Ирыстоны адӕмы сабыр цард хъахъхъӕдта

0
417

 

Йӕ адӕмы хорзӕхӕн цӕрын дӕр чи зыдта ӕмӕ бахъуаджы рӕстӕг та сӕ бахъахъхъӕныны сӕрвӕлтау мӕлӕты хъӕлӕсмӕ йӕ уд чи радта, уыцы сӕрӕнгуырд ирон лӕппутӕй иу у нартыхъӕуккаг Дулаты Георги. Йӕ цыбыр царды бонты адӕмы ӕхсӕн фӕцард кад ӕмӕ радимӕ. Хистӕртӕн — хорз кӕстӕр, кӕстӕрты — рӕвдауӕг, раст зонды фӕндагыл сӕ аразӕг, ӕмгӕрттӕн — зынаргъ ӕмбал, хӕстӕджытӕн, сыхбӕстӕн — уарзон.

Дулаты Георги рӕзт фӕллойуарзаг, бонзонгӕ, ӕгъдау ӕмӕ ӕфсармӕн аргъгӕнӕг бинонты ӕхсӕн. ӕнтыстджынӕй каст фӕци Нартыхъӕуы астӕуккаг скъола. Ацыд йе ‘фсӕддон хӕс ӕххӕст кӕнынмӕ. Цыбыр рӕстӕгмӕ йе ‘фсӕддон хайы командӕгӕнынадӕн йӕхи базонын кодта ӕфсӕддон хъуыддагыл, Райгуырӕн бӕстӕйыл ӕнувыд, ӕгъдауыл хӕст ӕфсӕддонӕй. Уый тыххӕй Георгийы мад Тамарӕ ӕфсӕддон хайы разамындӕй иу ӕмӕ дыууӕ Арфӕйы гӕххӕтты нӕ райста. Уыдон кӕсгӕйӕ-иу кувӕгау загъта: «Хуыцау ӕмӕ Лӕгты дзуар, мӕ лӕппу йе ‘фсӕддон хӕс куыд дзӕбӕхӕй ӕххӕст кӕны, афтӕ дзӕбӕхӕй йӕ райгуырӕн уӕзӕгыл куыд сӕмбӕла, уый курӕг уӕ дӕн!». Мады арфӕ ӕрцыд йӕ фыртыл! Георги иу райдзаст хур бон бакаст йӕ райгуырӕн хӕдзары къӕсӕрӕй. Бинонтӕ йӕ куыддӕр ауыдтой, афтӕ йӕ размӕ рауадысты. Тамарӕ йӕ йӕ хъӕбысы ныккодта, зӕрдиагӕй йӕ йӕ риумӕ нылхъывта. Цинтӕ, арфӕтӕн кӕрон дӕр нал уыд. Уайтагъд Дулаты хӕдзармӕ куывды, сӕ хуынтимӕ хъӕубӕсты цӕрджытӕ, къабӕзтӕ, хӕстӕджытӕ, зонгӕтӕ ӕрбамбырд сты. Дзаджджын фынгтыл Хуыцау ӕмӕ йе сконд зӕдты ном рӕсугъдӕй ссардтой, Георгийы ӕмӕ йӕ ныййарджыты дарддӕры рухс цардӕн зӕрдиагӕй бакуывтой. Дулаты кӕртӕй фӕсӕмбисӕхсӕвтӕм хъуыст фӕсивӕды къӕрццӕмдзӕгъд, зард ӕмӕ фӕндырдзагъд.

Георги, йӕ дарддӕры царды цы дӕсныйад равзара, ууыл бирӕ нӕ ахъуыды кодта, рагацау бӕлвырд зыдта, ӕфсадӕй куы ссӕуа, уӕд мидхъуыддӕгты оргӕнты кӕй кусдзӕн, уый. ӕмӕ йӕ фӕнд сӕххӕст. Цӕмӕй йӕ дӕсныйадӕй бындурон зонындзинӕдтӕ райса, уый тыххӕй бацыд Брянскы милицӕйы сӕрмагонд уӕлдӕр скъоламӕ. ӕнтыстджынӕй йӕ каст куы фӕци, уӕд кусын райдыдта Дзӕуджыхъӕуы Советон районы мидхъуыддӕгты хайады уголовон агуырды дӕлхайады. Йӕ размӕ ӕвӕрд хӕстӕ алы рӕстӕджыты дӕр ӕххӕст кодта фӕзминагӕй. Афтӕ уыд хъулгъайы ӕрбабырсты рӕстӕг дӕр 1992 азы. Уыцы тӕссаг бонты дӕр-иу Георгийы зонды ӕмӕ зӕрдӕйы хорзӕх кӕм бахъуыд, уырдӕм-иу ӕвӕстиатӕй атындзыдта. Афтӕмӕй нӕ Ирыстоны зӕххыл сыхаг экстремисттӕ цы арт бафтыдтой, уый бындзарӕй ныххуыссын кӕныны хъуыддаджы Георгийы тых дӕр ис. Фӕлӕ уый, кӕд афтӕ уыд, уӕддӕр нартыхъӕуккаг сӕрӕнгуырд йӕхицӕй никуы раппӕлыд. Фӕлӕ фӕсхӕст дӕр йӕ размӕ ӕвӕрд хӕстӕм йӕ ахаст нӕ фӕлӕмӕгъдӕр кодта. Кад ӕмӕ йын аргъ кодтой йе ‘мкусджытӕ ӕмӕ уӕды рӕстӕджы нӕ республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады разамынд. Йӕхи зӕрдӕ дӕр рад йӕ куыстӕй, кӕд йе ‘ххӕст кӕнын хатт тӕссаг дӕр уыд, уӕддӕр Георги фӕллад цы у, уый нӕ зыдта. Фӕлӕ йӕ цард дыууӕ дихы фӕци 1993 азы. Уӕд Георги ӕмӕ йе ‘мбал, Юрий Осипов (уый дӕр мидхъуыддӕгты кусӕг), уыдысты сӕ куысты. Уалынмӕ сӕм фӕхабар кодтой, Дзӕуджыхъӕуы сӕрмӕ Редант-2 чындзӕхсӕвы ӕбуалгъ фыдбылыз ӕрцӕуынӕй тӕссаг кӕй у, уый тыххӕй. Лӕппутӕ ӕмӕ хайады иннӕ кусджытӕ атындзыдтой Редантмӕ. Куыд фӕзӕгъынц, адӕмы цин, хурбон арв тыхджын куыд ныннӕры, афтӕ фӕсыкк кодта, тынг чи барасыг ӕмӕ нозтӕй йӕ сӕр йӕ фат нал ӕмбаргӕйӕ, адӕмы ӕхсӕнмӕ рӕмудзӕн ӕрмӕгимӕ чи рацыд, алыхуызон уайдзӕфты бын сӕ чи фӕкодта, ахӕм лӕг. Хабар бӕлвырддӕр раиртасыны охыл адӕм ӕмӕ уыцы лӕгсырд кӕм лӕууыд, уырдӕм Георги ӕмӕ Юрий рӕвдз сӕхи байстой. Дулайыфырт уайтагъд базыдта лӕджы. Кӕддӕр иумӕ иу спортивон залмӕ цыдысты. ӕмӕ йӕм йӕ номӕй сдзырдта. Йӕ зӕрдӕйӕ, куы йӕ фена, уӕд кӕд ӕрсабыр уаид. Фӕлӕ лӕг уӕддӕр йӕ мӕлӕтхӕссӕг кӕнон нӕ уадзы.

Уалынмӕ Георги куыддӕртӕй фӕхӕст, расыг лӕгӕн рӕмудзӕн цы къухы уыд, ууыл. Ныр Дулайыфырты сабырӕй хъуыд бацархайын, цӕмӕй йын ӕй ӕдасӕй радта. ӕмӕ уый тыххӕй йемӕ куыд гӕнӕн ис, афтӕ фӕлмӕндӕрӕй ныхас кӕнын райдыдта. Уыцы рӕстӕг йӕ хӕлармӕ ӕрбаввахс Юрий Осипов дӕр.

Расыг лӕг ӕй куыддӕр ауыдта, афтӕ йӕ рӕмудзӕн адӕмы ‘рдӕм фехста. Уадидӕгӕн Георги ӕмӕ Юрий уыцы ранмӕ сӕхи баппӕрстой. ӕмӕ ӕрцыд ӕбуалгъ фыдбылыз… Рӕмыгъдӕй Юрий уайтагъд фӕмард. Георги та уӕззау цӕфтӕй бахауд рынчындонмӕ. Йӕ уд цард ӕмӕ мӕлӕты ӕхсӕн дзир-дзур кодта. Дохтыртӕ йын дыууӕ хатты скодтой уӕззау операцитӕ. Рынчындоны палатӕмӕ йӕ куы раивтой, уӕд Георги ӕнӕнхъӕлӕджы телевизорӕй федта, йӕ хуыздӕр ӕмбал Юрий Осиповы йӕ фӕстаг фӕндагыл дзыллӕ куыд ӕрвитынц, уый. Уӕдмӕ, мӕгуыр нӕ зыдта, йӕ хуыздӕр ӕрдхорд срӕмыгъды аххосӕй йӕ адзалыл кӕй сӕмбӕлд, уый. ӕмӕ ма йын уыцы уӕззау маст йӕ тыхст уавӕр ноджы фӕтыхджындӕр кодта.

Уыцы рӕстӕг Георгийы бинойнаг Жаннӕйы фарсмӕ ӕрбалӕууыдысты йӕ цардӕмбалы ӕмкусджытӕ, хиуӕттӕ ӕмӕ хӕстӕджытӕ, хӕлӕрттӕ. Абон дӕр Жаннӕйӕ нӕ рох кӕны, рынчындонмӕ-иу Георгийы палатӕмӕ суанг ӕнӕзонгӕ адӕм ӕм ныфсӕвӕрӕн ныхӕстимӕ кӕй цыдысты. Кӕмӕн йӕ бон уыд, уыдон-иу ӕхца дӕр ныууагътой, фӕлӕ-иу сӕ нӕмттӕ не схъӕр кодтой. Жаннӕ куыд зӕгъы, йӕ алыварс уыцы тыхст бонты хиуӕттӕ, къабӕзтӕ, хӕлӕрттӕ куы нӕ уыдаиккой, уӕд уыцы зынтӕн нӕ бафӕрӕзтаид. Бирӕ рӕстӕг фӕтох кодтой дохтыртӕ Георгийы мӕлӕты дзӕмбытӕй ратоныныл. Дзӕвгар ӕгъуыссӕг ӕхсӕвтӕ арвыста Жаннӕ дӕр рынчындоны. Йӕ уавӕр ӕмӕ йын йӕ сагъӕс йӕ чысыл зӕрдӕйӕ ӕнкъардта сӕ хъӕбул Тимур дӕр. ӕмӕ та-иу йӕ мады афарста «Мамӕ, папӕ тагъд адзӕбӕх уыдзӕн?» Уыцы фарстмӕиу Жаннӕ сӕ иунӕг хъӕбулӕн йӕ сӕр ӕрлӕгъз кодта, ӕмӕ йын-иу ныфсӕвӕрӕн ныхӕстӕ кӕнын райдыдта «Папӕ тагъд адзӕбӕх уыдзӕн, тагъд».

Фӕлӕ, хъыгагӕн, царды хур адзалыл нӕ фӕтых. ӕмӕ Дулаты Георгийыл йӕ рухс дуне баталынг. Дулаты Георгийы кад ӕмӕ радӕй йе ‘нусон бынатыл куы сӕмбӕлын кодтой, уӕд Жаннӕйы алыварс ноджы ӕнгомдӕрӕй ӕрбалӕууыдысты йӕ бирӕ хӕстӕджытӕ, зонгӕтӕ, ӕмкусджытӕ. Жаннӕ кусын райдыдта Горӕтгӕрон районы мидхъуыддӕгты хайады. Ахуыры фӕндагыл ӕрлӕууыд йӕ иунӕг хъӕбул Тимур. Уый дӕр йӕ фыдау равзӕрста барады куыст. У Горӕтгӕрон районы мидхъуыддӕгты хайады фӕзминагдӕр кусджытӕй иу. Йӕ ныййарджыты фарн ӕмӕ сыгъдӕг номыл аууон никуы ницӕмӕй баппӕрста. Уымӕй сӕххӕст кодта, скъоладзауӕй йӕ зӕрдӕрыст мадӕн цы дзырд радта, уый.

Иуахӕмы Жаннӕ Георгийы къамтӕ ӕмӕ документтӕм каст ӕмӕ йӕ цӕстысыгӕй йӕхи ӕхсадта. Уый Тимур куы федта, уӕд йӕ ныййарӕгӕн фӕлмӕнӕй афтӕ: «Ма ку, ӕз мӕ фыды дӕсныйадыл сахуыр кӕндзынӕн ӕмӕ йӕ номӕн кад кӕнгӕйӕ кусдзынӕн нӕ Ирыстоны адӕмы сабыр цард хъахъхъӕныныл». ӕмӕ, ӕцӕгӕйдӕр, абон Тимур исты хъуыддаджы сӕр ӕрлӕууынмӕ куы фӕхъавы кӕнӕ йӕм исты лыггӕнинаг фарста куы фӕзыны, уӕд йӕхимӕ радты фарст «Цымӕ ме ‘дзард фыд та ацы хъуыддаджы куыд равдыстаид йӕхи, куыд бакодтаид?». ӕмӕ йыл цыма уыцы хъуыдытӕй ныфсы базыртӕ базайы, афтӕ фӕныфсджындӕр вӕййы, ӕмӕ та йӕ царды ӕмӕ куысты чысыл ӕнтыстдзинадӕй дӕр йӕ мад Жаннӕйы зӕрдӕ хурварс абады. Тимуры ахӕм ахаст та, ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ фыдау, йӕ равзӕрст дӕсныйадыл иузӕрдион кӕй разынд, Георгийы уды цы хордзинӕдтӕ уыдис, уыдон Тимур дӕр кад ӕмӕ радимӕ сӕрыстырӕй кӕй хӕссы.

Дулаты Георгийӕн йӕ амӕлӕты фӕстӕ саккаг кодтой «Лӕгдзинады орден». Уыцы хорзӕх ма лӕвӕрд ӕрцыд Георгийы ӕмкусӕг ӕмӕ ӕрдхорд Юрий Осиповӕн. 90 азты Георгийы номыл, Нартыхъӕуы бынӕттон хиуынаффӕйады администрацийы хъӕппӕрисӕй, арӕзт ӕрцыд турнир футболӕй фӕсивӕдон командӕты ӕхсӕн. Ныр ссӕдз азӕй фылдӕр рацыд милицӕйы капитан Дулаты Георги не ‘хсӕн куы нал ис, уӕдӕй. Фӕлӕ йӕ хорз ӕгъдауы ӕмӕ хъуыддӕгты фӕрцы йӕ хӕстӕджыты, ӕмбӕлтты, зонгӕты, ӕмкусджыты зӕрдӕты ныууагъта рӕсугъд фӕд.

ГАСАНТЫ Валерии

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here