Ног Хицауад: лыггæнинаг фарстатæ, нысантæ. Атайты Мæдинæ

0
1182

Бæрзонд аивад —нæ адæмы фидæн

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы культурæйы министрæй нысангонд æрцыд Атайты Мæдинæ Эльбрусы чызг.

Мæдинæйы цардвæндаг ахуырæй райдай æмæ абонмæ баст у аивадимæ, уыимæ профессионалон аивадимæ. Мæскуыйы В.И.Суриковы номыл нывкæнынады институт фæуыны фæстæ иу афæдз бакуыста Тауаситы Сослæнбеджы номыл сывæллæтты нывкæнынады скъолайы ахуыргæнæгæй, уыдис Цæгат Ирыстоны Нывгæнджыты цæдисы бæрнон секретарь. Æхсæз азы бакуыста ЦИПУ-йы нывкæнынады аивады кафедрæйы ахуыргæнæгæй. У Уæрæсейы Нывгæнджыты цæдисы уæнг, РЦИ-Аланийы Нывгæнджыты цæдисы правленийы уæнг. 2005 азæй фæстæмæ куыста республикæйы культурæйы къабазы алы бæрнон бынæтты. 2013 азæй нырмæ та уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы культурæйы министры хæдивæг. Нæ уацхæссæгимæ сæм рауад ахæм ныхас:

— Мæдинæ, фыццаг бон нæ кусыс ам, стæй ацы системæйы фыццаг бон нæ дæ. Уæ нысантæй исты аивтат æви дзы кæцыдæртæ скодтат ахсджиагдæр?

— Ирон культурæйы ног адæймаг нæ дæн. Æмæ бæрнон бынат ахсон æви нæ, уæддæр мæ цард æдзухдæр баст уыдзæн ирон аивад æмæ ирон культурæимæ. Паддзахадон службæ алы чиновникæн дæр у рæстæгмæйы бынат. Цард та у бирæ вазыгджындæр. Мæнæн ацы бынат у Ирыстоны аивад æмæ культурæйæн исты пайда æрхæссыны бынат. Ахуыргæнæгæй куы куыстон, уæддæр уыцы хъуыддагыл архайдтон, æрмæст мæ авналæнтæ æндæр уыдысты. Ныр та архайдзынæн, мæ гæнæнтæ цæй бæрц сты, уымæ гæсгæ Ирыстоны культурæйæн фылдæр пайда æрхæссыныл. Уæд архайдтон ирон аивады истори парахат кæныныл. Нæ адæмы традицион культурæйы тыххæй кастæн лекцитæ. Уыцы хъуыддаг уарзын, ахуыр æй кодтон, зонын æй æмæ мæ фæнды, цæмæй йæ нæ фæсивæд дæр зоной.

Махæн нæ фыдæлтæ ныууагътой аивад æмæ культурæйы диссаджы бынтæ. Фæлæ уыцы диссаджы аивадон бынтæ хъахъхъæнынмæ нæма арæхсæм. Уымæн æмæ национ аивад, культурæ бахъахъхъæнынæн, йæ хорздзинæдтæ йын адæммæ рахæссынæн, сыгъдæгзæрдæйæ дзы пайда кæнынæн цы паддзахадон механизмтæ ис, уыдон нывыл нæ кусынц.

Цы хæзнатæ нæм ис аивады дæр æмæ культурæйы дæр, уыдон бахъахъхъæнын æрмæст сфæлдыстадон кусджытæ æмæ паддзахады хæс нæу. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ саразын хъæуы ахæм уавæртæ, цæмæй республикæйы алы цæрæг дæр æмбара, цы диссаджы аивадон æмæ культурон бынтæ ныууадзæг адæмы минæвар у, уый æмæ йæ хæсыл нымайа, цы нæм ис, уый бахъахъхъæнын. Уый у мæ зондахаст, уый ис мæ зæрдæйы, уыцы хъуыддагыл архайдтон æдзухдæр æмæ йыл архайдзынæн дарддæр дæр. Мæ ног бынаты тыххæй та уый зæгъдзынæн, æмæ мæ хъуыдыйы кæрон дæр никуы уыд министр суæвын, бæлгæ дæр æм никуы кодтон. Мæ бæллиц æдзухдæр уыд национ культурæйæн зынгæ æххуыс бакæнын, зынгæ пайда йын æрхæссын. Уымæ гæсгæ мæм ацы бынат кæсы стыр бæрнон бынат, республикæйы аивад æмæ культурæйы размæ цы хæстæ лæууы, уыдон æххæст кæнынæн мын хорз гæнæнтæ фæуыдзæн.

Зонын æй, æнцон нæ уыдзæн, фæлæ мæ стыр ныфс ис, мæ алыварс цы адæм æрбамбырд, уыдонæй. Ирон культурæйы номдзыддæр адæймæгтæ зæрдæхæларæй, арфæтимæ, уарзонæй дæ алыварс куы ‘рбамбырд уой, уæд адæймаг ныфсджындæр кæны, йæ куыст та — рогдæр.

Нæ куысты сæйрагдæртыл нымайæм ирон национ культурæ, музыкæ, кæфтытæ, театр, традицион ирон аивад. Уыдон сты нæ хæзнатæ. Кæд дунейы искæцы адæммæ цымыдис æвзæрын кæнæм, уæд æрмæстдæр уыдонæй, иннæты хуызæн кæй не сты, уымæй.

Дыккаджы та, аивад æмæ культурæйы уыцы къабазы бæрзонд академион æмвæзадмæ сисын. Æнæ уыцы æмвæзадæй нæ рæзы национ аивад. Цыфæнды курдиатджын адæймаг дæр йæ дæсныйадыл бæрзонд ахуыры сусæгдзинæдтæ куы нæ базона, уæд йæ курдиат кæронмæ нæ райхæлдзæн, бамынæг уыдзæн æмæ ницы пайда æрхæсдзæн йæ адæмæн.

— Цæмæй æппæт уыдæттæ къухы бафтой, уый тыххæй Культурæйы министрады нырмæ дæр истытæ арæзт цыдаид?

— Хорз æвæрд нæм у нывкæнынадыл ахуыры хъуыддаг. Суанг сывæллæтты рæвдауæндæттæй райдай æмæ уæлдæр скъолайы ахуыры онг хорз æмæ тынг хорз зонындзинæдтæ райсæн ис нæхи республикæйы. Фæлæ уый зæгъæн нæй, музыкæимæ йæхи чи сбаста, уыдоны тыххæй. Ам нæхимæ сæ бон у астæуккаг сæрмагонд ахуырад райсын, уый фæстæ сæ ахуыр кæнынмæ цæуын бахъæуы Санкт-Петербургмæ, Мæскуы, Ростов æмæ бæстæйы æндæр егъау горæттæм. Дунейы мидæг Уæрæсейы нывкæнынады академитæ æмæ консерваторитæн егъау кад ис. Хуымæтæджы дзы нæ ахуыр кæнынц бирæ фæсарæйнаг бæстæты минæвæрттæ. Уыдоны ахуыр кæнынмæ дæр арвитæм нæ курдиатджын фæсивæдæй бирæты. ЦИПУ-йы ис нывкæнынады хорз факультет æмæ архайдзыстæм æдзухдæр йæ уавæртæ хуыздæр кæныныл. Хъыгагæн, ацы бынатмæ ме ‘рбацыд сиу æхцайы фæрæзты цæлхдуртимæ бæстæйы дæр æмæ республикæйы дæр, фæлæ не ‘ппæт хъарутæй архайдзыстæм, нæ министрады бынтон чысыл мызд кæмæн ис, уыдонæн феххуыс кæныныл. Уымæн æмæ, зæгъæм, музыкæйы ахуыргæнджытæ æрмæст мызды тыххæй нæ кусынц, фæлæ сæ дæсныйад æмæ, цы сывæллæтты ахуыр кæнынц, уыдоны бирæ кæй уарзынц, уый тыххæй.

Культурæйы цы ахсджиаг фæзындтæ ферттивы, уыдон хъæутæй рацæуынц, уым рахъомыл вæййынц æмæ уыцы хæзнадонимæ бастдзинæдтæ фидардæр кæнын хъæуы.

— Хъæуты цы культурæйы артдзæстытæ ис, уыдон фæсивæды фæлладуадзæн бынæттæ суыдзысты?

— Мæхицæн снысан кодтон ног азы онг æппæт районты сфæлдыстадон разамонджытимæ дæр фембæлын. Цавæр лыггæнинаг фарстатæ сæм ис, уыдонимæ базонгæ уæвын. Фылдæр хатт уыцы лыггæнинаг фарстатæ баст вæййынц, районы разамынд сæм фаг цæстæнгас кæй не здахы, уыимæ. Арæх вæййы афтæ æмæ культурæйы артдзæсты разамонджытæм фаг ахуыргонддзинад нæ вæййы, нæ фæзонынц, нæ фæарæхсынц сæ куыст нывыл аразынмæ. Ахæмты та хъæуы ахуыр кæнын, методикон ахуыртæ сын аразын.

— Уæ министрады кадрты хъуыддаджы исты ивддзинæдтæ фæзындзæн?

— Фæзындзæн, уымæн æмæ министрады цалдæр адæймагæй пенсийы кары бацыдысты æмæ ацæудзысты сæ фæллад уадзынмæ. Иу-дыууæ мæймæ сæ бынæттæ бацахсдзысты æрыгон фæсивæд.

Бузныг, Мæдинæ! Ног хъарутæ, ног тыхтимæ уын бирæ бантысæд.

Редакцийæ: Зынаргъ газеткæсджытæ! Нæ рубрикæ: «Ног Хицауад: лыггæнинаг фарстатæ, нысантæ»-йы уæ зонгæ кæнæм Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы ног министртимæ. Кæд уæ уыдонæй искæй истæмæй бафæрсын фæнды, уæд нæм цыбыр рæстæгмæ æрбарвитут уæ фæрстытæ. Уыдонæн æнæмæнг хъуамæ уа æхсæнадон-социалон ахадындзинад. Лыстæг фæрстытæн дзуапп нæ агурдзыстæм.

Ныхас ныффыста КАСАТЫ Батрадз

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here