Йӕ кад, йӕ намыс ӕмӕ йӕ лӕгдзинадӕй Ирыстонӕн кад чи скодта ӕмӕ Райгуырӕн зӕххы сӕрибары сӕрвӕлтау тохы быдырты йӕ цард дӕр чи нӕ ӕвгъау кодта, ахӕм номдзыд ӕмӕ хъуыстгонд адӕймӕгтӕй ирон зӕхх хъӕздыг у. Уыдонӕн сӕ нӕмттӕ нӕ рох кӕнын, мысын сӕ ӕмӕ рӕзгӕ фӕлтӕры уыдоны цӕвиттоныл ахуыр кӕнын у не ‘ппӕты хӕс.
Не ‘мзӕххонты ахӕм кадджын нӕмттӕй октябры мӕй рауад уӕлдай бӕркадджындӕр — 10 октябры райгуырд Советон Цӕдисы Хъӕбатыр Козаты Алыксандр, октябры 12 боны райгуырд Намысы ордены ӕххӕст кавалер Михаил Глущенко ӕмӕ 17 октябры — Советон Цӕдисы Хъӕбатыр, инӕлар-лейтенант Билаонты Павел. Се ‘ртӕйы райгуырдыл дӕр ацы аз сӕххӕст 100 азы. Уый фӕдыл кадджын мадзал арӕзт ӕрцыд республикӕйы Ветеранты советы хӕдзары. Архайдтой дзы ӕхсӕнадон организациты минӕвӕрттӕ, суворовонтӕ, ӕвзонг ӕфсӕддонтӕ, ахуырдзаутӕ, хъӕбатыртӕн сӕ хӕстӕджытӕ, ветерантӕ.
Хъӕбатырты нӕмттӕ ӕрымысыны фӕдыл мадзал байгом кодта республикӕйы Ветеранты советы сӕрдары фыццаг хӕдивӕг Бедойты Руслан:
— Нӕ хӕс у мысын ӕмӕ кад кӕнын Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты алы архайӕгӕн дӕр, Хъӕбатыр кӕй ссис, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ хӕсты иунӕг бон дӕр чи хӕцыд, алы уыцы адӕймаг дӕр у кады ӕмӕ йын йӕ ном мысыны аккаг.
Бедойты Руслан радзырдта Советон Цӕдисы Хъӕбатыр, булкъон Козаты Алыксандры царды ӕмӕ хӕстон фӕндӕгты тыххӕй. Козаты Алыксандр уыд, Сырх ӕфсады полкъты командир хӕрзӕрыгонӕй чи ссис, ахӕм хъӕбатыр разамонджытӕй иу. Советон Цӕдисы Хъӕбатыры ном ын лӕвӕрд ӕрцыд 1945 азы июны, знаджы ныхмӕ карз тохы бацӕугӕйӕ, хъӕбатырдзинад кӕй равдыста ӕмӕ знаджы къорд кӕй ныддӕрӕн кодта, уый тыххӕй.
Намысы ордены ӕххӕст кавалер Михаил Глущенкойы хӕстон фӕндаг ӕмӕ хъӕбатырдзинады тыххӕй дзырдта республикӕйы Ветеранты советы хӕсты архайджыты ӕмӕ ӕфсӕддон службӕйы ветеранты комитеты сӕрдар Азиты Алыксандр. Михаил Глущенкойы йӕ хӕстон хъысмӕт кӕд ӕгӕр бафхӕрдта (хӕсты тӕккӕ райдайӕны уацары бахауд), уӕддӕр, куы суӕгъд ӕмӕ ногӕй хӕсты цӕхӕры куы смидӕг, уӕд хӕрзцыбыр рӕстӕгмӕ ахӕм лӕгдзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад равдыста, ӕмӕ йын цалдӕр мӕймӕ лӕвӕрд ӕрцыд Намысы 3-аг къӕпхӕны орден. Намысы ордены ӕххӕст кавалертӕ Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты рӕстӕг систы 2 мин ӕмӕ 565 адӕймаджы, уыдонӕй иу у ирыстойнаг Михаил Глущенко.
Билаонты Павел цы хӕстон ӕмӕ ӕфсӕддон фӕндӕгтыл ацыд, уыдонӕй иу уыд, 38-ӕм ӕфсадӕн разамынд кӕй лӕвӕрдта, уый. Ӕмӕ йӕ цардвӕндаджы тыххӕй ӕмбырды дзырдта, уыцы ӕфсадӕн йӕ рӕстӕджы командӕ чи кодта, нӕ уыцы иннӕ ӕмзӕххон булкъон Фриаты Хъазыбег.
Нӕ намысджын ӕмзӕххонты тыххӕй дзырдтой патриотон клуб «Фыдыбӕстӕ»-йы разамонӕг Хъарданты Тимур ӕмӕ республикӕйы Ветеранты советы уӕнг Хуадонты Ехъя.
Мысӕн мадзал саразджытӕн Козаты мыггаджы номӕй арфӕ ракодта юстицийы инӕлар-лейтенант Козаты Валери.
Дедегкаты Зӕлинӕ














