Битарты Вячеслав: «Ӕппӕт куыстытӕ дӕр — ӕмгъуыдтӕм гӕсгӕ»

0
408

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав ӕххӕстгӕнӕг хицаудзинады ӕмӕ бынӕттон хиуынаффӕйады оргӕнты разамонджытимӕ ӕмбырды рӕгъмӕ рахаста социалон ахсджиаг объекттӕ аразыны, фадатджын горӕтаг алфамблаимӕ баст программӕтӕ ӕххӕст кӕныны, ӕмӕ адӕмы кӕлӕддзаг хӕдзӕрттӕй ног фатертӕм раивыны фарстытӕ.

Ацы аз аразӕг организацитӕ архайынц 51 объекты. Уыдон сты, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады, ахуырады, спорт ӕмӕ культурӕйы куыстуӕттӕ. Битарты Вячеслав куыд бафиппайдта, афтӕмӕй хъуамӕ афойнадыл ӕппӕт паддзахадон ӕхца дӕр хардзгонд ӕрцӕуой нысантыл, арӕзтадон-монтажгӕнӕн хъуыддӕгты ӕмгъуыдтӕй иуварс хизӕн нӕй.

Регионы разамонӕг ӕмбырды архайджыты ӕргом аздӕхта цалдӕр объектмӕ. Уыдон куы скусой, уӕд бирӕ зындзинӕдтӕ иуварсгонд ӕрцӕудзысты. Фыццаг у ӕрыдоны районы рынчындон. Уым бындурон рацарӕзты фӕстӕ ӕрцыд зынгӕ ивддзинӕдтӕ. Цалдӕр боны дӕргъы ма йӕ баххӕст кӕндзысты хъӕугӕ ифтонггӕрзтӕй, хъуамӕ фидаргонд ӕрцӕуа лифт.

Дачный ӕмӕ Мичурины хъӕуты рӕвдауӕндӕттӕ цӕттӕ сты, рӕхджы сӕ дуӕрттӕ парахатӕй байгом кӕндзысты сӕ хъомылгӕнинӕгты размӕ. Битарты Вячеслав ацы объектты аивгӕнӕн куыстытӕ бабар кодта Хицауады Сӕрдары ног хӕдивӕг Кӕсӕбиты Игорӕн. «Горӕттӕ ӕмӕ хъӕуты цӕрджытӕн ахсджиаг цы объекттӕ сты, уыдоны тыххӕй фарст ӕвӕрдзысты Хицауады минӕвӕртты раз. Хъуамӕ ӕппӕт объекттӕ дӕр скусой афойнадыл. Министрадтӕ, муниципалон районтӕ, куыстытӕ фӕдзӕхсджытӕ хъуамӕ ӕдзухдӕр сӕ хъус дарой арӕзтадон фӕзты уавӕрмӕ, аразджыты раз домӕнтӕ ӕвӕрой, цӕмӕй графиктӕй иуварс ма хизой. Бӕрнон адӕймӕгтӕ сӕ кусгӕ бон хъуамӕ райдайой объекттӕй, изӕрыгон дӕр сӕ хъуамӕ бабӕрӕг кӕной ӕмӕ феной, цы ивддзинӕдтӕ дзы ӕрцыд, уыдон», — фӕнысан кодта Битарты Вячеслав.

Цӕрӕнуӕтты-коммуналон хӕдзарады, артаг ӕмӕ энергетикӕйы министр Таматы Майрӕн куыд радзырдта, афтӕмӕй кӕронмӕ базылдысты 60 бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты кӕртытӕм. Ӕрмӕстдӕр ма сын Дзӕуджыхъӕуы иунӕг объект баззад Черняховскийы уынджы. Ӕхсӕнадон фӕзты удӕнцойдзинӕдтӕ дӕр конд цӕуынц Дыгуры, ӕрӕфы ӕмӕ Алагиры районты, Дзӕуджыхъӕуы Хетӕгкаты Къостайы номыл Культурӕ ӕмӕ фӕлладуадзӕн парк рацаразынӕн дӕр лӕвӕрд ӕрцыд бирӕ ӕхцатӕ ӕмӕ фӕрӕзтӕ.

Тамайы-фырт ма фӕбӕрӕг кодта зымӕгмӕ цӕттӕдзинады фарстытӕ, ранымадта инфраструктурон объекттӕ. Куыд бацамыдта, афтӕмӕй ӕппӕт агуаттӕ дӕр сты рӕвдз. Республикӕйы Сӕргълӕууӕг бафӕдзӕхста, цӕмӕй бӕрнон цӕстӕй ӕркӕсой Беслӕны ӕмӕ Уӕллаг Фыййагдоны хъармгӕнӕн хызты уавӕрмӕ.

Битарты Вячеслав ма ӕмбырды архайджыты ӕргом аздӕхта куысты бынӕтты армукъатӕ кӕнынмӕ. Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уыдон тынг ахъаз сты республикӕйы цӕрджытӕн. «Ахӕм армукъатӕ ӕртӕ мӕйы иу хатт кӕнӕн ис республикӕйы хъӕуккаг районты, Дзӕуджыхъӕуы та — арӕхдӕр. Хъуамӕ Адӕмӕн куыстдӕттыны комитет зона ӕппӕт хабӕрттӕ дӕр мызд ӕмӕ куысты бынӕтты тыххӕй. Уый охыл сын, хъуамӕ хорз ӕмгуыстад уа районты разамонджытимӕ. Цӕрджытӕ армукъа байгом кӕныны хабар хъуамӕ базоной рагацау. Кусын кӕй фӕнды, уый хъуамӕ йӕ зонындзинӕдтӕ ӕмӕ арӕхстдзинӕдтӕн бынат ссара. Мах хӕс та у ахӕм адӕймӕгтӕн баххуыс кӕнын», — загъта республикӕйы Сӕргълӕууӕг.

Ӕмбырды ма равзӕрстой Аланийы саргъуыды 1100 азы бӕрӕгбонимӕ баст фарстытӕ дӕр. Уӕрӕсейы Федерацийы Президент Владимир Путины Указӕй 2020 азы ӕппӕт хъуыддӕгтӕн дӕр ӕхца дих кӕнын райдайдзысты. Иннӕ аз федералон бюджет радих кӕндзӕн 190 милуан сомы, ӕмӕ уал кусын райдайдзысты культурон бынты объекттыл. Уымӕ гӕсгӕ Битарты Вячеслав бабар кодта Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Иринӕ Азимовайӕн, цӕмӕй лӕмбынӕг ӕркӕса хӕрдзты документтӕм. Уыдон хорз цӕттӕгонд куы уой, уӕд ӕппӕт конкурсон хъуыддӕгтӕ дӕр конд ӕрцӕудзысты цыбыр рӕстӕгмӕ, ӕмӕ реставрацион куыстытӕм уыдзӕн бавналӕн.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы

ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here