Æргом æмæ зæрдæйæзæрдæмæ ныхас уыдис РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеславæн нæ республикæйы мыхуыры æмæ Интернеты фæрæзты разамонджытимæ фембæлды рæстæг. Мадзал бацæттæ кодтой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæйы разамонæг САБАНТЫ Фатимæ æмæ дзыллон бастдзинæдты æмæ мыхуыры комитеты сæрдар ФИДАРАТЫ Юри.
Регионалон хицаудзинады бирæвæрсыг архайды фæдыл сæйраг редакторты фæрстытæн нæ республикæйы Сæргълæууæг бæлвырд дзуаппытæ радта.
Паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-йы директор Хъуысаты Тимуры фарст Битарты Вячеславмæ, нæ бæстæйы Президент Владимир Путинимæ фембæлды ныхас цæуыл цыдис æмæ цы хатдзæгтæм æрцыдысты, уый тыххæй, уый канд мыхуыры æмæ Интернеты фæрæзты кусджытæн цымыдисаг нæ уыдис, фæлæ Ирыстоны цæрджытæн се ‘ппæтæн дæр.
Битарты Вячеслав куыд радзырдта, афтæмæй нæ бæстæйы Сæргълæууæгæн равдыста, 2030 азмæ Цæгат Ирыстон дотацион республикæйы бынатæй цæмæй рахиза, ахæм рæзты пълан. Уый тыххæй, æнæмæнг, хъæуы хи æфтиæгтæ фылдæр кæнын, инвесторты æргом здахын. Битарыфырт ма радзырдта, вазыгджын чи у, республикæйы рæзтæн ахъаз чи уыдзæн, уыцы проектты нысантæ царды рауадзыны фæдыл дæр.
Ирыстоны арæзт цæуынц социалон объекттæ: рæвдауæндæттæ, скъолатæ, хъæуты культурæйы хæдзæрттæ, рынчындæттæ. Сæ фылдæрыл архайд цæуы федералон центры æххуысæй.
УФ-йы Президентимæ фембæлды рæстæг нæ республикæйы Сæргълæууæг Владимир Путинæй куырдта, цæмæй баххуыс кæна Мæздæджы районы лыггæнинаг фарстатæ сæххæст кæныны хъуыддаджы. Президент йæ разыйы дзуаппы фæстæ бæлвырд хæслæвæрдтæ бабар кодта. Нæ бæстæйы разамынд ма хорзыл банымадта, республикæйы егъау спортивон мадзæлттæ кæм цæудзæн, «Зрелищный зал», зæгъгæ, чи хуыйндзæн, ахæм объекты арæзтад дæр.
Газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редактор Битарты Маринæ республикæйы Сæргълæууæджы бафарста, оптимизацийы уавæрты æнæниздзинад хъахъхъæнынады ахсджиагдæр фарстатæ абон куыд æххæстгонд цæуынц, уымæй. Битары-фырт ацы фарсты фæдыл загъта, куыдфæнды ма уæд, оптимизаци хъуамæ адæмæн медицинон лæггæдтæн цæлхдур ма уа, суанг фæсивæд хæххон хъæутæй куы уой, уæддæр, фæлæ ноджыдæр арæзт цæудзысты «ФАП»-тæ дарддзæф пунктты дæр. Газет «Пульс Осетии»-йы сæйраг редактор Петр Сафроновы фарст та уыдис, цавæр ахадындзинад ис, нæ республикæмæ чи æрбацыд, уыцы базарадон компанитæ «Метро» æмæ «Леруа-Мерлен»-æн.
— Семæ æрбахастой, базар кæныны нырыккон культурæ æмæ адæмæн лæггад кæныны ног куыст, иумæйагæй та сахаддзысты нæ республикæйы экономикæйы рæзтыл, — загъта Битарты Вячеслав. Уымæй уæлдай ма Сæргълæууæг фæнысан кодта, цæмæй амалхъомтæ сæрибар конкуренцийæ ма тæрсой, фæлæ архайой фылдæр продукци уадзыныл.
Фембæлды ныхас цыдис Беслæны нартхоры комбинаты хъысмæтыл æмæ, бирæ азты дæргъы мызд чи нал райста, уыцы кусджыты уавæрыл.
Электрон тыхы тарифтæ фæкъаддæр кæнынæн исты мадзæлттæ ис æви нæ, уыцы фарстæн та Битарты Вячеслав ахæм дзуапп радта: «Цæгат Кавказы федералон зылды нæ республикæйы электрон тыхы тарифтæ, иннæ регионтимæ абаргæйæ, сты къаддæр».
Сидзæр сывæллæтты хæдзæрттæ æмæ æвзонгты станцæйы объекттæм хъусдард дарддæр куыд цæудзæн, уымæй республикæйы Сæргълæууæджы бафарста газет «Северная Осетия»-йы сæйраг редактор Касаты Алан. Битарты Вячеслав куыд радзырдта, афтæмæй ахуырады системæйы ис иунæг хæс — йæ рæзтыл кусын. Фыццаджыдæр, рæзгæ фæлтæры интерестæ сты зæрдылдаринаг. Сывæллæтты сфæлдыстадон центрты лæвар лæггæдтæ хъуамæ фылдæр кæной, саразын ма хъæуы курдиатджын сывæллæттæн сæрмагонд центр, æмæ тагъд Цæгат Ирыстоны фæзындзæн технопарк «Кванториум».
Телекомпани «Осетия-Ирыстон»-ы журналисты цымыдисы æфтыдта, «Электроцинк» æмæ «Росприроднадзор»-ы æхсæн тæрхондон цы хъуыддаг æвзары, уыцы фарста. Республикæйы Сæргълæууæджы хъуыдымæ гæсгæ, кæцыфæнды завод дæр йæ куыст хъуамæ араза æппæт хъæугæ нормæтæн дзуапп дæтгæйæ. Республикæйы арæзт æрцыдысты, «Электроцинчы» лыггæнинаг фарстатыл чи архайы, ахæм кусæг къордтæ. Ацы темæйы фæдыл ма Битары-фырты бафарстой, биоэтанол уадзынмæ цæттæ чи у, уыцы куыстуæтты уавæры тыххæй дæр.
— Ацы фарста УФ-йы Паддзахадон Думæйы дыккаг бакасты æвзæрст цæудзæнис фæззæджы. Фадат уыдзæн, æгуыстæй чи лæууы, уыцы куыстуæттæ скусын кæнынæн æмæ уæлæмхасæн инвестицитæ æрбаздахынæн», — уыдис республикæйы Сæргълæууæджы дзуапп.
Арвыкомы фæндагыл цæстдарæн-уадзæн пункты нывыл куыстыл цавæр мадзæлттæй ис бацархайæн, зæгъгæ, фарсты фæдыл Битарты Вячеслав загъта, фæндаджы куыст бирæ фæрогдæр кæнид Фæскавказмæ ахизынæн хъæугæ хъуыддæгты, фæлæ ацы ран уавæр фылдæр политикон у, æмæ йæ алыг кæныны мадзæлттæ аразгæ сты нæ бæстæйы разамынд æмæ Гуырдзыстоны хицауадæй.
Битары-фырт разы у Цæгат Кавказы республикæты ‘хсæн æфсæнвæндаджы магистралы арæзтадыл дæр. Æрæджы Цæгат Ирыстонмæ кусæг балцы æрбацыд Республикæ Кæсæг-Балхъары Сæргълæууæг Юрий Коков. Битары-фырты ныхасмæ гæсгæ, ахæм фембæлдтытæ уыдзæнис Цæгат Кавказы иннæ регионты сæргълæуджытимæ дæр.
25 августы Цхинвалы райдайдзæн ирон адæмы съезд. Æмæ, цы фарстатыл цæудзæн ныхас, уый тыххæй республикæйы Сæргълæууæг загъта, Хуссар æмæ Цæгат Иры разамынд кæй кусынц, архайынц, царды æмæ æхсæнады алы къабæзты ахсджиаг фарстатæ лыг кæныны хъуыддаджы кæрæдзийæн æххуыс кæныныл. Ныфс нæ ис, съезды хистæртæ, фидæны фæлтæрты хорз хъуыддæгтæм разæнгард чи кæндзæн, Ирыстоны рæзтæн ахъаз чи уыдзæн, ахæм стратегийы принциптыл кæй бацархайдзысты, уымæй.














