдысты, Маленæ иунæгæй амæлдзæн, йæхицæн къай кæй не ссардта, уый тыххæй.
Фæлæ æрцыд æнахуыр диссаг. Нæл урс кæсаглас фæстæмæ æрыздæхт. Уæдæй фæстæмæ æрвылаз Хусар Африкæмæ, зымæги- уат кæнынмæ тæхгæйæ, уый фæстейы фæуадзы 13 мин километры. Уæдæ йæ, фæстæмæ Хорватимæ здæхгæйæ дæр бахъæуы ахæм дæрддзæг атæхын, ам æм алы хатт дæр Маленæ кæй æнхъæлмæ фæкæсы, уый тыххæй.
Æрвылаз ацы бинонтæн фæзыны ног цот. Лæппынты Родан ахуыр фæкæны тæхыныл. Куы бахъомыл вæййынц, уæд иумæ атæхынц хъарм бæстæмæ Уалдзæджы та æппæтæй дæр иумæ фæстæмæ æрыздæхынц Маленæмæ.
Фарс цæттæ кæны ТОХСЫРТЫ Къоста














