Дзӕуджыхъӕуы фӕзындзӕн Евгений Вахтанговы хӕдзар-музей

0
396

Зындгонд театралон режиссер Евгений Вахтанговы хӕдзар-музей байгом уыдзӕн Дзӕуджыхъӕуы.

Уый тыххӕй журналисттӕн фехъусын кодта Уырыссаг академион театры аивадон разамонӕг Владимир Уваров.

«Мӕскуыйы Евгений Вахтанговы номыл театры директор Кирилл Крокимӕ рагӕй фӕнд кӕнӕм Дзӕуджыхъӕуы зындгонд режиссеры хӕдзар-музей байгом кӕнын. Ӕмӕ ныр хъуыддаг рӕзын райдыдта. Ацы фарсты фӕдыл ӕрӕджы бацыдыстӕм республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславмӕ ӕмӕ нын нӕ хъӕппӕрисыл зӕрдиагӕй сӕмбӕлд», — бафиппайдта Владимир Уваров.

Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, мӕскуыйаг театр цӕттӕ у хӕдзар-музей саразыны фӕдыл ӕппӕт хӕрдзтӕ дӕр йӕхимӕ райсыныл.

Владимир Уваров куыд бафиппайдта, афтӕмӕй уыцы ног объект хуымӕтӕг хӕдзар-музей нӕ уыдзӕн, фӕлӕ ӕппӕтвӕрсыг культурон центр. Куыд нысангонд цӕуы, афтӕмӕй дзы Евгений Вахтанговы номыл мӕскуыйаг ӕмӕ дзӕуджыхъӕуккаг театртӕ фембӕлдтытӕ араздзысты аивадуарзджытимӕ, кусдзысты дзы иумӕйаг сфӕлдыстадон проекттыл.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here