Хуыцау нын æй лæварау ратта…

0
2

2001 азы азы 18 мартъийы амард Абайты Васо – ссæдзæм æнусы æппæты номдзыддæр, æппæты фæрнджындæр ирон лæг, генион ахуыргонд, аланты байзæддæгтæн Къостайы фæстæ тæккæ стырдæр хæрзты чи бацыд, уыцы Васо… 

Кæд ын йæ марды уæлхъус дзæбæх ныхæстæ рачынд, кæд ын нывыл æгъдæуттæ скодтой, уæддæр адæймагмæ афтæ касти, цыма бæстæ æдзæм у, цыма йæ æгуыппæгæй æрвитæм йе ‘цæг дунемæ. Раздæр куыд уыд, стæй, æдзухдæр куыд уыд, афтæ та рауад ацы хатт дæр: Васойы цы барæнтæй барстæуыди, цы ныхæстæй йын аргъ чынди, уыдонæй йæхæдæг разынди бирæ егъаудæр, бирæ ахадгæдæр.

Уый мах барæнтæ æмæ аргъгæнæнтæ хъуаг нæ уыди – Хуыцау нын æй лæварау ратта, хæрзиуæгау. Денджызы наутæн фæндагамонæг цырагъау йæ рухс нæ мынæг кодта, тыхдымгæтæ, знæт уылæнтæ йын ницы хъом уыдысты.

Йе ‘нтыстытæ, йе сгуыхтытæн та йын аргъ раздæр скодтой, ныр Васо йæхæдæг кæмæ бацыд, уыдон. Уымæ гæсгæ, йæ фæстаг фæндагыл куы раст кодта, уæд мæм афтæ фæкасти, цыма Гулливерау йæхи йæ фæллад суадзынмæ ‘руагъта, æмæ йæм йе ‘цæг дунемæ фæндараст зæгъынмæ чи ‘рбацыд, уыдоны бар-æнæбары уæлæмæ асинтыл хизын бахъуыд.

Йæ юбилей йын куы бæрæг кодтам, стæй, уый уæлвæд ног миназоныл куы ‘мбæлдыс-тæм, уæд мах тынгдæр азты бæрцмæ кастыстæм, сывæллæттау тымбыл нымæцыл цин кодтам. Фæлæ истори азты бæрцæй нымайгæ нæу, адæймаджы цард æмæ адæмы хъысмæт нолты нымæцæй нæ барстæуы.

Ирон адæмæн сæ ссæдзæм æнус нырма ныр фæци, Васо цы бон амард, уыцы бон æрхæццæ йæ кæрон. Хуыцауæй разы, Абайты Васо нæ иунæг астæуккаг цæджындз нæ уыд ивгъуыд æнусы. Фæлæ 50 азы бæрц уый цардæгас æнæцудгæ хидау лæууыд æмæ ног фæлтæрты баста Елбыздыхъо æмæ Махарбеджы, Токаты Алихан æмæ Малиты Георгийы, Беджызаты Чермен æмæ Гаглойты Рутены æнусон Ирыстонимæ… Ирон паддзахад сног кæныныл удуæлдайæ чи куыста, национ культурæ чи арæзта, уыцы титантæн сæ кæстæр уæвгæйæ, Васо уыдоны фарнмæ, уыдоны æнувыд фæллоймæ ахæм æфтауæн бакодта, æмæ уый фæрцы æгас дуне дæр йæ цæст æрæвæрдта нæ мадæлон æвзаджы рагон уидæгтыл, йæ фидыцыл, нæ адæмон культурæйы традицитыл.

Æниу, нæдæр наукæйы æнтыстытæ, нæдæр историйы дæргъмæ-уæрхмæ барæнты бон бауыдзæн, Васо йæ райгуырæн бæстæйы алывæрсыг царды цы ахъаззаг бынат æрцахста, уый равдисын. Васойæн бантыст йæ адæмы хуыздæр миниуджытæ йæ уды, йæ зонды сиу кæнын, алцæмæй дæр фæзминаг суæвын.

Уый фæцард адæмты историйы тæккæ æвирхъаудæр æнусы, революцитæ æмæ хæстыты, диктатортæ æмæ уæйгæнджыты-гадзрахатæй цæуджыты, цардæй хъулау хъазæг æнаккæгтæ æмæ тæрных, хæрам æнæфендты-ницызонджыты æнусы. Фæлæ йæ сыгъдæг уд æмæ зондахастыл никуы сыстырзæрдæ, йæ кад, йæ намысыл къæм абадын дæр никуы бауагъта.

Йе стыр хæрзиуæг лæджыхъæд, йæ сæрыстыр æмæ хæдæгъдау, йæ иугæндзон уæздандзинад адæймаджы зæрдыл лæууын кæнынц героикон фольклоры æнаипп хъæбатырты фæлгонцтæ. Васо йæ удæгасæй ссис ирон культурæйы мифологон Зондылæг-Хъæбатыр, æцæг ирон интеллигенци цавæр хъуамæ уа, уымæн цæттæ хуызæг.

Мах баззадыстæм æнæ уымæй. Фæлæ нæм фæндагамонæг цырагъы рухсау зыны.

Райдыдта ног æнус.

Васо дзырдта, афон, дам, у политикæмæ æргом раздахын.

Дзырдта, абон, дам, сæйраг наукæ у Этикæ.

Дзырдта, æппæтæй тæссагдæр, дам, у лæджыхъæд, æхсар фесафын…

БЗАРТЫ Руслан,

журнал «Мах дуг»-ы 2001 азы 4-æм номыр

Фæсныхас: Васо не ‘хсæн кæдæй нал ис, ууыл ныр рацыд 25 азы, æнусы цыппæрæм хай… Фæлæ, рæстæг цасфæнды куы рацæуа, уæддæр, Абайы-фырт ирон адæмæн цы хæрзты бацыд, уыдон ферохгæнæн нæй, нæ зæрдæты цы стъалы ссыгъта, уый никуы бамынæг уыдзæн, судздзæн алкæддæр… Æмæ кæд афтæ у, уæд абон дæр ма цæуылнæ ис Васойæн иунæг цыртдзæвæн дæр Ирыстоны? Ау, дыууын фондз азмæ уыцы хъуыддагæн саразæн куыд нæ уыд, кæд æмæ цыртдзæвæнæн йæ бынат дæр раджы сбæрæг кодтой, цыртдзæвæн саразыныл дæр конкурс куы расидтысты, йæ саразыныл дæр бæстон ныхас куы цыди (уыимæ, газет «Рæстдзинад»-ы фæрстыл дæр), уæд? Ау, афон нæма у хъуыддагмæ æндæр цæстæй акæсынæн?..

Æрмæг бацæттæ кодта
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here