Ӕнӕгъдау цуан ма кӕнӕм

0
588

Адӕймаг зӕххыл куы равзӕрд, уӕд ӕрдз хъӕздыг уыд алыхуызон хъӕддаг сырдтӕй. Суанг ма нӕм мамонттӕ, ихтиозавртӕ ӕмӕ динозавртӕ дӕр цардысты. Фӕлӕ сын рагон цуанон ӕрмӕст дур ӕмӕ золочъийӕ цы бакодтаид? Фат ӕмӕ ӕрдын куы фӕзындысты незаманты, фӕстӕдӕр та адӕймаг топпыхосӕй ӕхсгӕ хӕцӕнгӕрзтӕ куы сарӕзта, уӕдӕй фӕстӕмӕ та хъӕддаг сырдты нымӕц къаддӕрӕй-къаддӕр кӕнын райдыдта.

Ӕцӕгдӕр, хӕцӕнгарз у, хъӕддаг сырдтӕ цӕмӕй ихсийынц, уыцы тӕккӕ стырдӕр фыдбылызхӕссӕг. Абоны цуанӕтты ифтонгдзинад та никӕцы рӕстӕгимӕ абардзынӕ. Ис сӕм, оптикон ӕмӕ ӕхсӕвуынӕн прибортӕ ӕвӕрд кӕуыл вӕййы, ахӕм тӕккӕ нырыккондӕр автоматон хӕцӕнгӕрзтӕ, ӕмӕ сӕ сырд нӕ, фӕлӕ маргъы цӕст дӕр нӕ ивгъуыйы.

Раст куы зӕгъӕм, уӕд нырыккон хӕцӕнгӕрзты хицӕуттӕ арӕх цуанӕттӕ дӕр нӕ вӕййынц, хатгай та сӕ ӕрфӕнды сӕ арӕхстдзинад цуаны бафӕлварын, ӕмӕ гӕрзифтонгӕй балӕууынц хъӕдбынты. Бӕстӕ гуыпп ӕмӕ гӕрах свӕййы. Фылдӕр хатт кӕд ницы амарынц, уӕддӕр ахӕм ӕнӕзакъон цуан фыдбылыз хӕссы нӕ алфамбылай ӕрдзӕн. Уӕлдайдӕр уалдзӕг ӕмӕ сӕрды мӕйты.

Хъуыддаг афтӕ у, ӕмӕ ацы рӕстӕг хъӕддаг сырдтӕ сӕ тӕккӕ зайгӕйӕ вӕййынц кӕнӕ та сӕ чысыл лӕппынтимӕ фӕхизынц ӕрдузты. Гӕрӕхтӕй афтӕ дард фӕлидзынц, ӕмӕ мад ӕмӕ лӕппын кӕрӕдзи нал ссарынц. Уӕдӕ заинаг сырд куы фӕтӕрса, уӕд йӕхи къутӕрыл ныццӕвы, куы ӕндӕр истӕуыл ӕмӕ фӕстӕдӕр фефтауы.

Ахӕм фыдбылызтӕ нӕм цӕмӕй ма уа, уый тыххӕй зонын хъӕуы цуан кӕныны ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ ӕмгъуыдтӕ. Хъыгагӕн, незаманты сырды фыдӕй чи цард, уыдонӕй нырыккон цуанӕттӕ ницӕмӕй хицӕн кӕнынц. Махӕн хорз уӕд, нӕ фӕстагӕтты мӕт нӕ нӕй, зӕгъгӕ, афӕдзы кӕцыфӕнды афон дӕр ӕнӕбарлӕвӕрдӕй гӕрзифтонгӕй балӕууынц хъӕдбынты ӕмӕ ӕфсатийы дзугты фӕстӕ зилын райдайынц. Ауӕрдгӕ та ӕппындӕр ницӕуыл кӕнынц. Хъӕддаг цӕрӕгой фӕнды лӕппын уа, фӕнды — заинаг — ӕхстмӕ фӕлӕууӕд, ӕндӕр ӕй автоматон хӕцӕнгарзӕй гӕрӕхтӕ кӕнын райдайынц.

Уӕд цавӕр хабар у, сырдты мыггаг сыскъуыйын  кӕрӕф цуанӕттӕм кӕсы? Хъуамӕ алы хъуыддагӕн дӕр уа фӕтк. Цуанӕттӕ ӕмӕ дӕм кӕсагахсджыты ӕхсӕнадӕй барлӕвӕрд куы нӕ уа, уӕд топпӕргъӕвдӕй кӕдӕм цӕуыс хъӕдмӕ? Фӕлӕ иуӕй-иутӕ сӕ цӕсгом бахордтой. Ӕнӕгъдау цуан кӕй кӕнынц, уый тыххӕй хъӕддаг сырдты нымӕц къаддӕрӕй-къаддӕр кӕнын райдыдта хъӕдӕхгӕд къуылдымтӕ ӕмӕ хӕхты цъасты.

Ныхас канд цӕрӕгойты дуне бахъахъхъӕныныл нӕ цӕуы. Иуӕй-иу цуанӕттӕ сӕхи дарын нӕ зонынц хъӕды. Ӕдзухдӕр семӕ ахӕссынц карз нозт, сӕхимӕ дзы ӕгӕр фӕкӕсынц, ӕдасдзинады техникӕйы домӕнтӕ ӕххӕст кӕнын та сӕ ферох вӕййынц. Бӕлвырддӕр куы зӕгъӕм, уӕд чи хӕцӕнгарзы хӕтӕл бынмӕ, афтӕмӕй йӕ баппары йе уӕхскыл, чи та йӕ цӕхгӕрмӕ ӕрӕфтауы йӕ риуыл. Уӕдӕ цуаны фӕстӕ хӕцӕнгарзӕй гилдз раппарын дӕр кӕмӕйдӕрты ферох вӕййы.

Ахӕм ӕнӕсӕрфат митӕ алы хатт дӕр цы фыдбылызтӕм ӕркӕнынц, уыдоны тыххӕй дарддӕр нӕ дзурдзыстӕм. Фӕлӕ ӕгъдау ӕмӕ фӕтк хъӕуынц хъӕдбыны дӕр. Йӕхи цуанон чи хоны, уый хъуамӕ ӕххӕст кӕна цуан кӕныны ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ ӕмгъуыдтӕ. Кӕронбӕттӕны та мӕ зӕгъын фӕнды: цуанон ӕгад никуы уыдис нӕ адӕммӕ. Уый-иу сӕ алы хатт дӕр бахъахъхъӕдта тугдзых сырдтӕ ӕмӕ мӕргъты фыдбылызтӕй. Цуан кӕнгӕйӕ та, архайдта, кӕрдӕгӕй чи цӕры, уыцы сырдтӕй къаддӕр фӕхъӕуыныл. Цӕй ӕмӕ нӕ фыдӕлты хуызӕн мах дӕр уӕм ӕрдзы хъӕздыгдзинӕдтӕ фылдӕр кӕныныл хъуыдыгӕнӕг цуанӕттӕ.

Гӕздӕнты Таймураз,

РЦИ-Аланийы цуанӕттӕ ӕмӕ кӕсагахсджыты ӕхсӕнады уӕнг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here