Хицауады æмбырдæй

0
1018

Субсидии на 12 ноября 2015 года. 

«Æнæхъуаджы хæрдзтæн бынат нал ис»
«Бюджеты ма цы муртæ ис, уыдон алырдæмты лас, уымæй ма диссагдæр цы уа?! Æз Парламенты фæстаг æмбырды карзæй хуымæтæджы нæ раныхас кодтон. Акæсæм-ма, паддзахадон товартæ, хъæугæ продукци, лæггæдтæ куыд æлхæд цæуынц нырмæ дæр, уымæ. Финансты министрад æппæт ведомствоты, къабæзты разамонджыты размæ хæс сæвæрдта, цæмæй паддзахадон хъæугæ товартæ куыд æмæ цасæй æлхæнынц, уымæн документтæ æрбарвитой. Кæм сты? Мæздæджы районы сидзæр сывæллæтты хæдзар æхгæнынæввонг у, ныхас ыл кæдæй цæуы. Октябры мæйы къабускайы килограмм æлхæдтой 77 сомæй, дзидзайы килограмм та — 390 сомæй. Æз уын ахæм бæрæггæнæнтæ уыйбæрц æрхæсдзынæн æмæ сын кæрон нæй», — знон РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Битарты Вячеслав Хицауады радон æмбырды карз домæнтæ сæвæрдта æппæт разамонджыты раз дæр.
Куыд бацамыдта, афтæмæй кæд Паддзахадон товартæ, хъæугæ продукци, лæггæдтæ æлхæныны управлени йæ куыст кæны, уæддæр бирæ организацитæ, сæ ахуыр нæ халгæйæ, сæхæдæг æлхæнынц стыр аргъæй. «Иуæй-иутæ дзы бонмæ бахардз кæнынц 100 мин сомы бæрц. Уый цæуыл дзурæг у? Сæ министрадты разамынды ‘рдыгæй сæм цæстдард нæй. Бюджеты æхца афтæ æнæрхъуыдыйæ куыдæй ис хардзгæнæн? Ацы æмбырды министртæн хæс кæнын, æркæсут уæ организацитæм, бюджетыл чи нæ ауæрды, уыдоны сæ куыстытæй сисут», — загъта Хицауады Сæрдар.
Уыдис ма йæм фæрстытæ, арæзтадон куыстытæ цавæр æргътыл кæнынц, уымæ дæр. Районты сæргълæуджытæн дæр бафæдзæхста, цæмæй бацæттæ кæной, цавæр, цас товартæ, продукци, лæггæдтæ сæ хъæуы, уый тыххæй æппæт документтæ æмæ сæ управленийы бар бакæной. «Æрмæстдæр уый уыдзæн æлхæнæг æмæ дзуапдæттæг», — загъта Битарты Вячеслав.
Хицауады æмбырды уал фыццагдæр равзæрстой кадрты фарстатæ. Паддзахадон исбонад æмæ зæххы ахастдзинæдты министры хæдивæгæй нысангонд æрцыд Багаты Зæлинæ. Æнæмæнг медицинон фæдзæхстады территориалон фонды директоры хæстæ æххæстгæнæгæй — Дзлиаты Хъазыбег. Фæндæгты хæдзарады комитеты сæрдары хæдивджытæй нысангонд æрцыдысты Виктория Ерофеева æмæ Цæкулаты Руслан. Бастдзинады æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæрдары хæдивæгæй — Татраты Зæлинæ. Культурон бынтæ хъахъхъæныны æмæ сæ пайда кæныны комитеты сæрдары хæдивæгæй — Чехойты Людмилæ.
Паддзахадон исбонад æмæ зæххы ахастдзинæдты министр Тедеты Руслан æмбырдмæ рахаста «РЦИ-Аланийы зæххы ахастытæ нывыл кæныны хицæндзинæдты тыххæй закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проект æмæ республикæйы цæрæн бынæтты зæххыты паддзахадон кадастрон æргътæ сфидар кæныны тыххæй уынаффæмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фарста.
Фæллойы æмæ социалон рæзты министр Хъесаты Игорь куыд бамбарын кодта, афтæмæй бæрæггонд æрцыд 2015 азы III кварталы фæцæрыны æппынкъаддæр бæрц сæйраг социалон демографион къордтæн. Иу удмæ хауы 8463 сомы; куыстхъом цæрджытæм — 8948 сомы; пенсиисджытæм — 6826 сомы; сывæллæттæм — 8704 сомы.
Æмбырды ма цы фарстатæ равзæрстой, уыдонæн сæ фылдæр хай баст уыдис раздæр ист уынаффæтæм уæлæмхасæнтæ, ивддзинæдтæ бахæссынимæ.
Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Тускъаты Таймураз æмбырды архайджыты æргом аздæхта министрадтæ, комитеттæ, æндæр службæтæ сæ кусæн бынæттæн хаццонæн цас фидынц, уымæ. Афæдзмæ сын бахъæуы 55 милуан сомы бæрц. Уымæ гæсгæ сæ агурын хъæуы хаццоны æндæр хуызтæ. Битарты Вячеслав сразы ис уыцы амынддзинадимæ. Йæ ныхасмæ гæсгæ, 2016 азы бюджетмæ ахæм хæрдзтæ нæ бахастæуыд. «Æркæсын хъæуы куыстуæтты бæстыхæйттæ хъахъхъæныны хæрдзтæм дæр. Бюджеты æвæрд ис æхца мыздæн, социалон зæрдæдарæнтæн. Æркæсут, сбарут, банымайут. Æнæхъуаджы хæрдзтæн бынат нал ис», — загъта Битары-фырт.
Бутаты Эльзæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here