Лӕппуйӕ лӕггӕнӕг — нӕ бӕстӕйы ӕфсад

0
674

УФ-йы Президент Владимир Путины бардзырдӕй нӕ бӕстӕйы райдыдта фӕззыгон ӕрсидт. Ӕмӕ ахӕсдзӕн суанг 31 декабрмӕ. Дзӕуджыхъӕуы ӕфсӕддон комиссар Беджызаты Роберт нын куыд радзырдта, афтӕмӕй ацы азы кӕронмӕ Дзӕуджыхъӕуӕй ӕфсадмӕ хъуамӕ ацӕуа 370 лӕппуйы. Нӕ лӕппуты фылдӕр хай се ‘фсӕддон хӕс ӕххӕст кӕнынмӕ ӕрвыст ӕрцӕудзысты мидӕфсӕдтӕм, ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты министрады, Национ гвардийы ӕфсӕдтӕм.

Знон райдыдта ӕрсидтӕн йӕ фыццаг къӕпхӕн. Нӕ горӕты ӕфсӕддон комиссарӕй уӕлдай, фӕсивӕды ӕфсадмӕ акӕныны фӕдыл къамисы уӕнгтӕ сты Дзӕуджыхъӕуы бынӕттон хиуынаффӕйады администрацийы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Бӕройты Хасан, Дзӕуджыхъӕуы ӕфсӕддон комиссарады ӕрсидты хайады сӕргълӕууӕг Козаты Батрадз, комиссарады сӕйраг дохтыр Мӕхъиты Мурат.

Ӕфсадмӕ ацӕуыны тыххӕй къамисы уӕнгтӕн разыйы дзуапп чи радта, ӕмӕ къамис ӕфсӕдмӕ фӕсидыны аккагыл кӕй банымадта, уыцы фӕсивӕдӕй бирӕтӕ каст фесты астӕуккаг скъолатӕ, колледжтӕ, техникумтӕ, институттӕ. Ис дзы ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ ма УФ-йы ДОСААФ-ы республикон хайады автомобилон скъолайы шофыры курсытӕ каст чи фӕци, уыдон. Ныр уыцы фӕсивӕдӕн 7 октябры, ӕфсӕддон комиссарады зӕгъдзысты, чи сӕ цавӕр хӕйтты службӕ кӕндзӕн, уый.

— Мӕ хистӕртӕ се ‘ппӕт дӕр ӕфсады уыдысты. Мӕн дӕр фӕнды мӕ бӕстӕйы раз мӕ хӕс ахицӕн кӕнын. Мӕнмӕ гӕсгӕ ӕфсадӕй хи ӕмбӕхсын нӕ хъӕуы. Ӕз ӕрӕджы каст фӕдӕн Нырыккон гуманитарон академийы дзӕуджыхъӕуккаг хайады юридикон факультет, ӕмӕ цӕмӕй дарддӕр царды хуыздӕр бынат ссарон, уый тыххӕй дӕр мӕ, ӕнӕмӕнг, ацӕуын хъӕуы ӕфсадмӕ, — дзырдта нын ӕрсиддон Челдыты Владимир.

Гаглойты Арсен та ацы аз фӕци каст ЦИПУ-йы экономикон факультет. Ӕмӕ ныр йӕ бӕстӕйы раз цы хӕс дары, уый ӕххӕст кӕнынмӕ цӕуы. Уымӕн дӕр йӕ фыд службӕ кодта мидӕфсӕдты.

ГАСАНТЫ Валери

Къам систа Къӕбысты Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here