Ирыстон — Сири: хæлар ахастдзинæдтæм тырнгæйæ

0
460

 

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав фембæлд Сирийы Æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Рияд ХАДДАДИМÆ.

Уазæг йæ бинойнагимæ фæнд кæны Хуссар Ирыстон бабæрæг кæнын, цæмæй архайа республикæйы хæдбардзинадыл дæс азы сæххæсты бæрæгбоны. Битарты Вячеслав зæрдиаг æгасцуай загъта кадджын уазæгæн æмæ йын раарфæ кодта, Сири Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, уый тыххæй.

— Стыр бузныг уын зæгъын Ирыстоны æппæт адæмы номæй, Сирийы Хицауад Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, уый тыххæй. Дунейы политикон процесстæм, уавæрмæ сæрмагонд цæстæнгас кæй дарут, уый цæхгæр хицæн кодта кæддæриддæр сириаг адæмы дунейы дзыллæтæй. Уый та нысан кæны, Сири кæй у бирæнацион республикæ, ам, кæрæдзи æмбаргæйæ, цæрынц 99 адæмыхатты, — загъта Битары-фырт. Уыйма Рияд Хаддады зæрдыл æрлæууын кодта, XIX æнусы кæрон ирон адæмæй дæр бирæтæ Сиримæ хуыздæр цардаргур кæй ралыгъдысты. Загъта, Ирыстон æмæ сириаг адæмы ‘хсæн рагæйдæр хæлар ахастдзинæдтæ кæй ис, уый.

Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй, йæ зæрдæ дары, тагъд рæстæг Сирийы сабырдзинад кæй æрфидар уыдзæн, ууыл. Ацы бæстæ та рæхджы хъуамæ дидинæг æфтауын райдайа, æмæ уæд Ирыстон дæр Сириимæ бастдзинæдтæ кæй ныффидар кæндзæн.

Рияд Хаддад йæ уазæгуарзондзинады тыххæй стыр бузныг загъта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн. Бафиппайдта, Хуссар Ирыстон хæдбар паддзахадыл кæй банымадтой, уыцы къахдзæфтæ акодтой фидар зондимæ.

— Мах Хуссар Ирыстонимæ бафыстам цалдæр бадзырды æмгуыстады фæдыл æмæ архайдзыстæм, цæмæй сæ нысантæ дыууæ республикæйы хæрзæбоныл сахадой, æмæ сæ фæрцы нæ хæлардзинадæн æвæрд æрцæуа фидар бындур.

Фембæлды ма архайдтой РХИ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитри, Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады дзæуджыхъæуккаг территориалон хайады минæвар Хетæгкаты Алан æмæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады Администрацийы разамонæг Челæхсаты Рустем.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here