Михаил Булгаков – Мариинаг театры сценæйы

0
4

Фестиваль «Вахтангов. Путь домой» цæгатирыстойнаг театрдзауты дарддæр зонгæ кæны йæ репертуаримæ. Уый  фæлгæты Мариинаг театры дзæуджыхъæуккаг хайады нæ горæты театрдзаутæ федтой Йошкар-Олайы М. Шкетаны номыл Драмæйы национ театры спектакль «Записки юного врача».

Спектакль æвæрд æрцыд Михаил Булгаковы радзырдтæм гæсгæ. «Записки юного врача» æрыгон авторæн сты йе стырдæр уацмыстæн сæ фыццагдæртæ. Уыцы радзырдтæ æвæрд æрцыдысты спектаклы бындуры.

Театрмæ кæсджыты спектакль зонгæ кæны ссæдзæм æнусы райдайæны провинциалон рынчындоны цардимæ, æвдисы хъæуккаг царды зындзинæдтæ æмæ зонгæ кæны, низтæ æмæ мæлæт фыццаг хатт чи федта, уыцы æрыгон дохтыры хъуырдухæнтимæ, æнкъары, цард ыл цы бæрнондзинад сæвæрдта, уый. Булгаковæн уыдон сты йе ‘цæг царды скъуыддзæгтæ. Нырма ныр йæ ахуыр чи фæци, уыцы æрыгон дохтыры бахъуыд, горæтæй дæрддзæф чи у, ахæм рынчындоны сæргъы æрлæууын. Фæлтæрдджын кæд нæма у, уæддæр йæ бæрнондзинад æнкъары æмæ архайы йæ хæстæ сыгъдæг цæсгомæй æххæст кæныныл. Алы бон дæр ын хæссы ног фæлварæнтæ, ног зындзинæдтæ. Æмæ æрыгон дохтыр уыцы зындзинæдты, уыцы уæззау æнкъарæнты сæрты хъуамæ ахизын бафæраза, стæй, дæсныйад раст равзæрста æви нæ, уыцы фарстæн дæр дзуапп хъуамæ ратта. Гиппократы ардбахæрд ыл æвæры хæс – цыфæнды уæззау рынчын куы уа, уæддæр йæ низы дзæмбытæй ратоныны тыххæй цардимæ хъуамæ тохы бацæуа. Æмæ уыцы тохы алы уæлахиз дæр, фыццаджыдæр, у æрыгон дохтырæн йæхиуыл, йæ хъуырдухæнтыл уæлахиз. Тæссаг æмæ худæг, трагикон æмæ æнахуыр диссаджы цаутæ сæмхæццæ сты йæ царды.

Спектаклы сценæтæ сты ирд, музыкалон æгъдауæй – хъæздыг, дисы æфтауæг хъуыдыйæ – се ‘дзаг. Æппæт уыдæттæ, стæй æнахуыр сценикон фæзилæнтæ тынг цымыдис кæнынц театрдзауты. Спектакльмæ чи æрбацыд, уыдон æвæлмастæй нæ баззадысты æмæ йæ фенынæй райстой стыр æхцондзинад.

Сергей Щегловы инсценировкæйæ спектакль сæвæрдта режиссер Роман Алексеев. Нывгæнæг-æвæрæг у Сергей Таныгин, костюмты нывгæнæг – Надежда Рукавишникова, музыкалон хайыл дзуапдæттæг – Ролан Алексеев, кæфтытыл – Геннадий Бахтерев.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here