Рагæй-æрæгмæ дæр ирон адæммæ кадджын уыдысты фыдæлты мæсгуытæ. Хæхбæсты бирæ хъæуты сæ фенæн ис ныр дæр. Иуæй-иутæ дзы æрдæгкæлдтытæй абон дæр цыма комбæстæйы цард тыхгæнджытæй хъахъхъæнынц. Уыцы талынг дугтæ æнусты тары аныгъуылдысты æмæ ног царды, ног заманты мæсгуыты кæддæры «лæггад» ферох. Фæлæ нæ хистæртæ архайынц, цæмæй фыдæлты фарн ма фесæфа, сæ цард, се ‘гъдæуттæ сын фидæны кæстæртæ зоной æмæ аудой, кæй нын ныууагътой, уыцы историйыл.
Уыналы Цæллагты мæсыг хъæурæбынæй дардмæ фæндагмæ фæлгæсы. Йæ фæрстæ дзæнхъа дуртау хурмæ æрттивынц. Ныры онг дæр ахæм уыд? — Нæ. Бындзæфхад йеддæмæ дзы ницыуал баззад. Цæллагты мыггаджы совет бауынаффæ кодтой, фыдæлты хæзна фæстæмæ раздахын, уымæн æмæ æнæ ивгъуыдæй нæй фидæн дæр. Мыггаджы активист, Цæгат Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг Цæллагты Викторы разамындæй мыггаджы мæсыг арæзт æрцыд. Уый нæ, фæлæ ма мæсыджы мидæг байгом кодтой этнографион музей дæр. Сæ рæсугъд бæрæгбонмæ Уыналмæ æрхуыдтой уазджыты. Рагон историон комплекс фенынмæ æрцыдысты РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз, «Иры Стыр Ныхас»-ы мыггæгты комитеты сæрдар Æгкацаты Юри, Национ наукон библиотекæйы кусджытæ, сæ сæргъы Хайманты Иринæ, афтæмæй, нæ республикæйы фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Джусойты Руслан, министрадты, æхсæнадон организациты æмæ фæсивæдон къордты минæвæрттæ, уазджытæ Мæскуыйæ æмæ Хуссар Ирыстонæй. Тускъаты Таймуразæн фенын кодтой комплексы арæзтæдтæ æмæ йæ сбуц кодтой æртæ чъирийæ. Цæллагты Фидар у мыггаджы советы хистæр, æмæ, куыд радзырдта, афтæмæй историон рагон комплекс кæронмæ арæзт нæма фæци.
— Нæ мыггаджы лæгтæ бабар кодтой арæзтад Викторæн. Æмæ, зæгъæн ис, куыстыты бæрнондæр хай уый уæхсчытыл æрæнцад, — загъта Фидар.
Цæллагты Виктор тынг хорз æмæ бæлвырд зоны йæ мыггаджы равзæрды истори. Уыцы хабæрттæ хъуыста йæ хистæртæй, йæ фыд Хъасболатæй. Хъасболат директорæй бирæ азты фæкуыста Уыналы хъæуы скъолайы.
— Уыналыл цыппарсæдæ азæй фылдæр цæуы. Сарæзта йæ нæ рагфыдæл Цæллаг. Ксурты йæ фыды æрдхордмæ æрыгон лæппуйæ æрцардис, бакодта бинонты хъуыддаг дæр æмæ сæ цот куы рахъомыл сты, уæд Ксуртæй рацыдысты æмæ æрцардысты дæлвæз, тъæпæн ран. Æппæты фыццаг дзы сарæзта мæсыг, йæ хæдзар дæр мæсыджы фарсмæ уыд. Уыдис дзы æрæджыйы онг иннæ мыггæгтæн дæр мæсгуытæ, фæлæ ныккалдысты. Мах мæсыгæн дæр йæ бындзæфхадæй уæлдай ницыуал уыдис. Нæ хистæртæйиу арæх хъуыстам, нæ фыдæлы мæсыг фæстæмæ куы саразиккам, зæгъгæ. Æмæ нын фадат фæци. Бакуыстам проектыл. Æнцон нæ уыди. Кæй зæгъын æй хъæуы, бæлвырд фæкастыстæм истори, рагон объектты арæзтад æмæ хуызтæ, этнографион æрмæг, афтæмæй бавнæлдтам нæ хæс æххæст кæнынмæ. Ныр мæсыгамайджытæ кæддæры хуызæн нал ис, фæлæ нæ уавæр, нæ зонындзинæдтæ куыд амыдтой, афтæ йæ сарæзтам. Мыггаджы хистæртæ бауынаффæ кодтой, цæмæй канд мæсыг нæ, фæлæ æнæхъæн комплекс саразæм, кæддæр дзы куыд уыд, афтæ. Мæсыджы бæрзæнд у 15 метры, фондзуæладзыгон. Алы уæладзыджы дæр — музейон экспонаттæ: рагон ирон хæдзары дзаумæттæ æмæ кусæнгæрзтæ. Аразæм ма ноджыдæр дыууæуæладзыгон хæдзар, мыггаджы минæвæрттæ æмæ ардæм æрцæуæг уазджытæ-иу кæм баулæфдзысты, ахæм бæстыхай. Саратæ, æмбонд — иууылдæр хохаг дурæй. Кæрт та «Симды фæз»-мæ рацараздзыстæм. — загъта Цæллагты Виктор.
Ахæм историон объектыл бакусынæн чысыл æхца нæ бахъуыд. Мыггаг æрæмбырд кодтой, фæлæ ма сын ацы ран æххуыс фæци Викторы фырт Зауыры æнтыстдзинад дæр. Уый йæ фыды хуызæн курдиатджын нывгæнæг-дизайнер у æмæ архайы канд мыггаджы нæ, фæлæ Ирыстоны фæсивæдимæ патриотон хъомылады фарстатыл. Æрæджы архайдта фæсивæдон форум «Машук»-ы æмæ йæ проект «Родовые башни» райста грант — 500 мин сомы æхца. Уыцы æхца Зауыр радта историон комплексы арæзтадæн. Цымыдисаг уыдис, нæ бæстæйы Президент Владимир Путин йæ къух кæуыл æрæвæрдта, уыцы рагон дуар.
— Фыдæлтæм кæддæр уыдис ахæм æгъдау. Уазæгиу хæдзармæ куы саккаг кодта, уæд ын кодтой кусарт. Цалынмæ фыхтис, уæдмæ-иу æгъдаумæ гæсгæ исты нысан сæвæрдта сæ дуарыл. Абон нæ республикæйы национ музейы фенæн ис дыууæ рагон дуары алы уыгæрдтæ æмæ хæххытимæ. Ацы истори Владимир Путинæн куы радзырдтон, уæд йæ къух зæрдиагæй сæвæрдта нæ дуарыл, — дзырдта Цæллагты Зауыр.
Бæрæгбоны сæ кафты аивад æвдыстой Алагир æмæ Æрыдоны музыкалон скъолаты кафджыты къордтæ.
Сæйрагдæр æмæ æппæты цымыдисагдæр бæрæгбоны архайджытæн уыдис, изæры комы алы рæтты уыцы-иу рæстæг алы мыггæгты мæсгуыты сæртыл æртытæ кæй ссыгъдысты, уый. Уымæй ма æхсызгондæр цы фенæн уыдис уыцы бон. Адæм диссагмæ кæсæгау кастысты, комы бæрзонд къуылдымтыл Черчесты, Цогойты æмæ Цæллагты мæсгуытæй урс фæздæг æмæ арты æвзæгтæ уæларвмæ куыд цыдысты, уымæ. Уыцы бон райсомæй фæсивæд фыццаг æртытæ ссыгътой мæсгуыты сæрмæ Куырттаты комы Хæкъуынайы, Уæлæсыхы, Гулийы, Хæлгуыны, Къорайы. Афтæ фæздæг Цъамадæй суанг Уыналмæ алæвæрдтой. Урс фæздæг фыдæлтæм нысан кодта бæрæгбоны хабар, сау фæздæг та — тæссаг, æххуысмæ сидæг хабар. Хуыцау зæгъæд, æмæ Ирыстоны хæхты мæсгуытæ ногæй куыд «сдзурой» бæрæгбоны, циндзинады æртытæй æмæ та нæ кæддæрау сæхимæ куыд æрбангом кæной, ахæм амонд ирон адæмы уæд. Æрæджы УФ-йы Президент бафыста указ «О создании Фонда родных языков народов России». Уыцы указ чысыл ахъаз нæу не ‘взаг æмæ нæ культурон хæзнатæ бахъахъхъæнынæн.


















