Ахӕм ерысты ӕмбулынц иууылдӕр

0
292

Цалдӕр азы дӕргъы нӕ республикӕйы фӕцӕуынц, йе ‘нӕниздзинад хъыгдард кӕмӕн у, ахӕм спортсменты спартакиадӕйы ерыстӕ. Азӕй-азмӕ ерыстӕ кӕнынц цымыдисагдӕр ӕмӕ дзы сӕ арӕхстдзинад чи февдисы, уыдоны нымӕц дӕр фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны. Спартакиадӕ аразӕг сты РЦИ-Аланийы Фӕллой ӕмӕ социалон рӕзты министрад, спортивон скъола «Стимул» ӕмӕ бархион ӕххуысгӕнджытӕ.

Ацы аз спартакиадӕ цыд 8 октябры. Нӕ республикӕйы сӕйраг спортивон галуан «Манеж»-ы сӕ арӕхстдзинад ӕвдыстой 200 спортсменӕй фылдӕр. Уыдон ерыс кодтой спорты аст хуызӕй. Ерысты цы чызджытӕ ӕмӕ лӕппутӕ архайдтой, уыдон сӕ кармӕ гӕсгӕ дихгонд уыдысты дыууӕ къордыл, 14-17 азы онг куыл цӕуы ӕмӕ уымӕй хистӕртӕ.

Ерыстӕ цыдысты хъӕлдзӕг бӕрӕгбон уавӕры. Музыкӕ, зард ӕмӕ кафтӕй спортсментӕ ӕмӕ спортуарзджыты зӕрдӕтӕ рухс кодтой нӕ республикӕйы зындгонд зарӕггӕнджытӕ ӕмӕ ӕрыгон кафджыты ансамбл «Дзӕуджыхъӕуыккаг Алантӕ».

Низӕфхӕрд чи баййӕфта, уыцы спортсментӕ спортуарзджыты кӕдфӕнды дӕр дисы бафтауынц сӕ хъӕбатырдзинад ӕмӕ цардуарзондзинадӕй. Ацы хатт дӕр та сӕ къухӕмдзӕгъд ӕмӕ разыйы сидтытӕй ӕвдыстой ерысты архайджытӕ сӕ зӕрдӕмӕ кӕй цӕуынц, сӕ лӕгдзинад ӕмӕ сын арӕхстдзинадыл дис кӕй кӕнынц!

Адӕмы ‘хсӕн инвалидтыл нымад чи у, уыцы лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ куыд рӕвдз архайдтой, ерысты алы хуызтӕй, уымӕ кӕсгӕйӕ, адӕймаджы уырнгӕ дӕр нал фӕкӕны, ацы спортсментӕн се ‘нӕниздзинад хъыгдард у, уый. Спартакиадӕйы уазджытӕй иу уыд нӕ номдзыд спортсмен, уӕззау атлетикӕйӕ дунейы ӕртӕ хатты чемпион ӕлбегаты Руслан. Ерыстӕ цы уавӕры цыдысты, уый тыххӕй Руслан загъта: «Мах ӕвдисӕн стӕм ӕцӕг хъӕлдзӕг бӕрӕгбонӕн. Дисы нӕ ӕфтауынц спортсментӕ. Куыд згъорынц, куыд гӕпп кӕнынц дӕргъмӕ, кӕнӕ куыд архайынц пурти дардмӕ ӕппарынӕй. Иннӕ ахӕм та, сӕ къухтӕй сӕ гуыртӕ цал хатты сивазынц хӕрдмӕ, уыдон уынгӕйӕ, лӕджы дисы ӕфтауы сӕ сӕрӕндзинад. Ахӕм адӕймӕгтӕ фӕзминаг сты, ӕнӕниз уӕвгӕйӕ, йе уӕнгтӕ кӕмӕн амӕлынц, уыцы зивӕггӕнджытӕн. Цӕмӕй, низӕй хъыгдард уӕвгӕйӕ, ахӕм бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕвдисай ерысты, уый тыххӕй ацы фӕсивӕд цас бафыдӕбон кодтой, уый сӕхи йедтӕмӕ ничи зоны. Мах зӕрдӕбын арфӕ кӕнӕм, спартакиадӕ  чи аразы, уыдонӕн. Нӕ республикӕйы Фӕллой ӕмӕ социалон рӕзты министр Хуыбиаты Барис йе ‘ххуысгӕнджытимӕ алы аз дӕр хорз бацархайынц ӕмӕ спартакиадӕйӕ рауайы ӕцӕг спорты бӕрӕгбон. Мах хъуамӕ архайӕм, йе ‘нӕниздзинад хъыгдард кӕмӕн у, уыцы не ‘мбӕстӕгтӕн ӕмбӕлгӕ уавӕртӕ аразыныл куыд спорт ӕмӕ физикон культурӕйы, афтӕ сӕ ӕрвылбоны царды дӕр».

РЦИ-Аланийы Фӕллой ӕмӕ социалон рӕзынады министр Хуыбиаты Барис: «Зӕрдӕ райы не спортсменты архайдӕй. Мах ацы ерыстӕ куы арӕзтам, уӕд нӕ фӕнд уыд, цӕмӕй низӕфхӕрд чи баййӕфта, уыцы адӕмӕн сӕ ныфс ма сӕтта ӕмӕ тырной се ‘нӕниздзинад фӕфидардӕр кӕнынмӕ. Куыд уынӕм, афтӕмӕй азӕй-азмӕ фылдӕр кӕны, низы ныхмӕ физкультурӕ ӕмӕ спорты фӕрцы чи тох кӕны, уыдоны нымӕц. Ныридӕгӕн нӕ республикӕйы минӕвӕрттӕ къордӕй систы Европӕ ӕмӕ дунейы стырдӕр ерысты, суанг Сурдлимпаг ӕмӕ Паралимпаг хъӕзтыты онг, уӕлахиздзаутӕ. Уыцы хъуыддаджы зӕрдиаг фыдӕбон кӕнынц, не спортсментимӕ Гаглойты Валери разамынд кӕмӕн дӕтты, уыцы спортивон скъола «Стимул»-ы тренертӕ. Мах бузныг стӕм, нӕ фарсмӕ чи ӕрбалӕууы, уыцы адӕммӕ».

Спартакиадӕйы бӕрӕгбонхуыз чи скодта, уыдонимӕ уыдысты нӕ республикӕйы зындгонд зарджыты къорд «Фидӕн»-ы артисттӕ Чекойты Артур, Датиты Аслан, Нартыхъты Валери. Датиаты Аслан загъта:

«Мах тынг ӕхсызгонӕй архайӕм ацы рӕсугъд ӕмӕ хъӕугӕ хъуыддаджы. Нӕхи цӕстӕй йӕ уынӕм, спорт ныфсдӕттӕг кӕй у, уый. Нӕ спортсментӕн нӕ зӕрдӕ зӕгъы стыр ӕнтыстдзинӕдтӕ куыд спорты, афтӕ царды дӕр». Ацы ныхӕстӕм ма Нартыхъты Валери бафтыдта: «Ацы ерысты чи архайы, уыдон иууылдӕр сты арфӕйы аккаг Уырнгӕ дӕр нӕ кӕны, сӕ фылдӕр уӕззау низтӕй рынчын кӕй баййӕфтой, уый». Чекойты Артур та йӕ мидбылхудгӕйӕ загъта: «Ерыстӕм кӕсгӕйӕ, адӕймаг йӕхӕдӕг дӕр сцыбӕл вӕййы. Мӕхи дӕр ӕрфӕндыди мӕ дзаумӕттӕ раивын ӕмӕ семӕ азгъорын!»

Ӕмӕ, ӕцӕгӕйдӕр, ерыстӕ цыдысты тынг зӕрдӕмӕдзӕугӕ уавӕры. Ахӕм ерысты, кӕд сӕ фӕткмӕ гӕсгӕ 1-аг, 2-аг ӕмӕ 3-аг бынӕттӕ бацахсджыты фӕбӕрӕг кӕнынц, уӕддӕр дзы фӕхӕрдуӕвӕг нӕ вӕййы. Уый та уымӕн, ӕмӕ дзы чи архайы, уыдонӕй алчидӕр у уӕлахиздзау йӕ низыл!

Районты ‘хсӕн 1-аг бынат бацахстой Рахизфарсы ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы Терчыфалейы районтӕ. 2-аг бынатмӕ рацыд ӕрыдоны район, 3-аг та ссис Кировы районы командӕ.

Хицӕн спортсменты ерысты уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призон бынӕттӕ бацахсджытӕ райстой майдантӕ, дипломтӕ ӕмӕ лӕвӕрттӕ.

Сӕрмагонд лӕвар арӕзт ӕрцыд спортуарзджытӕн. Уый та рамбылдтой Дзӕуджыхъӕуы Промышленнон районы командӕйы фарсхӕцджытӕ.

Баскаты Уырызмӕг

Къам систа Къӕбысты Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here