Номдзыд режиссеры номарæн равдыст театралон музейы

0
546

 

Номдзыд режиссер, УФ-йы адæмон артисткæ, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Брытъиаты Зариффæйы райгуырдыл 100 азы кæй сæххæст, уый кадæн Цæгат Ирыстоны театралон музейы байгом йæ цард, ирд курдиат æмæ бирæвæрсыг сфæлдыстадон архайд æвдисæг къамты, документты, йæ æвæрд спектакльты афишæты равдыст. Йæ гом кæныны кадджын æмбырды архайдтой РЦИ-Алинийы культурæйы министры хæстæ æххæстгæнæг КЪУБАЛТЫ Эльбрус, РЦИ-Аланийы регионалон рæзты агентады культурæйы фарстатæм цæстдарæг, аивадиртасæг АТАЙТЫ Мæдинæ, Ирон æмæ Уырыссаг академион театрты артисттæ, Зариффæйы хæстæджытæ æмæ хиуæттæ.

— Брытъиаты Зариффæ у нæ бæстæйы æмæ Ирыстоны тæккæ зынгæ æмæ курдиатджындæр минæвæрттæй иу. Йæ цард уыд трагикон, фæлæ йæ сфæлдыстадон фæндаг та — ирд æмæ мидисджын. Йæ номимæ баст сты нæ аивады æмæ театралон змæлды тæккæ стырдæр æнтыстытæ æмæ цаутæ. Уымæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны театралон музей Зариффæйы райгуырды 100 азы бонмæ бацæттæ кодта Зариффæйы номарæн равдыст. Фенæн дзы ис 50 документæй фылдæр, — загъта равдыст гом кæнгæйæ РЦИ-Аланийы культурæйы министры хæстæ æххæстгæнæг Къубалты Эльбрус.

Зындгонд режиссеры тыххæй сæ мысинæгтæ радзырдтой УФ-йы сгуыхт артист Тылаттаты Бексолтан, ЦИПУ-йы ирон филологийы факультеты декан, УФ-йы культурæйы сгуыхт кусæг Хозиты Барис, УФ-йы адæмон артист Вячеслав Вершинин, УФ-йы сгуыхт артисткæ Элинæ Дударенко, зындгонд режиссер, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Бекъойты Розæ, РЦИ-Аланийы адæмон артист Мамсыраты Тасолтан. УФ-йы сгуыхт артист, Уæрæсейы театралон архайджыты цæдисы Цæгат Ирыстоны хайады сæрдар Гуыбиаты Хъазыбег йæ раныхасы куыд фехъусын кодта, афтæмæй уалдзæджы Ирон театры уыдзæн Брытъиаты Зариффæйы райгуырды 100 азы сæххæсты кадæн йæ номарæн изæр. Архайдзысты дзы йæ бирæ хæлæрттæ, нæ бæстæйы æмæ раздæры Советон Цæдисы номдзыд артисттæ æмæ режиссертæ. Уымæй уæлдай ма ацы аз радон хатт Дзæуджыхъæуы ацæудзæн дунеон театралон фестиваль «Сценæ æнæ арæнтæй». Уый фæлгæты арæзт æрцæудзæн цæлхæмбырдтæ, конференцитæ, фембæлдтытæ. Уыдоны дæр фестивалы архайджытæ бæлвырд æрныхас кæндзысты Брытъиаты Зариффæйы цард æмæ ирд режиссерон æрмдзæфыл.

Брытъиаты Зариффæйы хæстæджыты номæй равдыст саразджытæн, уырдæм æрбацæуджытæн, номдзыд режиссеры тыххæй теле æмæ радиойы, мыхуыры, итернеты тыгъдады мидисджын æрмæджытæ чи бацæттæ кодта, уыдонæн æмæ Зариффæйы ном арфæйагæй чи мысы, уыцы адæмæн арфæ ракодта аивадиртасæг Атайты Мæдинæ.

Равдыст байгом кæныны размæ сфæлдыстадон интелигенцийы минæвæрттæ бабæрæг кодтой Дзæуджыхъæуы Намысы Аллейы Брытъиаты Зариффæйы ингæн æмæ йыл сæвæрдтой дидинджытæ.

ГАСАНТЫ Валерии

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here