Мард ӕвӕрӕн бон, стӕй йӕ кӕндты дӕр арӕх быцӕу ныхас рауайы, фынгыл хистӕрты раз дыууӕ ӕви ӕртӕ чъирийы ӕвӕрын хъӕуы, ууыл. Ӕгъдау рӕстмӕ чи нӕ фӕзоны, фехъуыстон, фӕлӕ, цы фехъуыстон, уый бӕлвырд чи нӕ рахаты, уыдон ныццӕхгӕр вӕййынц, ӕртӕ чъирийы ӕвӕрын хъӕуы, зӕгъгӕ. Ӕмӕ дзы хистӕр Хуыцауы ном куы ссары, уӕд, уӕллаг чъири цы фӕкӕной, уый нал фӕзонынц, ӕмӕ йӕ хистӕрты разӕй райс-байс кӕнын райдайынц. Ноджы худинаджы хъуыддаг та вӕййы, кӕмдӕрты кӕстӕрмӕ кувӕггаг дӕр куы раттынц, уый. Ӕнӕфенд, ӕнӕзонд ми!
Кӕд ӕгъдау рӕстмӕ кӕнын нӕ зоныс, уӕд дӕ дзыхыл ӕрхӕц, дӕхи ӕнцад дар, ӕмӕ йын, йӕ хъуыды раст чи ӕмбары, уый бауадз. ӕгъдауы хъуыды ӕвӕрд куы нӕ уа, уӕд уый ӕгъдау нӕу, кӕнгӕ ми у. Ирон ӕгъдау та — цины уа, зианы, ӕдзухдӕр ӕнцой кӕны хъуыдыйыл.
Ирон адӕймаджы динон дунембарынадмӕ гӕсгӕ Стыр Хуыцау адӕмӕн цӕрынӕн сфӕлдыста Зӕхх, Дон ӕмӕ Хур. ӕнӕ уыдон, ӕцӕгдӕр, фӕцӕрӕн нӕй. Зӕххыл лӕууӕм, йӕ бӕркадӕй цӕрӕм, Доны фӕрцы ис уӕлдӕф, хуымы бӕркад, кӕрдӕг, дыргъ, цӕрӕгойтӕ. Фӕлӕ сӕ Хур куы нӕ рӕвдауид йӕ фӕлмӕн хъарм тынтӕй, уӕд дон нӕдӕр уӕлдӕф кӕнид, нӕдӕр цӕрӕг ӕмӕ зайӕгой уаид. Уый зонгӕйӕ, ирон адӕм сӕ цины фынджы сӕр ӕвӕрынц ӕртӕ хӕбизджыны — ӕртӕ уӕливыхы: бинаг — Зӕххы, астӕуккаг — Доны ӕмӕ уӕллаг — Хуры кадӕн. Афтӕ ӕртӕ ӕртӕдзыхоны дӕр. ӕртӕйӕ иумӕ та сты цины ӕмӕ рӕсугъд ӕгъдауы нысан.
Зианы фынг фыдохы фынг у, ӕмӕ йын равдисын фӕхъӕуы йӕ миниуӕг. Уымӕ гӕсгӕ фынгыл ӕрӕвӕрынц дыууӕ кӕрдзыны: Зӕхх ӕмӕ Дон чи нысан кӕны, уыцы чъиритӕ. Хуры номыл конд дзы нӕ вӕййы. Уымӕн ӕмӕ мардыл йӕ Хур аныгуылд, йӕ уӕлион дуне йыл баталынг, ницыуал бар ӕм дары. Баззадис ма йын Зӕхх ӕмӕ Дон. Уыдоны номыл вӕййынц хӕрнӕджы фынгыл дыууӕ чъирийы. Уыдонӕй арӕм Хуыцауы ном. Уымӕн ӕмӕ, адӕймаг куы амӕлы, уӕд дӕр йӕ уд ис Хуыцауы бар, ӕмӕ йӕ ууыл фӕдзӕхсӕм. Уымӕй чъиритӕ кӕрӕдзийӕ нӕ фӕхицӕн кӕнӕм, цины фынгыл сыл фӕйнӕрдӕм ахӕцӕм, раст цыма нӕм Хуыцау уӕле бынмӕ кӕсы, ӕмӕ сӕ уымӕн ӕвдисӕм, ӕркӕс-ма нӕм, нӕ фынг цины фынг у, нӕ хӕбизджынтӕ дидинӕгау куыд райхӕлдысты, цӕрын цӕй фӕрцы фӕразӕм, уымӕн дын ӕвдисӕн. Зианы фынгыл та баззайынц кӕрӕдзи сӕрыл ӕмӕ уӕлӕмӕ фӕзынынц иу цалхау, царды ӕнусон цалхау, цард ӕмӕ мӕлӕты иудзинад ӕвдисӕгау. Уыдонӕй хистӕр фыццагдӕр ссары Хуыцауы ном ӕмӕ кӕронӕй фӕзӕгъы: «О, Стыр Хуыцау, фылдӕр хатт дын дӕ ном ӕртыгай чъиритӕй куыд арӕм, ахӕм арфӕ ныл рауадз».
Зианы хӕрнӕджы, хисты хойрагӕй дӕр ӕфсинтӕ скӕнынц ӕртӕ чъирийы хыссӕйы ӕмӕ цыхты змӕсты сӕртӕй. Фӕлӕ сӕ фынгмӕ нӕ рахӕссынц. Къӕбицмӕ сыхы ӕмӕ мыггаджы хистӕр нӕлгоймӕгтӕй искӕйты бахонынц, ӕмӕ дзы уыдон Стыр Хуыцауы ном ссарынц, бинонты йыл бафӕдзӕхсынц, ахӕм фыд сыл тагъд рӕстӕджыты куыд нал ӕрцӕуа, дыууӕ чъирийы кӕныны сӕр сӕ куыд нал бахъӕуа, афтӕ. Ацы ӕртӕ чъирийы цалынмӕ хӕрд фӕуой, уӕдмӕ-иу фынгмӕ чъиритӕ фыцын нӕ райдыдтой. Цӕмӕй тагъддӕр хӕрд фӕуой, уый тыххӕй-иу сӕ сывӕллӕттыл дӕр хайгай айуӕрстой.
Зианы фынгмӕ дӕр рахӕссынц ӕртӕ чъирийы. Афӕдзы кӕнды! Цардӕй ныййарӕг: мад кӕнӕ фыд куы фӕхъӕуы, ӕмӕ йӕ цотӕй куринаг чызг кӕнӕ усгур лӕппу кӕмӕн баззайы, ахӕм марды афӕдзы кӕнд кӕронмӕ куы ахӕццӕ вӕййы — Мӕрдты бӕстӕм ӕй Мыкалгабырыл куы бафӕдзӕхсынц, уӕд хистӕр рахӕссын кӕны ӕртӕ чъирийы. Лӕугӕйӕ сӕ скувы, Стыр Хуыцауы, йе сконд зӕдты ӕмӕ дауджыты ном ссары, хӕдзарӕн ахъазгӕнӕг куыд уой, хорздзинӕдтӕ сыл куыд цӕуа. Стӕй арфӕ ракӕны бинонтӕн, сӕ мардӕн афӕдзӕй-афӕдзмӕ хорз лӕггӕдтӕ, ӕгъдӕуттӕ кӕй фӕкодтой, уый тыххӕй. Адӕмы раз ӕргом ӕмӕ фидарӕй фӕзӕгъы, бинонтӕй чындзы цӕуыны, усгуры кары цы кӕстӕртӕ ис, уыдонӕн хъуыддаг бакӕныны бар кӕй ис, уый.
Цгъойты Хазби














