Цæгат Ирыстоны туризмы рæзты сæйрагдæр нысантæ æмæ æрвылафон кусæг хæххон къахдзоныгъты комплекс «Мамысон»-ы ахсджиагдзинадыл ныхас цыд РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав æмæ Дзæуджыхъæумæ æрцæуæг дунеон компани «СПДМ»-ы генералон директор Вольфганг МАЕРХОФЕРЫ æхсæн. Ахсджиаг ныхасы архайдтой РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг СÆБÆТХЪУАТЫ Æхсарбег, РЦИ-Аланийы Рæзты агентады генералон директор Павел ИГНАТЬЕВ, программæ «Туризм»-ы разамонæг, гом æхсæнадон организаци «Наукон-проектон организаци «Хуссайраг горæтаразæн центр»-ы директор Сергей ТРУХАЧЕВ.
Фембæлды рæстæг куыд бафиппайдтой, афтæмæй фирмæмæ ис стыр фæлтæрддзинад хæххон къахдзоныгъты комплексты проекттæ аразынæй. Æмæ «Мамысон»-ы проектон-сметон гæххæттытæ аразгæйæ, æнæмæнг, спайда кæнын хъæудзæн нырыккондæр фæлтæрддзинадæй курорты аив архитектурон фæлгонц саразынæн. Сæйрагдæр æргом здæхт цыд æрвылафон кусæг хæххон къахдзоныгъты рекреацион комплексы рæзты генералон пъланмæ.
Бæлвырд ма æрдзырдтой курорты æдасдзинады мадзæлттыл, фæнысан кодтой, «Мамысон»-ы фыццаг рæстæг æрвылбон цы 3-3,5 мин адæймаджы архайдзæн, уыдонæн доны хызæг саразыны хъуыддæгтæ дæр.
РЦИ-Аланийы Хицауады æххæстгæнæг оргæнтæ федералон структурæтимæ кæрæдзи æмбаргæйæ, аразынц туристонрекреацион экономикон бынат сног кæныны мадзæлттæ. Уæрæсейы Федерацийы Хицауад капиталон арæзтæдты проектон-сметон гæххæттытæ бацæттæ кæнынæн радих кодта 100 милуан сомы.
2020 азы нысангонд цæуы хæххон-рекреацион комплекс «Мамысон»-ы фысымуæттæ, ауындзгæ фæндæгтæ æмæ æндæр ахсджиаг арæзтæдтæ райдайын.














