Мӕйон райдыдта

0
549

Цӕгат Ирыстоны райдыдта фӕзуӕттӕ санитарон уагӕй сыгъдӕг кӕныны фӕдыл радон мӕйон. Мӕйоны фӕткмӕ гӕсгӕ цӕрӕн бынӕттӕ ӕфснайд ӕрцӕуынц, сагъд бӕлӕстӕ ӕмӕ къутӕрты фӕзуат фӕуӕрӕхдӕр вӕййы.

Дзӕуджыхъӕуы Рахизфарсы префектурӕйы кусджытӕ, Цӕгат Ирыстоны ӕрдзон фӕрӕзтӕ ӕмӕ экологийы министрады минӕвӕрттӕ ӕмӕ муниципалон сконды депутаттӕ промышленнон тӕлмы уавӕр рабӕрӕг кодтой. Рейды рӕстӕг цалдӕр ӕнӕзакъон бырондоны раргом. Зӕгъӕм, Тельманы ӕмӕ Трассон уынгты тигъыл бындурон сыгъдӕгкӕнынадӕй цалдӕр боны фӕстӕ ногӕй фӕзындысты арӕзтадон бырӕттӕ. Амынд префектурӕйы разамонӕджы фыццаг хӕдивӕг Дзотты Ацӕмӕзы ныхасмӕ гӕсгӕ, ардӕм ӕппарӕццӕгтӕ ласынц хӕстӕгдӕр уынгты цӕрӕг адӕм.

Фӕстӕдӕр рейды архайджытӕ бабӕрӕг кодтой Заводы поселочы уӕлмӕрдтӕ. Поселочы сӕргълӕууӕг Джиголаты Батрадз куыд загъта, афтӕмӕй амӕй размӕ уӕлмӕрдтӕм бацӕуӕны раз сӕвӕрдтой быронкалӕн, фӕлӕ йыл цалдӕр хатты арт кӕй бандзӕрстой, уымӕ гӕсгӕ йӕ айстой.

 

Ӕнӕсӕрфат адӕм арӕзтадон бырӕттӕ кӕдӕм ласынц, Пожарскийы уынджы ахӕм кӕрон нымад у горӕты Промышленнон районы ноджыдӕр ма иу сагъӕссаг бынатыл. Хъуыддагмӕ бардарӕг оргӕнтӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ацы бынат расыгъдӕг кӕнынц, фӕлӕ не ‘ппӕт дӕр нӕ горӕт нывыл уавӕры дарыныл цалынмӕ нӕ сахуыр уӕм, уӕдмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уавӕр хорзӕрдӕм нӕ фӕивдзӕн.

— Нӕ ведомствӕ йӕ бартӕм гӕсгӕ санитарон уавӕрмӕ цӕст дары. ӕрвылаз санитарон сыгъдӕгдзинады фӕдыл дыууӕ мӕйоны саразӕм. Уымӕй уӕлдай, ӕнӕмбӕлгӕ рӕтты ӕппарӕццӕгтӕ ныууадзыны ӕмӕ сыл арт бандзарыны тыххӕй дӕсгай адӕймӕгтӕй бӕрнондзинад бадомӕм, — зӕгъы амынд министрады специалист Дзебысаты Марат.

Дзӕуджыхъӕуы администрацийы пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here