Социалон-экономикон рæзтимæ баст фарстытæ

0
400

 

«Æппæт уыцы дыргъцæхæрадæтты æмбаладты куыддæртæй фæзындысты инженерон инфраструктурæйы объекттæ, уыимæ сæ арæзтой техникон домæнтæ нæ нымайгæйæ. Ныртæккæ уыцы рæтты цæрынц адæм æмæ æвзарынц зындзинæдтæ коммуналон лæггæдтæ райсыны. Ацы закъоны фæрцы фæуыдзæн фадат ифраструктурæйы хæрзхъæддзинад фæбæрзонддæр кæнынæн. Уымæ гæсгæ, Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрадæн, бынæттон хицаудзинадæн хæс кæнын, цæмæй уыцы æмбаладты æппæт инфраструктурæйæн инвентаризаци скæной», — знон РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз æмбырды йæ хъуыдытæ загъта «РЦИ-Аланийы зæххы ахастдзинæдтæ нывыл кæныны хицæндзинæдты тыххæй» закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæдыл

Ацы æмæ ма цалдæр ахсджиаг закъоны проек- ты уынаффæйы æмбырдмæ рахаста паддзахадон исбонад æмæ зæххы ахастдзинæдты министр Тедеты Руслан. Куыд бамбарын кодта, афтæмæй республикæйы 2019 азы иумæйаг кадастрон куыстытæ скæнынæн хъуамæ федералон бюджетæй радих кæной æхца. Уый охыл, Уæрæ- сейы хицаудзинадмæ афойнадыл арвыстой æмбæлгæ документтæ, уым фæбæрæг кодтой кадастрон куыстытæ кæцы хъæутæ æмæ цæрæнбы- нæтты хъуамæ скæной, уыцы номхыгъд. Ныридæгæн уал субсидитæ радих кодтой 10 милуан сомы бæрц. Афтæмæй хъуамæ фæнысан кæной, уыцы фæрæзтæ куыстыты цавæр бæрцæн сфаг уыдзысты, уыдæттæ. Тедейы-фырт куыд загъта, афтæмæй æппæт кадастрон куыстытæ æртæ азмæ сæххæст кæндзысты.

Ацы ведомствæ 2018 азы паддзахадон исбонад приватизаци куыд скодта, уый хатдзæгтæ дæр ми- нистр рахаста рæгъмæ. Æнæзмæлгæ исбонады 11 объекты æмæ змæлгæ исбонады 9 объекты ауæй кодтой 16 милуаны æмæ 896 мин сомыл. Тускъаты Таймураз куыд бацамыдта, афтæмæй, кæд дыууæ азмæ хи æфтиæг- ты бæрцыл бафтыд, уæд- дæр ма нæм ис сæ фæфылдæр кæнынæн фадæттæ. «Уырдæм бахæсгæ у паддзахадон æмæ муниципалон исбонадæй ахадгæ хуызы пайда кæ- нын дæр. Тедеты Русланимæ алы къуыри дæр æрныхас кæнæм, цавæр авналæнты хицау стæм, уый тыххæй. Уымæ гæсгæ, ацы ведомствæ, районты разамындæн, Финансты министрадæн сæ размæ æвæры бюджеты æфтиæгты ацы хайы бæрæггæнæнтæ раиртасын. Ацы куыст фарон æртыккаг æмæ цыппæрæм кварталты хорз баххæст кодтой районтæ, æрæм- бырд кодтой зæхх хаццоны райсынæй хъалонтæ. Ныртæккæ та æркæсын хъæуы, Дзæуджыхъæуы зæххæй куыд пайдагонд цæуы, уымæ», — загъта Хицауады Сæрдар.

Тедеты Руслан ма цы хъуыддæгтыл æрдзырдта, уыдонимæ уыдис Юсти- цийы министрады цæгатирыстойнаг управлени- йæн бæстыхай 1355 квадратон метры радих кæны- ны фарста. Алагиры районы исбонадмæ та раттой автобус, цæмæй дзы Дзуарыхъæуы скъола пайда кæна, уый тыххæй.

Хъæууон хæдзарад æмæ хойраджы министр Уазиты Хъазыбег ра- дзырдта паддзахадон куыстуат «РЦИ-Аланийы хъæууон хæдзарады управлени»-йы кусджы- тæн мызд фидыны тых- хæй уагæвæрд сфидар кæныны фæдыл. Промы- шленност æмæ транспор- ты ведомствойы разамонæг Хайдарбек Бутов æмбырды куыд фæнысан кодта, афтæмæй рес- публикæйы бюджетæй хъуамæ дихгонд æрцæ- уой субсидитæ бæлццæт- тæласæг æфсæнвæнда- джы организацитæн, иу- мæйагахуырадон, про- фессионалон æмæ уæл- дæр ахуырадон уагдæт- тæм ахуырдзаутæ æмæ студенттæ ласыны тых- хæй. Зындгонд куыд у, афтæмæй бæлццæттæласджытæ уыцы хъуыдда- гæй æфтиæгтæ нæ исынц, уымæн æмæ фæн- даггаджы аргъ вæййы та- рифæн йæ æмбис. Æдæппæт уыцы субсиди- тæн бюджеты сæвæрдтой 10 милуан сомæй фыл- дæр.

Ахсджиагыл банымайгæ уыди, фæллой æмæ социалон рæзты министр Хуыбиаты Барис цы фарстайыл æрдзырдта, уый дæр. Ацы азы фыццаг æмбисæн фидаргонд æрцыдысты граждæнтæ хи хæдзарæдтæй дыргътæ æмæ продукцийæ цы æфтиæгтæ райсынц, уыдоны бæрцытæ. Уыцы бæрцытæ сбæрæг кæнынц Хъæууон хæдзарады министрад, «Росрегистр» æмæ æндæр сæрмагонд ведомствæты фæрцы. Тускъаты Таймураз куыд бафиппайдта, афтæмæй хорз уаид, цæмæй ведом- ствæмæ районтæм гæсгæ уой æппæт бæрæггæ- нæнтæ дæр. «Мах хъуамæ зонæм, хицæн бинонтæ сæ зæххы хайыл куыд ку- сынц, цавæр тыллæг сæ райсынц, куыд сын æнты- сы, сæхи фæдарынхъом дзы сты, уымæй дарддæр ма сæ продукци сæ бон ауæй кæнын у — æппæт уыцы хабæрттæ. Уыдæттæ куы зонæм, уæд нын бæрæг уыдзæн хъæууон районты цæрæг адæмы хъомыс.

Хи хæдзарæдты куысты æнтыстджын чи у, æмæ ма дарддæр рæзын кæй фæнды, уыдонæн нæ бон у грантты хуызы æххуыс кæнын. Паддзахадон æххуысы хуызтæ сты алыхуызон æмæ сæ хъуамæ пайда кæнæм», — фæнысан кодта Хицауады Сæрдар.

Хуыбиаты Барис ма фæбæрæг кодта 2018 азы цыппæрæм кварталы иу удгоймагæн æмæ цæр- джыты сæйраг социалон къордтæн фæцæрынæн æппынкъаддæры бæрц цас у, уый. Иумæйаг бæрц уыди 9014 сомы; кусæг адæмæн — 9532 сомы; пенсиисджытæн — 7318 сомы; сывæллæттæн —9216 сомы.

Хицауады æмбырды ма байхъуыстой, Фæндæгты хæдзарад, Æрдз хъахъ- хъæнынады ведомствæ, Физикон культурæ æмæ спорты министрад цы ахсджиаг фарстатæ рахастой, уыдонмæ дæр. Æрныхас ма кодтой республикæйы социалонэкономикон рæзтимæ баст æндæр хъуыддæг- тыл.

БУТАТЫ Эльзæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here