РЦИ-Аланийы экономикон рӕзты министры хӕдивӕг ЦОРИТЫ Алетӕ журналисттимӕ фембӕлды бӕстон дзуаппытӕ радта дзул ӕмӕ ссадӕй конд хойрӕгты ӕргъты тыххӕй.
— Дзул у ӕнӕмӕнг хъӕугӕ хойрӕгтӕн сӕ фыццагдӕр. Нӕ сӕйраг хӕс у, ӕппӕт мадзӕлттӕй дӕр архайын, цӕмӕй нӕ республикӕйы базарады сӕ аргъ ма фӕфылдӕр уа. Нӕ министрады сӕрмагонд хайады кусджытӕ алы бон дӕр дуканиты дзулы ӕргътӕм сӕ хъус дарынц, ӕмӕ цы хатдзӕгтӕ скодтой, уымӕ гӕсгӕ январы дзулы аргъ нӕ республикӕйы нӕ фӕфылдӕр. Сомбон кӕй нӕ фӕзынаргъдӕр уыдзӕн, уый нӕ бон фидарӕй зӕгъын нӕу.
Ссад нӕ республикӕмӕ фылдӕр ласынц Краснодар ӕмӕ Стъараполӕй. Йӕ аргъ аразгӕ у тарифон политикӕ, мӕнӕу ӕрзайын кӕныны хӕрдзтӕй, куырӕйтты лӕггӕдты аргъӕй, хъалонтӕй. Дунеон базарады уавӕртӕ дӕр уайтагъд фӕзынынц дзулы аргъыл. Мӕнӕуы аргъ хи базарады у асламдӕр дунеон базарадӕй ӕмӕ, уымӕ гӕсгӕ, алы хъӕууон хӕдзарады кусӕг дӕр йӕ мӕнӕу фылдӕр аргъыл уӕй кӕндзӕн. Уый аххосӕй нӕ бон фидарӕй зӕгъын нӕу, сомбон дзул ӕмӕ ссадӕй конд ӕндӕр хойрӕгты ӕргътӕ кӕй нӕ фӕфылдӕр уыдзысты, уый. Стыр курдиат мӕм ис амалхъом адӕммӕ, цӕмӕй сӕ хойрӕгты дуканиты дзул уӕй кӕной хи процент ыл нӕ ӕфтаугӕйӕ. Цӕмӕй ма бӕллой дзулӕй ӕфтиаг райсынмӕ, нӕ адӕмы социалон уавӕртыл хъуыды кӕнгӕйӕ.
Дарддӕр уыдзӕн, базарад йӕхи куыд равдиса, афтӕ. Æцӕг алы уавӕры дӕр адӕймаг хъуамӕ ма фесафа йӕ адӕймагдзинады миниуджытӕ. Дзулы аргъыл ма арӕхдӕр сахады, иуӕй-иу дзулфыцджытӕ цы ног технологитӕй пайда кӕнынц, уый дӕр. Уый курӕг уӕ дӕн, цӕмӕй ацы фарстайы уыцы дзулы хуызтӕ иннӕтимӕ ма барат, уымӕн ӕмӕ сӕ аргъ дӕр уыдзӕн фылдӕр. Мах та кӕддӕриддӕр стӕм хӕрзхъӕд продукцийы фарс.
Иннӕ регионтимӕ абаргӕйӕ, нӕ республикӕйы дзулы аргъ нӕдӕр асламдӕр у, нӕдӕр зынаргъдӕр. Бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ӕппӕты зынаргъдӕр дзул у Краснодары крайы. Нӕхимӕ дӕр диссаг фӕкаст. Уый та уый аххосӕй, ӕмӕ зӕхкусджытӕ цы мӕнӕуы хъӕздыг тыллӕг ӕрӕмбырд кӕнынц, уый ауӕй кӕнынц иннӕ бӕстӕтӕн, уымӕн ӕмӕ ӕддӕмӕ уӕй кӕнгӕйӕ, фылдӕр аргъ райсы. Афтӕмӕй Краснодары дзулфыцӕн куыстуӕттӕ, ссадӕй хъуаг ӕййафгӕйӕ, дзулы аргъ фӕфылдӕр кодтой. Цӕмӕй мах дӕр уыцы къӕппӕджы ма бахауӕм, уый тыххӕй нӕ аивын хъӕуы нӕ тауӕнзӕххы структурӕ ӕмӕ фылдӕр мӕнӕу тауын. Уый нӕ бахиздзӕн зын экономикон уавӕртӕй. ХЕТÆГКАТЫ Оксанӕ














