Хъуыддæгтæ конд цæуынц афойнадыл æмæ æххæстæй

0
458

 

Министрадтæ æмæ ведомствотæ цæрджыты зонгæ кæнынц, сæ размæ цы хæстæ æвæрд ис, уыдоныл куыд æххæссынц, уыимæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй Цæгат Ирыстон архайы бирæ ахсджиаг федералон программæты. Республикæйы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав йæ æрвылазон Ныстуаны бæрнон ведомствоты раз сæвæрдта нысантæ æмæ сыл уыдон дæр æппынæдзух архайынц. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министрад архайынц цæрджыты кæлæддзаг хæдзæрттæй ног фатертæм раивыны программæйыл, уæдæ хъæбæр коммуналон æппарæццæгтимæ кусæг регионалон оператор сбæрæг кæныны хъуыддаг дæр у вазыгджын.

Адæмы кæлæддзаг хæдзæрттæй ног фатертæм раивыны программæйыл иу æмæ дыууæ хатты ныхас нæ цыдис, цыдæриддæр дзы ивддзинæдтæ æрцæуы, уыдонимæ уайтагъд базонгæ кæнынц республикæйы цæрджыты. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Сохъуырты Альберт куыд бамбарын кодта, афтæмæй ныртæккæ уыцы программæ æххæстгонд цæуы дæс уæрæсейаг регионы. Уым ма баззадис, 2012 азы 1 январы размæ кæлæддзагыл нымад цы хæдзæрттæ æрцыд, ахæмтæ.

Министр куыд зæгъы, афтæмæй нæ республикæйы ацы аз программæйы архайынц Алагиры, Æрæфы, Рахизфарсы æмæ Горæтгæрон районтæ æмæ Мæздæг. Æдæппæт хъуамæ, цæрæн кæм нал ис, ахæм хæдзæрттæй ног фатертæм раивой 917 адæймаджы, ома, 316 бинонтæ. Афтæмæй 11458 квадратон метры сафтид уыдзысты, уырдыгæй адæмы раивдзысты. Ныронг дæр уал 144 бинонтæ æрцардысты ног фатерты, уыдон сты программæйы архайджытæн сæ 40 проценты. Цыппар горæты æмæ хъæуы арæзт цæуынц хæдзæрттæ, уым сæ ног бынæттæ ссардзысты программæйы архайджытæ.

Кæлæддзаг хæдзæрттæй адæмы ног фатертæм раивыны программæмæ гæсгæ цæрджытæн цæрæнбынæттæ дæттæн ис цалдæр хуызы. Зæгъæм, бирæуæладзыгон хæдзар чи аразы, уыцы организацийæ фатертæ балхæнын, кæнæ та сæ цæрæнуæтты базарады балхæнын, сæрмагондæй сын хæдзар саразын, æмæ ма æндæр гæнæнтæ. Афтæмæй адæм сæхæдæг цы хуыз равзарой, уымæ гæсгæ фидаргонд æрцæуынц программæйы нысантæ. «Нæ пълантæ куыддæриддæр сты, афтæ сæ æххæст кæнæм, нæдæр æмгъуыдтæ фæкъахыр кæндзыстæм, уæдæ программæ цыдæриддæр амоны, уыдæттæ скæндзыстæм. Цы ма раиртæстам: цæрджытæ æрбацæуынц арæзтады бынатмæ, æппынæдзух сæ хъус дарынц, куыстытæ куыд цæуынц, уымæ, сæ хæрзхъæддзинадмæ. Ныры онг иунæг фиппаинаг дæр нæма фехъуыстам», — загъта Сохъуырты Альберт.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, сæ рох не сты, программæйы фæрцы раздæр цы хæдзæрттæ арæзт æрцыд, уыдон дæр. Министрады кусджытæ сæ бабæрæг кæнынц, базонынц, чи сæ цæры, уыдон сæхи куыд æнкъарынц, сæ фатертæй разы сты æви нæ, уыдæттæ. Сохъуырты Альберт йе ‘мкусджытимæ стыр æргом здахы хъæбæр коммуналон æппарæццæгтимæ кусæг регионалон оператор сбæрæг кæныны фарстамæ. Ис федералон закъон æмæ уымæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны дæр сбæрæг кодтой дыууæ операторы: «Эко-Альянс» æмæ «Чистый город». Бырæттæ æмбырд кæныны, кусыны, æфснайыны хъуыддаг дæргъвæтин рæстæг дзырддаг ссис, уымæ гæсгæ фарста дарддæр æргъæвæн нал ис.

Ацы къабазы уавæр банывыл кæныны охыл министрад бацæттæ кодта æппарæццæгтæ кусыны сæрмагонд территориалон пълан. Уымæ гæсгæ, нæ республикæ дихгонд æрцыди дыууæ лæггадгæнæн хайыл: Мæздæджы район æмæ республикæйы иннæ территори. Уыцы-иу рæстæг ерысы фæрцы æвзæрстой, ацы дыууæ хайыл регионалон операторты хæстæ йæхимæ чи райстаид, уыцы компанитæ. «Раздæр хъæбæр коммуналон æппарæццæгтæ кусыны хъуыддаг Ирыстоны æххæст кодтой 80 алыхуызон фирмæйæ фылдæр. Сæ иутæн сæ архайд бонваг дæр нæ кодта, нæ сæм уыд хъæугæ материалон-техникон авналæнтæ, архайды тыххæй лицензи, æмæ уымæ гæсгæ стыр къуылымпыдзинæдтæ æвзæрд бырæттæ афойнадыл ласынимæ. Уымæн æвдисæнтæ сты республикæйы цæрджытæ», — бафиппайдта ведомствойы разамонæг.

Сохъуырты Альберт куыд бацамыдта, афтæмæй ног уавæрты бирæ фирмæты бæсты хъуыддæгтæ æххæст кæндзысты дыууæ регионалон операторы. Уыдонмæ хаудзæнис æппарæццæгтæ æмбырд кæнын, ласын, æвзарын æмæ сæ æфснайыны хæс, уыимæ, æппæт хъуыддаг дæр суыдзæнис æргом æмæ йæ ахадындзинад рабæрæг уыдзæн. «Росприроднадзор»-ы лицензитæ цы организацитæн ис, уыдон дæр æгуыстæй нæ баззайдзысты. Ныртæккæ министрад, регионалон дыууæ операторы æмæ Тарифты республикон службæ иумæ кусынц хъæутæ æмæ горæттæн тарифтæ сфидар кæныныл (фиддонты бæрц хъуамæ кæрæдзийæ хицæн кæна).

Ацы ахсджиаг фарстайы фæдыл æхсæнады минæвæрттæ хъуамæ сæ хъуыдытæ зæгъой. Бадзырдмæ гæсгæ дыууæ регионалон операторы сæ хæстæм бавналдзысты 2019 азы 1 январæй. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр куыд фæнысан кодта, афтæмæй ныридæгæн сбæрæг кодтой ног бырондонæн зæххы хай. Зæххы хай ацы нысанæн бæззы æви нæ, уый раиртасыны тыххæй уал æй иумæйаг территорийæ хъæуы радих кæнын. Уый æххæстгонд æрцыди Паддзахадон исбонад æмæ зæххы ахастдзинæдты министрады уынаффæйæ 2018 азы 18 майы. Зæххы хай уал æвæрд æрцыд кадастрон хыгъды, Регистрацион палатæйы дæр æй сфидар кодтой. Йæ фæзуат у 25 гектары, хауы республикон исбонадмæ.

Министры хатдзæгмæ гæсгæ, ног бырондон дзуапп дæтдзæн нырыккон домæнтæн. Ведомство хицаудзинады федералон оргæнтимæ, цæстдарæг службæтимæ равзардзысты æппæт барадон закъонæвæрынадон домæнтæ æмæ уый фæстæ хъуыддаг йæ бынатæй феггуырсдзæн.

Нæ уацхæссæг

Хистæртæн — лæггад

Знон Паддзахадон бюджетон кусæндон «Дзæуджыхъæуы Ирыстоны районы цæрджытæн социалон лæггæдтæ кæныны комплексон центр» социалон лæггæдты армукъа «Зæрдæйæзæрдæмæ» сарæзта Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты Культурæйы галуаны.

Уый кæронбæттæн мадзал уыд хистæр кары граждæнтæн кад кæныны мæйоны фæлгæты. Йæ нысан — комплексон центры бындурон дæлхайæдтæ социалон ахсджиаг фарстатæ лыг кæныны тыххæй цавæр архайд кæнынц, уыимæ æхсæнады базонгæ кæнын.

Центры социалон кусджытæ йæ директор Дзоблаты Альбинæйы разамындæй хорз бацæттæ кодтой армукъа. Галуаны фойе æрцыд аив фæлгонцгонд, уазджыты æрбацыдмæ фысымтæ æрæвæрдтой адджын фынгтæ, цы стендтæ бацæттæ кодтой, уыдон та дзурæг уыдысты центры алывæрсыг архайдыл.

Мадзал цыбыр разныхасæй байгом кодта Республикæ Цæгат ИрыстонАланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Фадзайты Æхсарбег. Уый загъта:

«Арфæ кæнын, абон хистæр фæлтæры минæвæрттæн ацы рæсугъд бæрæгбон чи сарæзта, уыцы хъæппæрисджын адæмæн. Мах хъуамæ кад кæнæм канд уыдонæн нæ, фæлæ инвалидтæн дæр, æрбалæууæм, абон тыхст уавæры чи ис, уыцы æххуысхъуаг адæймæгты уæлхъус дæр. Хæрзаудæндзинадыл куы архайæм, уæд та нæ цард мидисджындæр, арфæйагдæр уыдзæн æмæ уый хъуамæ ма рох кæнæм».

Бæрæгбоны мадзалы ма раныхас кодтой æмæ арфæйы ныхæстæ загътой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Гулуты Хизир, фыццаг къорды инвалид Мартæ Камеева, Сырх Дзуары комитеты РЦИ-Аланийы хайады сæрдар Теботы Иринæ, РЦИАланийы Инвалидты æхсæнады сæрдар Бетрозты Ритæ æмæ иннæтæ.

Кæронбæттæны фысымтæ уазджытæм фæсидтысты адджын фынгтæм, аив кафт æмæ зардæй та сæ Цæгат Ирыстоны медицинон академийы ансамбль «Цард»-ы кафджытæ æмæ комплексон центры зарæггæнджыты къорд бахъæлдзæг кодтой.

Т.КОСТИН Къам систа КЪÆБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here