Уӕрӕсейы Президент Владимир ПУТИНЫ Указмӕ гӕсгӕ, ӕфсӕддон хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ, хъӕбатырдзинад кӕй равдыста, уый тыххӕй инӕлар-лейтенанат КАЛОТЫ Хасаны схорзӕхджын кодтой «Фыдыбӕстӕйы раз сгуыхтдзинӕдты тыххӕй» 4-ӕм къӕпхӕны орденӕй.
961 азы Цӕгат Ирыстоны. 1983 аз каст фӕци Дзӕуджыхъӕуы уӕлдӕр ӕфсӕддон командон училище. 1990 азы ахуыр кӕнынмӕ бацыд Фрунзейы номыл академимӕ ӕмӕ йӕ каст куы фӕци, уӕд ӕй дарддӕр службӕ кӕнынмӕ ӕрбарвыстой Цӕгат Кавказы ӕфсӕддон зылдмӕ.
2002 азы онг ам службӕ кӕнгӕйӕ, Хасан уыд фистӕгӕфсӕддон батальоны, стӕй полчъы командир. Фӕстӕдӕр ӕй сӕвӕрдтой дивизийы командиры хӕдивӕгӕй. Архайдта бынӕттон хӕстыты. 2004 аз «ӕфсӕддон ӕмӕ паддзахадон разамынд»-ы къабазмӕ гӕсгӕ Уӕрӕсейы Гӕрзифтонг тыхты Генштабы академи каст куы фӕци, уӕд ӕй сӕвӕрдтой Приволжьейы-Уралы ӕфсӕддон зылды 34-ӕм фистӕгӕфсӕддон дивизийы командирӕй.
2005 азы 12 декабры Калоты Хасанӕн радтой инӕлар-майоры цин. 2008 аз ӕй сфидар кодтой Самарӕйы ӕрбынӕттон уӕвӕг ПуРВО-йы дыккаг ӕфсады командӕгӕнӕджы фыццаг хӕдивӕгӕй, фӕстӕдӕр та — Белогорскы ӕрбынӕттон уӕвӕг Скӕсӕйнаг ӕфсӕддон зылды 30-ӕм ӕфсады штабы хицауӕй.
Иу-цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Хасаны сӕвӕрдтой Новосибирскы 41-ӕм ӕфсады командыгӕнӕгӕй, 2015 азы июлы — Екатеринбурджы ӕрбынӕттон уӕвӕг Центрон ӕфсӕддон зылды командыгӕнӕджы хӕдивӕгӕй, ацы азы августы та, Уӕрӕсейы Президент Владимир Путин инӕларлейтенант Калоты Хасаны сфидар кодта ОДКБ-йы иугонд штабы хицауы фыццаг хӕдивӕгӕй.














