Зынаргъ Цæгат Ирыстоны цæрджытæ!
Бинонты боны фæдыл уын арфæ кæнын. Ацы бæрæгбонæн стыр ахадындзинад ис, æвдисæг у, бинонтæ цы рæсугъд æмæ фидар бындурыл æнцой кæнынц, адæймаджы уды хæзнатæ, ныййарджытæм рæсугъд зæрдæйы ахаст, сывæллæттыл сагъæс кæныны, кæрæдзийыл æнувыд æмæ бæрнондзинад хæссыны миниуджытæ.
Ирыстонæн бинонтæ сты фæзминаг хъомылад æмæ хæрзæгъдау фæлтæрты бындур. Бинонты ’хсæн саби, фыццаджыдæр, базоны, цы у хорз æмæ æвзæр, хистæртæн аргъ æмæ кад кæнын. Фыдыбæстæ уарзын, хиуæтты раз бæрнондзинад хæссын. Уды ацы хæзнатæ нырыккон рæстæджы тынгдæр хъахъхъæнын хъæуы. Фидар бинонтæ адæймагæн ахъаз сты цыфæнды цæлхдурты сæрты ахизынæн дæр, æнцой æмæ ныфсдæттæг. Ахæм бинонтæй рауайы тыхджын æхсæнад дæр, тыхджын республикæ æмæ бæстæ.
Уæлдай арфæйы ныхæстæ мæ зæгъын фæнды бирæсывæллонджын бинонтæн, дæсгай азты бинонты амонд фæрнæй чи хæссы, арфæ кæнын уыцы ныййарджытæн, сæ хъæбулты не ‘гъдæутты бындурыл чи хъомыл кæны, фæллой æмæ Фыдыбæстæ уарзыныл сæ чи ахуыр кæны, уыдонæн. Дунейы цæрæг æппæт бинонтæн дæр мæ зæрдæ зæгъы сабырдзинад. Алкæй хæдзарæй дæр сывæллæтты худын хъуысæд, сæ сомбон фæрнджын æмæ амондджын уæд.
Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд, ме ’мзæххонтæ!
Сергей Меняйло,
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг
Зынаргъ Ирыстоны цæрджытæ!
Абон бæрæг кæнæм нæ царды рухсдæр, ирддæр æмæ хæлардæр бæрæгбæттæй иу – Бинонты бон. Алкæмæн дæр нæ бинонтæ сты йæ царды бындур æмæ дывæр хъарутæ, æнцой, уæлтæмæнад æмæ ныфсы артдзæст. Бинонты ‘хсæн æрбангом вæййынц фæлтæртæ: хистæртæ æххуыс кæнынц кæстæртæн сæ царды нысантæм ныфсджынæй цæуыны фарстаты, сæ зонд æмæ фæлтæрддзинад сын бахай кæнынц. Хæдзары сахуыр вæййæм нæ Фыдыбæстæ уарзын, истори æмæ удварнон-культурон хæзнатæн аргъ кæнын, нæ фыдæлты рухс ном зæрдыл дарын.
Ирыстоны алы рæстæджыты дæр бирæ фæлтæрты фидар бинонтæ уыдысты нæ фыдæлты æнусон традицитæ æмæ æгъдæуттæ хъахъхъæнæг, хистæртæн аргъгæнæг, хиуæттыл аудæг æмæ фæллойы бæрнон уæвæг. Æмæ нæм цас фылдæр уа ахæм бинонтæ, уыйас фидардæр æмæ тыхджындæр кæндзæн нæ республикæ, Уæрæсе.
Ацы кадджын бон уын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, уæ алы хъуыддаджы дæр стыр æнтыстдзинæдтæ. Уæ хæдзæртты амонд æмæ фарн цæрæнт!
Тускъаты Таймураз,
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Сæрдар














