Куыст æмæ бинонты царды мидæг нывылдзинады ссарæн ис æцæг амонд. Уыцы нывылдзинады бон у ахастытæ бахъахъхъæнын, æнкъарæнты сыгъдæгдзинадыл бацархайын. Афтæ у барадхъахъхъæнæг оргæнты кусджытæ Гайттаты Зауырбег æмæ Зæлинæйы царды фæтк дæр.
Сæ дыууæ дæр сты Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады кусджытæ. Зæлинæ уыд хайады психолог, Зауырбег та Уæллаг Фыййагдоны участоччы пъæлицæйаг. Зауырбегæй йæ архайд домдта уæлдай къæрцхъусдзинад, туристты къордтæ Фыййагдонмæ арæх цæуынц.
Уыцы ран райдыдтой сæ иумæйаг æнкъарæнтæ. Зæлинæ куыд зæгъы, афтæмæй сæ ‘рбаиу кодтой царды сæйрагдæр хæзнатæ. Сæ алчидæр сын стыр аргъ кодта æмæ кæны. Уый бындурыл сфидар ис сæ бинонты цæдис, рæстæгимæ йæ фидарæй фидардæр кæнынц. Гайттатæ сæ цард баиу кодтой 2018 азы, систы æртæ сывæллоны ныййарджытæ.
Марат, Елизаветæ æмæ Зелимхан сты сæ цæсты рухс. Кæд Маратыл нырма авд азы цæуы, Елизаветæйыл та – фондз, уæддæр сæ мадæн сты æххуысгæнджытæ. Зелимхан та нырма чысыл у, æмхуызонæй йæ уарзондзинад æмæ узæлдæй рæвдауынц. Бинонтæ куыд нымайынц, афтæмæй хæдзары кæддæриддæр хъуамæ уа хъарм ахастытæ, узæлд, уарзондзинад, фæллоймæ сабиты раздахыны фæтк.
Афтæ зæгъæн нæй, æмæ, барадхъахъхъæнæг оргæнты кусгæйæ, ныййарæг уæвын æнцон у, службæ бинонты цардыл зыны, фæлæ æппæт тыхстаг уавæрты сæрты кæрæдзи æмбаргæйæ хизынц. Кæд ныр Гайттаты Зауырбег Дзæуджыхъæуы пъæлицæйы фыццæгæм хайады хæссы йæ службæ, Зæлинæ та – Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады, уæддæр сæ бинонты цард нæ ивы, кæрæдзийы ‘мбарынц, бахъуаджы рæстæг кæрæдзийæн сты ныфсы хос.
Уæдæ, сывæллæттæ нана æмæ баба хъуаг дæр не сты, ныййарджытæ сæ хистæрты кой кæнынц кадимæ, сæ фыдæбон сын æмбарынц. Хистæртæ сæхимæ райстой цардыуаджы фылдæр зилæнтæ. Кæд æрыгæтты сæ службæйы хæстæ на фæуадзынц, уæд сабиты хъомылад дæр вæййы нана æмæ бабайыл. Хæдзары ис хи фидар æгъдау. Бæрæгбоны иумæ ‘рбадынц фынджы уæлхъус. Сывæллæтты райгуырæн бонтæ бынтон дæр цинæйдзаг вæййынц. Ахæм рæстæг æмбарыс, куыст кæддæриддæр куыст уыдзæн, фæлæ сæйрагдæр амонд ис хæдзары бинонты ‘хсæн.
Разæй сæм æнхъæлмæ кæсынц службæйы бирæ азтæ, ног цинтæ æмæ бинонты царды уæлахизтæ. Гайттаты амондджын бинонты ‘хсæн уадз æмæ рæзæнт Марат, Елизаветæ æмæ Зелимхан. Кæддæриддæр сæ ныййарджытæй сæрыстыр уæнт!
Гæззаты Зæринæ














