Сӕрмагонд къорд ӕрлӕууыд паддзахадон арӕныл

0
497

Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты Арӕнхъахъхъӕнӕг службӕйы сӕрмагонд къорд знон ӕрлӕууыд Знауыры районы Уистайы хъӕумӕ ‘ввахс бӕрзӕндыл. Уый тыххӕй фехъусын кодта информацион агентад «Спутник».

«Зындгонд куыд у, афтӕмӕй Уистамӕ ‘ввахс Гуырдзыстоны арӕнхъахъхъӕнӕг пъӕлицӕйы ӕнӕзакъон блокпост ӕвӕрд ӕрцыд арӕнмӕ ‘ввахс хуссарирыстойнаг зӕххыл. Ахӕм загъдкъахӕн архайды нысан у республикӕйы территорийы иу хай райсын. Гуырдзыстоны тыхы ведомствӕты минӕвӕртты ахӕм архайд бынӕттон цӕрджыты ӕдасдзинад къахыр кӕны», — загъд ис Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты хъусынгӕнинаджы.

Уыцы ӕууӕлтӕ нымайгӕйӕ ӕмӕ республикӕйы Президент Бибылты Анатолийы уынаффӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ, Хуссар Ирыстоны Арӕнхъахъхъӕнӕг службӕ райдыдта ӕххӕст кӕнын сӕрмагонд гуманитарон операци.

«Гуырдзыстоны ‘рдыгӕй загъдкъахӕн фӕлтӕрӕнтӕн аккаг ныхкъуырд дӕттыны ӕмӕ бынӕттон цӕрджыты ӕдасдзинад бахъахъхъӕныны нысанимӕ 5 сентябры арӕнхъахъхъӕнджыты сӕрмагонд къорд ӕрлӕууыд паддзахадон арӕныл Уистамӕ ‘ввахс бӕрзӕндыл. Ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ бацахстой нысангонд бынат ӕмӕ дзы ногӕй ӕрфидар кодтой Республикӕ Хуссар Ирыстоны паддзахадон тырыса. Ахӕм архайдӕн йӕ нысан у Знауыры районы цӕрджыты ӕдасдзинад бахъахъхъӕнын, стӕй регионы ӕфсӕддон-политикон уавӕр банывыл кӕнын», — загъта Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты пресс-службӕйы минӕвар.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here