Ерыстӕй ссардтой зынгхуыст хъӕбатырты рухс нӕмттӕ

0
486

Спортивон комплекс «Динамо»-йы ивгъуыд сабаты цыдысты 2004 азы Беслӕны 1-ӕм скъолайы стыр бӕллӕхы бахауӕг сывӕллӕтты ирвӕзынгӕнгӕйӕ сӕ удтӕ нывондӕн чи ӕрхаста, уыцы сӕрмагонд ӕфсӕддон хӕйттӕ «Альфӕ», «Вымпел» ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты министрады афицертӕ ӕмӕ ӕфсӕддонты номарӕн ерыстӕ къах-къухӕй хӕстӕй.

Йӕ аразджытӕ уыдысты: РЦИ-Аланийы Къах-къухӕй хӕсты федераци, нӕ республикӕйы Физкультурӕ ӕмӕ спорты министрад ӕмӕ терроризмы ныхмӕ хӕцӕг сӕрмагонд ӕфсӕддон хай «Альфа»-йы ветеранты ассоциаци.

Ерыстӕ цыдысты фондз кары спортсменты ‘хсӕн: 10-11, 12-13, 14-15, 16-17- аздзыдты ӕмӕ 18-аздзыдӕй хистӕр чи у, уыцы богӕлтты ‘хсӕн. Сӕ уазджытӕ уыдысты, сӕрмагонд ӕфсӕдты службӕ кӕнгӕйӕ бирӕ сгуыхтдзинӕдтӕ чи равдыста, ахӕм къорд кадджын ӕфсады ветераны, автомобилистты дунеон змӕлд «Адӕм — терроризмы ныхмӕ»-йы минӕвӕрттӕ, Стъараполы крайы цӕрӕг ирон адӕмы культурон ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ, сӕ сӕргъы Уататы Тамерлан, афтӕмӕй.

Ерыстӕ гом кӕнгӕйӕ спортсментӕн, Ирыстоны уазджытӕ ӕмӕ спортуарзджытӕн зӕрдиаг арфӕ ракодтой: РЦИ-Аланийы Къах-къухӕй хӕсты федерацийы президент, юстицийы инӕлар-лейтенант Козаты Валери, Цӕгат Ирыстоны десантникты иугонды сӕрдар Золойты Игорь, дунеон федераци «Антитеррор»-ы уӕнг булкъон Гайттаты Георги, РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕххуысгӕнӕг, булкъон Хъуыссӕты Мӕирбег, арӕнхъахъхъӕнӕг ӕфсӕдты ветеранты советы сӕрдар булкъон Валерий Устинов, РЦИ-Аланийы Росгвардийы управленийы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг, булкъон Владимир Алкачев, Донецкы Адӕмон Республикӕйы Автоспорты федерацийы вице-президент Михаил Тихонов.

Ацы ран уыдысты, Уӕрӕсе ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны Автомотоспорты федерацийы хъӕппӕрисӕй цы сабырдзинадмӕ сидӕг автораллитӕ арӕзт ӕрцыд, уыдоны архайджытӕ. Уыдонимӕ Чехийы минӕвӕрттӕ дӕр. Сӕ иу уыд Владимир Сорочинский ӕмӕ загъта: «ӕз ардӕм ӕрбацыдтӕн Чехийӕ. Беслӕны цы ӕвирхъау хъӕддаг ми ӕрцыд, цӕмӕй ахӕмтӕй хъахъхъӕд цӕуӕм, ууыл тох кӕнын хъӕуы ӕппӕт бӕстӕты адӕмты дӕр. Цас ӕнгомдӕр уӕм, уымӕй нын фылдӕр бантысдзӕн нӕ зӕхх, нӕ адӕмты кӕнгӕ фыдбылызтӕй бахизын. Уымӕй ма цъаммардӕр, ӕгъатырдӕр хъуыддаг цы уа; адӕм, скъоладзаутӕ сӕ ныййарджытимӕ ӕрбацыдысты бӕрӕгбонмӕ ӕмӕ сӕ лӕгсырдтӕ зындонмӕ батардтой. Ахӕм бӕллӕхӕй ӕгас дуне дӕр хызт цӕмӕй уа, ууыл хъӕуы ӕмзондӕй кусын. Ӕз стыр бузныг зӕгъын Ирыстоны уазӕгуарзон адӕмӕн, ӕмӕ уын мӕ зӕрдӕ зӕгъы ӕнӕфыдбылыз ӕмӕ царды хӕрзтӕй райгонд уӕвын».

Виктор Илясов, Волгограды облӕсты Автомотоспорты федерацийы сӕрдар: «Мах ныртӕккӕ стӕм нӕ ӕппӕтуӕрӕсеон авторалли «Стъалы»-йы архайджытӕ. Уымӕн йӕ нысан у зӕххыл сабырдзинады талатӕ тауын. Йӕ девизтӕ дӕр афтӕ сты: «Сабырдзинады сӕраппонд», «Беслӕн! Мах стӕм дӕ фарсмӕ», «Адӕмтӕ терроры ныхмӕ». Уый у стыр хъӕугӕ хъуыддаг ӕмӕ махӕн тынг ӕхсызгон у ахӕм мадзалы архайын. Абон мах иууылдӕр ӕрбацыдыстӕм ацы ерыстӕм ӕмӕ зӕрдиагӕй бузныг зӕгъӕм сӕ саразджытӕн. Хъуамӕ макуы уой рох, царды сӕраппонд йӕхи нывондӕн чи ӕрхаста, уыцы хъӕбатыртӕ».

Ерысты Ирыстоны спортсментӕй уӕлдай архайдтой Цӕцӕны республикӕйы минӕвӕрттӕ.

Ӕппӕты кӕстӕр богӕлтты (10-11-аздзыд) ерысты фыццаг бынӕттӕ бацахстой 24 кг — Кирилл Шхачев, 26 кг — Дзылыхты Сослан (сӕ дыууӕ дӕр РЦИ-Алани), 28 кг — Шамиль Межидов (ЦР), 30 кг — Мовлади Бижиев (ЦР), 33 кг — Вахид Муташев (ЦР), 36 кг — Тыджыты Батрадз, 39 кг — Уаниты Азӕмӕт, 42 кг — Магкӕты Эрик (ӕртӕйӕ дӕр РЦИ-Аланийӕ), 46 кг — Юнус Юсупов (ЦР), 50 кг — Беслехъоты Азӕмӕт, 60 кг — Кочысаты Ацӕмӕз (сӕ дыууӕ дӕр РЦИ-Аланийӕ).

Чызджыты ‘хсӕн уӕлахиздзаутӕ систы Дзадзиаты Камиллӕ (36 кг) ӕмӕ Иринӕ Степанян (дыууӕйӕ дӕр РЦИ-Аланийӕ).

12-13-аздзыд спортсменты ерысты иуӕндӕс уӕзы 1-аг бынӕттӕм рацыдысты Цӕцӕны республикӕйы богӕлттӕ. Ирыстойнӕгтӕй ацы кары 1-аг бынат бацахсын бантыст Мамиаты Батрадзӕн (65 кг). Чызджыты ерысы 1-аг бынат бацахста Виктория Нарыкова.

14-15-аздзыд спортсменты ерысты дӕр нӕ цӕцӕйнаг уазджытӕ сӕхи равдыстой сӕрӕнӕй ӕмӕ фӕуӕлахиз сты фондз уӕзы. Ирыстойнӕгтӕ 1-аг бынӕттӕ бацахстой ӕхсӕз уӕзы. 16-17-аздзыд богӕлттӕ цы авд уӕзы хӕцыдысты, уым цӕцӕйнаг лӕппутӕ фӕуӕлахиз сты цыппар уӕзы, ӕртӕйы та 1-аг бынӕттӕм рацыдсты ирыстойнӕгтӕ: Роман Мурзаев (55 кг), Сиукъаты Эльбрус (75 кг) ӕмӕ Годжыцаты Олег (80 кг).

18-аздзыдтӕй хистӕр спортсменты ерыстӕ рауадысты уӕлдай цымыдисагдӕр. Нӕлгоймӕгтӕ цы аст уӕзы ерыс кодтой, уыдонӕй алкӕцыйы дӕр 1-аг бынат бацахсыныл цыди ахъаззаг тох. Ӕппынфӕстаг уӕлахиздзаутӕ систы ирыстойнӕгтӕ: Герман Наскребин (60 кг), Умарали Тошев (65 кг), Лохты Илья (75 кг), Анварбек Даниялбеков (80 кг), Иман Салихов (90 кг) ӕмӕ Хъазиты Арсен (90 кг+). Цӕцӕны республикӕйы минӕвӕрттӕ 1-аг бынӕттӕ бацахстой дыууӕ уӕзы: Муслим Асуев (70 кг) ӕмӕ Иса Ахмедов (85 кг).

Фыццаг бынӕттӕ бацахстой нӕ чызджытӕ Анастасия Васькова (50 кг) ӕмӕ Екатеринӕ Гаврилова (70 кг).

Командӕты ‘хсӕн 1-аг бынат бацахста 58-ӕм ӕфсады командӕ, 2-аг бынатмӕ рацыд 3748-ӕм ӕфсӕддон хай, 3-аг та ссис Цӕцӕны республикӕйы 13-ӕм спортивон скъолайы командӕ.

Ирыстоны богӕлтты ерыстӕм бацӕттӕ кодтой тренертӕ: Дзитойты Артур, Нариман Катиев, Илья Циклаури ӕмӕ иннӕтӕ.

Баскаты Уырызмӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here