Ног хицауад. Тедеты Руслан

0
1066

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон исбонад æмæ зæххы ахастдзинæдты министрæй нысангонд æрцыд Тедеты Руслан Зауыры фырт.

2004 азы Дзæуджыхъæуы экономикæ, разамынд æмæ барады институт каст фæуыны фæстæ кусын райдыдта Октябрыхъæуы Тедеты Елхъаны номыл спортивон-æнæнизгæнæн комплексы директорæй. 2012 азы æвзæрст æрцыд Парламенты депутатæй, разамынд лæвæрдта национ политикæ æмæ фæсивæды хъуыддæгты фарстаты фæдыл парламентон комитетæн.        Нæ уацхæссæгимæ сæм рауад ахæм ныхас:

— Иу хатт ма дын арфæ кæнын дæ ног бынатæн. Æрыгон адæймаг дæ æмæ дзы уæнгрог æмæ зæрдæрухсæй куыд фæкусай, ахæм арфæ дæ уæд. Ног бынат дын у, æмæ уæ размæ цавæр ног нысантæ æвæрут, сæйраг æргом цæмæ аздахдзыстут?

— Ног Хицауад æрбацыдысты, æмæ, æвæццæгæн, иууылдæр хъуыды кæнынц, цы саразой æрмæст адæмæн нæ, фæлæ сæхицæн дæр. Сæхицæн уымæн зæгъын, æмæ иууылдæр ам цæрæм, нæ хæдзар та хуыйны Ирыстон. Алчидæр æй йæхи къуымæй куы райса, мæнæ кæм цæры, уырдыгæй, уæд æй хъуамæ уый æдде нымайа, мæнæн Ирыстон у мæ хæдзар, зæгъгæ. Хъуамæ йыл хъуыды кæна алырдыгæй дæр. Æмæ æз куыд мæнæ министрады сæргълæууæг, афтæ хъуыды кæнын æмæ паддзахады исбонад, йæ зæххыты ахастдзинæдтæ, уыдонмæ афтæ кæсын хъæуы, дæхи фæллоймæ дæ хæдзары куыд кæсай, афтæ, хæдзардзинæй.

Ардæм бирæ адæм æрбацæуы æмæ дзы кæй зæхх фæхъæуы, кæй исты агъуыст. Æмæ сын æз афтæ  фæзæгъын, ай Тедеты Зауыры хæдзар нæу, ай у паддзахады исбонады хæдзар æмæ уыцы исбонадæн паплойгæнæн нæй. Ис закъæттæ æмæ архайдзыстæм æрмæстдæр уыдонмæ гæсгæ. Мæнæ мæ хæдзармæ куы æрбацæуат æмæ мæ бон цы уа, цы мæ курат, уый раттæн кæд уа, уæд, табуафси. Ам та афтæтæ гæнæн нæй. Ныртæккæ уал нæ сæйраг фарста у нæ исбонад, цы зæххытæ нæм хауы, уыдон сбæрæг кæнын. Цы уавæрты сты, чи сыл кусы, чи сыл дзуапп дæтты æмæ бирæ æндæр хъуыддæгтæ.

Иу цыбыр дзырдæй, сфæнд кодтам цыдæриддæр нæм ис, уыдон сбæрæг кæнын. Райдыдтам уал Æрæфы районæй. Коллектив æрæмбырд кодтон æмæ сын загътон, хъуамæ алы бæстыхай дæр зонæм, цы зæххыл арæзт у, уый дæр, зæххытæй уыгæрдæнтæм кæцытæ хауынц, хизæнтæ дзы кæцытæ сты, уыдæттæ. Æнæмæнг йæ хъуамæ сбæлвырд кæнæм. Бирæ районтæ сæ сæмтъеры кодтой æмæ сæ хъуамæ банывыл кæнæм. Æмæ уыцы хъуыддæгтæ куы сбæлвырд кæнæм, уæд æй зондзыстæм республикæмæ дзы цы хауы, федералон исбонадмæ дзы цы хауы, цас сты æмæ сыл чи дзуапп дæтты, уый хъуамæ зонæм. Æмæ сæ уый фæстæ нæ бон дæттын дæр уыдзæн. Чи цавæр зæхх агура, уымæ гæсгæ. Æмæ уырдыгæй райдайдзæн æфтиæгтæ цæуын бюджетмæ. Уый, фыццагдæр хъуыддаг, зæххытæм чи хауы, уыдонæй. Иннæ хъуыддаг та сты агъуыстытæ. Зæгъæм, реестрмæ хаст æрцыдысты, фæлæ сæм куы бацыдыстæм æмæ сæ куы федтам, сæ къамтæ дæр сын систам, уæд кæсæм æмæ агъуыстæй ницыуал баззад бынтондæр, æрмæстдæр ма дзы баззадис зæхх, уыцы зæхх дæр кæй у, уый бæрæг нæу. Ауæй йæ кодтой кæддæр, кæнæ йæ тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ радтой, кæнæ йæ чидæр приватизаци скодта, гъе та йæ радтой пъырыстыфтæ исбонадыл ахст æрæвæргæйæ, æмæ афтæ дарддæр. Æмæ уыцы æппæт фарстатæн хъуамæ махмæ уа бæлвырд æмæ бæстон дзуаппытæ.

Фыццаг районы куы фæуой нæ куыстытæ, уæд уый фæстæ иннæ районтæм рахиздзыстæм. Æрæфы районы куыст куы фæуæм, уæд Хицауадæн зæгъдзыстæм, уыйбæрц зæххытæ дзы ис, уыйбæрц фæзуæттыл дзы зайы хъæд, уыйбæрц дзы ис хизæнтæ, уыгæрдæнтæ, хуымзæххытæ.

— Æрæфы районы кусгæйæ, цавæр лыггæнинаг фарстатыл сæмбæлдыстут?

— Зæххытæй иутæ Паддзахадон исбонады æмæ зæххыты ахастдзинæдты министрадыл фидаргонд сты æмæ сæ район та йæхæдæг арендæйы радта æмæ æхца дæр районмæ цæуынц, республикæйы бюджетмæ дзы ницы цæуы.

Уыдыстæм Лескены æмæ нын иу ран зæххытæм бацамыдтой, адон, дам, хизæнтæ сты, кæсæм æмæ хуымгонд зæхх. Паддзахадон реестрмæ куы æркæсæм, уæд бæрæг уыдзæн.  Хъуамæ алы хъæу дæр нæхæдæг фенæм, алы бынат дæр, хъæуы цæрджытимæ дæр хъуамæ фембæлæм, хъæуыхицауимæ дæр. Уыдон зонынц хъæуты æппæт хабæрттæ дæр.

— Ног бынатмæ дæхи командæимæ æрбацыдтæ?

— Æз афтæ нæ зæгъдзынæн æмæ ай у мæ командæ, кæнæ æндæр кæйдæр командæ. Мæнæн куысты мидæг нæдæр æмбал ис, нæдæр мын æфсымæр ис. Куыст куыст у. Нæдæр мын хистæр ис, нæдæр мын кæстæр ис. Алкæмæ дæр цы хъуыддæгтæ хауы, хъуамæ уыдон æххæст кæна.

Фыццагдæр райдайдзынæн мæхицæй. Æмæ йæ мæхæдæг куыд æххæст кæнон, хъуамæ иннæтæй дæр афтæ домон. Коллектив куы æрæмбырд кодтон, уæд сын афтæ загътон, мæнæн мæ мыггаг стыр у, æмбæлттæ дæр мын бирæ ис, Хицауадимæ дæр мын хорз ахастдзинæдтæ ис, фæлæ уæ курын, макæмæ дзы дзурут. Уымæн æмæ æз кæимæ кусон, уыимæ нæ ныхас хъуамæ кæрæдзиуыл бада.  Кæрæдзи кæимæ не ‘мбарæм, уыимæ кусæн нæй. Æмæ сын загътон, мах хъуамæ кусæм иу бинонтау, цæмæй Ирыстонæн нæ иумæйаг архайдæй исты пайда æрхæссæм.

— Хæдзардзинæй бавнæлдтат паддзахадон исбон æрбæстон кæнынмæ æмæ уæ къухы бафтæд.

Ныхас ныффыста Касаты Батрадз

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here