РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло архайдта Бинонтæ, уарзондзинад æмæ æууæнчы бæрæгбоны кадæн арæзт мадзалы. Сæ иумæйаг цард 25 азæй фылдæр кæмæн у, уыцы бинонты æрхуыдтой æппæт районтæй. Уыдонимæ уыдысты бирæсывæллонджын æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бинонтæ.
Сергей Меняйло кадджын æмбырды архайджытæн раарфæ кодта æмæ загъта, ацы паддзахадон бæрæгбон кæй æвдисы бинонты иудзинад, сæ фæзминаг æууæлтæ.
«Нæ республикæйы бинонты цардмæ кæддæриддæр уыд уæлдай ахаст, хистæртæн кад кæнын та фæлтæрæй-фæлтæрмæ цыдис, кæстæрты хъомыладмæ стыр æргом здæхтой, кæрæдзийы фарсмæ цыфæнды уавæрты дæр вæййынц. Абон уыцы хæзнатæ хъахъхъæд цæуынц, алчидæр нæ цæуы хи фæндагыл. Алы хатт фæндаг лæгъз нæ рауайы, æмæ уæд нæ цуры æрбалæууынц нæ хиуæттæ, нæ хæстæджытæ. Мæ хиуæтты ахаст æз кæддæриддæр æнкъардтон, æнæ уыдон æххуысæй мæ фæндаг куыд рауадаид, уый нæ зонын», – загъта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг.
Хицæн æргом здæхт цыдис сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты хиуæттæм. Сæргълæууæджы зæрдæ сын зæгъы æнтыстытæ, уæлахиз, хæдзармæ рæвдздæр сыздæхын. «Сæ ныййарджытæн та – сæрмагонд арфæйы ныхæстæ, ахæм хъæбултæ кæй схъомыл кодтой, уый фæдыл. Сымах стут стыр кады аккаг, уæ хъæбулты хъæбатырдзинадæй сæрыстыр ут», – загъта республикæйы разамонæг.
Сергей Меняйло ма 23 къайы схорзæхджын кодта «Уарзондзинад æмæ æууæнк»-ы майданæй. Ацы ран ма сæ амонд ссардтой сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг Михаил Власов æмæ Дзусаты Эмилия. Æрыгон бинонтæн арфæ ракодта РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз. Ацы бæрæгбон æмхуызонæй бæрæг кæнæм. Политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады нымæрдары хæдивæг Едзойты Марат партийы штабы Габеты, Реуазты, Къадзаты бинонтæн балæвар кодта Арфæйы фыстæджытæ æмæ дидинджытæ.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ














