Советон Цæдисы Хъæбатыр Яков Шапошниковы райгуырды 110 азы бонмæ

0
1072


100cf4e8f44eb87cfd9d8e0a45d1bcc8Не ‘мзæххонтæй — Советон Цæдисы Хъæбатыртæй Ирыстоны знаджы ныхмæ бирæтæ хæцыдысты, уыдонимæ Æбаты Æхсарбег, Сергей Батышев, Дзусаты Ибрагим, Козаты Алыксандр, Махъоты Алихан æмæ æндæртæ, фæлæ дзы Яков Шапошников йеддæмæ Иры зæххыл сгуыхтдзинæдты тыххæй Хъæбатыры ном ничи райста. Уыцы кадджын хæрзиуæг сæм æрхауд советон-гермайнаг фронты æндæр рæтты сгуыхтдзинæдты тыххæй.

Яков Федоры фырт Шапошников кæд 1905 азы 16 ноябры Краснодары крайы Успенскы районы хъæу Каноковойы райгуырд, уæддæр Самарканды хъæууонхæдзарадон техникум каст фæуыны фæстæ хъысмæты фæндонæй 1930 азы æрбафтыд Æрхонкæйы станицæмæ æмæ æрцард уым. Куыста цалдæр азы трактористæй, стæй та Дзæуджыхъæуы (уæд Орджоникидзе хуынди) горæххæсткомы фæндæгты хайады механикæй. 1941 азы сентябры йæм Орджоникидзейы районы (йæ центр — Æрхонкæ) æфсæддон комиссарад æрсидт Сырх Æфсады рæнхъытæм. 1942 азы Яков Шапошниковы йæ хæстон фæндæгтæ æркодтой Калинины фронтмæ. Хъахъхъæнынадон тохты фронты æфсæдтæ гитлеронты ныффæллайын æмæ сфæлмæцын кодтой, стæй знаджы æфсæдты къорды цæгатаг фланг ныддæрæн кодтой, фæстæмæ лидзæг фæкодтой немыцаг фашистты равзаргæ дивизиты æмæ ссæрибар кодтой Мæскуыйы æмæ Калинины облæстты къорд районы. Уыцы тохты æвддæс æмæ ссæдзаздзыд салдат Яков Шапошников йæхи равдыста æхсарджын хæстонæй. Йæ фæразондзинадыл дивизийы дæлхайады командæкæнынад йæ цæст æрæвæрдта фыццаг бонтæй фæстæмæ. Фæсте аззад 1942 азы зымæг. Ралæууыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фыццаг уалдзæг. Знаг йæ лæбурынæй фæсабыр. Фæлæ уый уыд рæстæгмæйы фæсабыр. Рæхджы бæстæйы Хуссары ныннæрыд арв — бирæнымæцон мотомеханизацигонд фашистон æфсæдтæ æрбафсæрстой Волгæмæ Сталинградмæ хæстæг, æрбаввахс сты Кавказы хохрæбынтæм, Ирыстонмæ. Хуссар хайы æфсæдты уавæр уыд вазыгджын. Хъуыдис советон-гермайнаг фронты æндæр хæйттæй æфсæдтæ Хуссармæ рæвдз æрбаппарын. Кавказмæ кæй ракодтой Калинины фронтæй, уыцы æфсæдты ‘хсæн уыдис, рæнхъон Шапошников кæм службæ кодта, уыцы 40-æм Сырхтырысаджын гвардион æхсæг бригад. «Родные места, где отзвенела юность, где рос и мужал, боец прошел, испытывая горечь отступления, встречая пепель пожарищ, скорбь и слезы матерей», — фыссы дзæнæты бадинаг Бетойты Мария, йæ чиныг «Дорогами мужества»-йы фыццаг томы Яков Шапошниковы тыххæй цы æрмæг ис, уым. Фашистон æрдонгтæ схæццæ сты Ирыстонмæ. Елхотæй сæ ных сарæзтой Беслæны ‘рдæм, Дзæуджыхъæумæ. Фæлæ Æрджынарæджы советон æфсæдты «рæхыс» æрбатонынæн ницы бафæрæзтой æмæ уæд Быдыры Дæргъæвсыл Цыколамæ афсæрстой. Ноябры фыццаг бонты бацахстой канд Цыкола нæ, фæлæ Дигора, Æрыдон, Алагир дæр æмæ æрбамидæг сты Джызæлы. Дзæуджыхъæумæ ма сæ хъуыдис хæрзчысыл. Советон æфсадхонтæ уынаффæ рахастой цыфæндыйæ дæр знаджы æфсæдтæн бæрзæйсæттæн цæф ныккæныны тыххæй. 1942 азы 7 ноябры тыхджын артиллерион æмæ минометон æхсты фæстæ райдыдта фашистты атакæ. Яков цы батальоны хæцыд, уый ныхмæ гитлеронтæ æрбаппæрстой 18 танчы æмæ иу ротæйы бæрц та автоматчиктæ. Я.Ф. Шапошников йе ‘мбæлттимæ цы акъоппы уыдис, уый комкоммæ танктæй цыд æхсæз. Тæссаг лæгмарæн машинæтæ. Фæлæ Яков сæ тæсæй не фергъуыйау. Ротæйы командирæй бар ракургæйæ, йæ гуыбыныцъарыл хæмпæлы абырыд размæ æмæ къудзиты ‘хсæнæй хъахъхъæдта танкты, æнхъæлмæ каст, кæд æрбаввахс уыдзысты, уымæ. Зæрдæ риуы гуыдыр хойы, уæдæ цы. Уалынмæ танктæ æрбаввахс сты æхстбæрцмæ. Шапошников дзы иуыл фехста гранат, йæ фæстæ та — тæнгъæд артаг «КС»-æй дзаг авг. Танк ссыгъд. Сырхæфсæддон дыккаг танкыл дæр фехста гранат. Машинæ йæ мидбынаты цъилау ныззылд æмæ дзыхълæуд æркодта. Иннæ танктæ сæ хъысмæт нал бавзæрстой. Фæстæмæ фæзылдысты æмæ — размæ. Сæ фæстæ лыгъдысты автоматчиктæ. Астæй дзы Яковы хæцæнгарзы амæттаг фесты. Цыбыр, фæлæ тæссаг хæсты æндыгъддзинадæй сырхæфсæддон акъопмæ æрбаздæхт хидкалгæйæ. «Дядя Яков»-æй чи хуыдта, уыцы æрыгон салдæтты цæсты йæ кад арвмæ фæцыд. Ротæйы æмæ батальоны командиртæ йын зæрдиаг арфæ ракодтой. Яков Шапошников фесгуыхт 8 ноябры дæр. «Не ‘фсæддон хæйттæ Джызæлмæ куы бырстой, уæд советон салдæтты размæ цæуын нæ уагъта знаджы дзот. Фæстæдæр куыд сбæрæг, афтæмæй дзы уыдис 10 фашисты дыууæ пулеметимæ. Шапошников ротæйы командирæй ракуырдта цыппар салдаты, æввахс бабырыд дзотмæ, стæй йыл гранаттæ баппæрста æмæ дзот ныппырх. Фæмард сты, чи дзы уыд, уыдон се ‘ппæт дæр. Иннæ бон ротæ баххæст кодтой ног хæстонтæй. Ротæйы командирæн сæ нæмттæ базоныны фадат дæр нæ фæци. Хæсты тæмæны йæ дæндæгтæ кæрæдзимæ нылхъывта, цæмæй æрыгон салдæттæ ма базоной, йæ буар ын цы нæмыг асыгъта, уымæн йæ рыст куыд зын уромæн у, уый. Куыддæр йæ цæстытæ æрæхгæдта, афтæ æрыгон сырхæфсæддонтæ фергъуыйау сты. Уыцы тыхст рæстæджы райхъуыст «дядя Яков»-ы сабыр ныхас: — Фидар лæуут, лæппутæ, баууæндут мæныл, зæронд хæстоныл, фашисттæ ныридæгæн хуыдуг кæнынц. Ацы тох сæ фæстаг тох у. Уæ зæрдыл дарут, нæ разæй ис хъæу, нæ фæстæ та — горæт. Уым цæрынц ныййарджытæ сæ сабитимæ, зæрæдтæ. Уыдон æууæндынц сымахыл, фашистты сæм кæй не ‘рбауадздзыстут, ууыл. Фидар лæуут, мæ хуртæ… Яков Федоры фырт семæ ныхас кодта, раст цыма сæ фыд уыдис, афтæ. Æртæ атакæйы фæстæ Шапошниковмæ фæдзырдтой батальоны штабмæ æмæ йын бардзырд радтой, цæмæй ротæ райса æмæ йын командæ кæна. Хæстон уавæрты бардзырд тыхджын у, аивæн ын нæй.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here