Зарæг!.. Уый уды рæсугъд фарн у. Афтæ мæм кæсы, цыма зарæггæнæгæн Дунесфæлдисæг Хуыцау зарды аивад стыр лæварæн ратты. Зарæгимæ нæ рагфыдæлтæ — алантæ цыдысты уазæгуаты, цуаны, стæры, тохмæ… Зарæг уыд сæ царды фæткы, нысанмæ цæугæйæ, хорз хотыхау, хъæугæ æвдисæг мадзал уæлахизтæм цæугæйæ! Зарæг сын лæвæрдта стыр разæнгарддзинад, ныфс æмæ тых!
Ирыстоны адæмæн зындгонд у Хадыхъаты Аллæйы стыр курдиат, у эстрадон зæрæггæнæг. Уый йæ цард, йæ бон, йæ хъысмæт снывонд кодта бæрзонд аивадæн. Йæ зæливайæнтæй адæймаджы равг кæны рухсдæр, æууæндын æй кæны зарæджы арф хъуыдыйыл. Уæдæ йæ бирæвæрсыг, хъуыдыджын зарджытæ фылдæр сты адæмон, иннæтæ та — ирон классикты æмæ нырыккон поэтты фыст.
Цал æмæ цал зæрдæйы барухс кодтой, цал æмæ цал удрæбыны бацардысты йæ зарджытæ — рæсугъд уарзты æнкъарæнтæ. Цал æмæ цал æрыгон адæймаджы базырджын кæны эстрадон зарæггæнæг, Ирыстоны адæмон артисткæ, Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисткæ Хадыхъаты Аллæйы зæлаив хъæлæс.
Йæ зарджытæ сты алы темæтыл — бирæвæрсыг, эмоционалон, царды рухсхæссæг, зæрдæскъæфæн кæнынц адæймаджы сæ хъæздыг нывтæй, сæ ирд сурæттæй, цыбыр сюжеттæй æмæ мелодиты æххæстдзинадæй: «Дыууæ уды», «Æз дæр дæ куы уарзтон», «Фыййауы бæллиц», «Симды фæз», «Арфæйы зарæг», «Мыггаджы фарн», «Уарзгæ дæ куы кæнын», «Дзæуджыхъæу», «Райгуырæн бæстæ», «Мæ зынаргъ, мæ уарзон», «Нарты фæткъуы»…
Дæсны зарæггæнæг зарды аивадæй улæфы, йæ дадзинты алы æртауæй дæр афтæ зæрдиагæй бакусы зарæджы текстыл æмæ мелодийыл, æмæ дзы уæд рауайы зæрдæмæхъаргæ композицион æгъдауæй чысыл сюжет-спектакль. Уыдон адæймаджы зæрдæйы кæнынц рæсугъд, цардмонц, уарзтæй дзаг, удфидардæр.
Æмæ та куы райхъуысы радио кæнæ телеуынынадæй:
«Ой! Ой! Фыййау нын ныззары фосы бæркадыл:
Хорз уæ фæхиздзынæн сойджын кæрдæгыл!..» —
Уæд мæм афтæ фæкæсы, цымæ арф кæмдæр арвы цъæхы тыгъдады Хуыцæуттæ дæр рабадынц æмæ фæхъусынц аргъæутты дзуринаг сылгоймаджы уæлмонц зардмæ. Хæхтæй радымы уахъæз, сулæфы зæрдæ, базмæлынц, бахудынц дидинджытæ, барайы æгас хурæфсæст Ирыстоны æрдз…
— Чи у Аллæ?! Кæцæй исы уды хъару, æнæсысгæ, æгæрон уарзт зарды аивадмæ? — уымæй йæ бафарстон.
— Райгуырдтæн горæты æмæ хъомыл кодтон ирон сыхы… Дзæуджыхъæуы 30-æм астæуккаг скъола каст куы фæдæн, уæд бацыдтæн аивæдты училищемæ, уыцы-иу рæстæг куыстон Цæгат Ирыстоны паддзахадон музыкалон театры, фæстæдæр ацыдтæн ахуыр кæнынмæ Краснодармæ Культурæйы институтмæ.
Мæ фыццаг ахуыргæнджыты вокалæй, Гæцойты Алыксандр æмæ Хестанты Неляйы никуы ферох кæндзынæн.
Ме сфæлдыстадон куыст райдыдтон 1988 азы, мæ репертуары уыдысты ирон адæмон зарджытæ, стæй ирон поэтты уацмыстæ. Уыцы рæстæг Евгений Воложанинимæ ныффыстон цалдæр зарæджы æмæ куы рацыдысты эфиры, уæд мæ адæм хуыздæр базыдтой æмæ бауарзтой. Мæ фыццаг къахдзæфтæ аивадмæ уыдысты ныфсджын… Куыстон нæ республикæйы культурæйы дæсны æмæ сгуыхт архайджытæ Гæздæнты Булат æмæ Мыстулаты Ирæимæ. Уыдон мын алывæрсыгæй амыдтой зарды æмæ музыкæйы сусæгдзинæдтæ, суанг сценæйы хи дарыны æгъдæуттæ.
Цæгат Ирыстоны филармонийы куыстон Суанты Кимимæ, уыдис мын аивады мидæг хи ‘фсымæрау. Мæ репертуар уыд алыхуызон: архайдтон бирæ концертты, зарыдтæн кавказаг адæмыхæттыты зарджытæ, уырыссаг романстæ æмæ советон композиторты уацмыстæ, канд нæ республикæйы нæ, фæлæ Уæрæсейы æмæ фæсарæнты дæр.
Нырттæккæ мæ репертуар бирæ фæхъæздыгдæр нæ поэтты уацмыстæй: Чеджемты Æхсар, Кокайты Тотрадз, Хадыхъаты Фатимæ, Хабæты Риммæ, Гаглойты Индирæ æмæ Толик…
Мелодитыл бакусынц композитортæ Евгений Воложанин, Золойты Белæ, Плиты Мурат, Тыбылты Леонид, Тедеты Шаликъо, Бирæгъты Маргаритæ, Хоранты Виктор… Ныртæккæ дæр кусын Цæгат Ирыстоны филармонийы адæмон инструмнетты оркестримæ, дæн йæ солисткæ, йæ разамонæг у Ходы Олег.
Аивадон æгъдауæй куыд бæрзонд сырæзт Аллæ, уымæн æвдисæн сты нæ республикæйы, стæй Уæрæсейы бирæнацион аивадуарзджытæ.
Хицауад аккаг аргъ скодта курдиатджын эстрадон зарæггæнæг Хадыхъаты Аллæйæн, кад æмæ фарнимæ хæссы РЦИ-Аланийы адæмон, стæй Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисткæйы ном.
Сыгъзæрин зæрдæйы хицау, æнæнцой, куыстуарзаг, удæй балхæдта адæмы зæрдæтæ, уарзынц ын йе сфæлдыстад, йæ цардбæллондзинад. Гъе, уыцы уæлахизты тыххæй йын лæвæрд æрцыд майдан «Ирыстоны Намысæн».
Зар, Аллæ, Ирыстоны цардамондæн, дзыллæты фарнæн, нæ уарзон зарæггæнæг, нæ цинтыл цингæнæг, нæ фарныл фарн æфтауæг!
Зар! Дæ уды хорзæхтæ цæргæбонты зарды аивадæй тауыс канд Ирыстоны цæрджытыл нæ, фæлæ ма æппæт бæстæтыл, суанг фæсарæнты дæр!
Аллæ, дæ уды хорзæх, дæ зарды фарн адæмæй дæ къонамæ, дæ уарзон кæстæртæм сæдæйæ здæхæнт!
Зарæггæнæг
(Хадыхъаты Аллæйæн)
Уый кæй зарæгмæ райхæлы зæрдæ?
Уый кæй хъæлæсæй рухс кæны уд?
Уый ирон чызджы зарджыты бæстæй
Арвмæ систа зæринбазыр хур.
Зарæг стахти сæрибар бæрзæндтæм —
Хæхты, кæмтты ныййазæлы зæл.
О, Ирыстон, Аланты рагбæстæ
Цард ‘мæ амонд куы фестин дæуæн!
Уый ирон чызг йæ зараг хъæлæсæй
Ирыл луары йæ зарджыты зæл.
Иу Ирыстоныл тауы йæ зæрдæ:
Ирыстон!.. Нывонд дын мæ сæр!»
БЫЗЫККАТЫ Земфирæ














