5 сентябрӕй 25 сентябры онг Сывӕллӕтты фӕлладуадзӕн центр «Смена»-йы горӕт Анапӕйы цӕуы скъоладзауты ӕппӕтуӕрӕсеон спортивон фестивал «Президентон ерысты» кӕронбӕттӕн.
Фестивалы кӕронбӕттӕны архайджытӕ ссыдысты федерацийы 83 регионӕй, сӕ нымӕц та у 2 минмӕ ‘ввахс. Уыимӕ, уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ, ерыстӕ цӕудзысты дыууӕ стыр къордӕй: горӕтаг командӕты ‘хсӕн ӕмӕ хъӕууон командӕты ‘хсӕн.
Спортивон фестивалы Цӕгат Ирыстоны кад хъахъхъӕндзысты ӕрыдоны районы минӕвӕрттӕ: горӕтаг командӕты ерысты архайдзӕн ӕрыдоны 1-ӕм скъолайы къорд, хъӕууон командӕты ерысты та — Хъӕдгӕроны скъолайы ахуырдзаутӕ. Уыцы дыууӕ командӕйы фӕуӕлахиз сты фестивалы республикон къӕпхӕны 2019 азы апрелы.
«Ӕппӕтуӕрӕсеон фестивал «Президентон ерыстӕ» арӕзт цӕуы ӕрвыл аз дӕр, йӕ сӕйраг нысан у скъоладзауты ӕнӕниздзинад фидардӕр кӕнын, рӕзгӕ фӕлтӕры физикон культурӕ ӕмӕ спортмӕ ӕмхиц кӕнын. Нӕ зӕрдӕ дарӕм, нӕ командӕты архайд ӕнтыстджын кӕй уыдзӕн, ӕмӕ ӕппӕты бӕрзонддӕр бынӕттӕ бацахсыныл кӕй стох кӕндзысты, ууыл», — фӕсивӕды афӕндараст кӕнгӕйӕ, загъта Цӕгат Ирыстоны ахуырад ӕмӕ наукӕйы министр Людмилӕ Башарина.
Ацы аз «Президентон ерысты» архайджытӕ сты 2003-2005 азты гуырд скъоладзаутӕ. Ерысты программӕйы сты дугътӕ, футбол, бадминтон, самбо ӕмӕ спорты ӕндӕр хуызтӕ. Уымӕй уӕлдай, фӕсивӕд сӕ дӕсныдзинад ӕвдисдзысты алыхуызон сфӕлдыстадон конкурсты. Спортивон ӕмӕ сфӕлдыстадон ерыстӕй уӕлдай, скъоладзаутӕн сараздзысты ахуырадон семинартӕ ӕмӕ мастер-класстӕ дӕр.
Фестивал арӕзт цӕуы УФ-йы Рухсады ӕмӕ Спорты министрадты хъӕппӕрисӕй.
Гӕлӕуты Наталья














